Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУЫ ӔППӔТЫ СТЫРДӔР ЛӔВАРЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ УЫДЗЫНӔ?

Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ?

Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ?

«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт... Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15).

ИСЧИ нын исты диссаджы лӕвар куы скӕна, уӕд хъуамӕ бӕрӕг уа, бузныг дзы кӕй стӕм. Уый Йесо бамбарын кодта, уыцы рӕстӕг хос кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм уӕззау низӕй дӕс нӕлгоймаджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд. Уыцы дӕсӕй иу «фӕстӕмӕ раздӕхт, Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кӕнгӕйӕ». Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты?» (Лукайы 17:12–17). Ацы хабар цӕуыл дзурӕг у? Иннӕты хорздзинад ферох кӕнын ӕнцон у.

Чырыстийы нывонд иу лӕваримӕ дӕр нӕй абарӕн. Уымӕй стырдӕр лӕвар никуы ничи скодта. Уӕдӕ Хуыцауы лӕвары тыххӕй хъуамӕ бузныг ма уай?

  • Лӕвар дын чи скодта, уый базон. Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты. Йесо Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Зӕгъӕм, загътой дын, гыццыл куы уыдтӕ, уӕд дӕ чидӕр мӕлӕтӕй кӕй фервӕзын кодта. Цымӕ дӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй, стӕй дӕ цӕмӕн фервӕзын кодта, уый тыххӕй фылдӕр базонын нӕ бафӕндид? Чырыстийы мах тыххӕй чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, чи у, ӕрмӕст уый ма базонай, фӕлӕ ма йӕм цӕмӕй ӕввахс дӕр кӕнай. Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).

  • Чырыстийы нывондыл ӕууӕнд. «Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй» (Иоанны 3:36). Фыртыл, ома Чырыстийы нывондыл, кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй (Иаковы 2:17). Цавӕр хъуыддӕгтӕй? Лӕвар дӕу уыдзӕн, куы йӕ райсай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уӕдӕ Чырыстийы нывонд дӕр хъуамӕ исгӕ ракӕнай. Куыд? Базон, Хуыцауы цӕсты рӕстӕй цӕрын цы нысан кӕны, уый ӕмӕ афтӕ цӕр *. Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ дӕ цӕсгом йӕ разы сыгъдӕг уа. Баввахс ӕм у, ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Чырыстийы нывонд кӕй ӕрхӕсдзӕн ӕнусон фарн, ӕдасдзинад ӕмӕ амондджын цард, чидӕриддӕр ыл ӕууӕнды, уыдонӕн! (Дзуттӕгтӕм 11:1).

  • Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацу. Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу алы аз дӕр нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый. Йесо загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзысты 2017 азы 11 апрелы, дыццӕджы, хурныгуылды фӕстӕ. Программӕ цӕудзӕн сахаты бӕрц. Уыдзӕн дзы раныхас, ӕмӕ дзы базондзынӕ, Чырыстийы мӕлӕт ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ нын уый абон цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, стӕй нын фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый. Фарон Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕнӕхъӕн дунейы ӕрбацыд иу-20 милуан адӕймаджы. Дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм, цӕмӕй ды дӕр равдисай, Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый.

^ 7 абз. Цӕмӕй Хуыцауы базонӕм ӕмӕ йӕм баввахс уӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ ахуыр кӕнӕм йӕ Ныхас Библи. Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уымӕй бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй, йе та бацу нӕ сайтмӕ.