Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорздзинад аразын у арфӕйаг хъуыддаг

Хорздзинад аразын у арфӕйаг хъуыддаг

«АВТОБУС ацӕуӕд, ацы китайаг лӕппу та ам баззайӕд!» Ацы ныхӕстӕ Александрӕ айхъуыста автобусы бадгӕйӕ. Автобус лӕууыд, Хуссар Африкӕйы иу бӕстӕйӕ иннӕ бӕстӕйы ’хсӕн цы арӕн ис, уым. Александрӕ автобусӕй рахызт, цӕмӕй базыдтаид, хабар цӕй мидӕг уыд, уый. Ӕмӕ федта, иу ӕрыгон китайаг нӕлгоймаг арӕнхъахъхъӕнӕгӕн испайнагау тыххӕйты кӕй ӕмбарын кодта, цы йыл ӕрцыд, уый. Александрӕ уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ цыд китайаг ӕмбырдмӕ, ӕмӕ сын загъта, йӕ бон сын кӕй у баххуыс кӕнын.

Нӕлгоймаг загъта, уыцы бӕстӕйы кӕй цӕры, фӕлӕ йын йе ’хцатӕ ӕмӕ йӕ документтӕ кӕй адавтой. Арӕнхъахъхъӕнӕджы йӕ ныхӕстӕ фыццаг нӕ бауырныдтой, стӕй ма йӕм афтӕ дӕр фӕкаст, ӕмӕ Александрӕ, адӕмы чи давы, уыдонимӕ баст у. Ӕппынфӕстаг нӕлгоймагыл баууӕндыд, фӕлӕ хъуамӕ ивар бафыстаид, документтӕ йӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Ӕхца йӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын Александрӕ 20 доллӕры ӕфстау радта. Нӕлгоймаг дзы, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ фӕбузныг ӕмӕ йын загъта, фӕстӕмӕ йын сӕ фылдӕрӕй кӕй ратдзӕн. Александрӕ йын бамбарын кодта, уый тыххӕй йын кӕй нӕ баххуыс кодта, стӕй, хорз хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый йӕхицӕн дӕр ӕхсызгон кӕй у. Уый фӕстӕ йын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ радта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид.

Чидӕр ӕнӕзонгӕ адӕймагӕн кӕй баххуыс кодта, ахӕм хабӕрттӕ фехъусын ӕхсызгон вӕййы. Иннӕтӕн хорздзинад аразынц алыхуызон диныл хӕст адӕм дӕр ӕмӕ, Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдон дӕр. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уыдоны хуызӕн иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кӕнай? Уый ахъуыдыйаг фарста у, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ацы фарста цымыдисаг у наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ахуыргӕндтӕ раиртӕстой, адӕймаг иннӕтӕн хорздзинад куы араза, уӕд уый йӕхицӕн дӕр хорз кӕй уыдзӕн. Базонӕм, куыд.

ЗӔРДИАГӔЙ ЧИ ДӔТТЫ, УЫЙ

Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй рӕдау адӕймаг вӕййы амондджын. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Павел дзырдта, ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн рӕдауӕй чи ӕххуыс кодта, уыцы чырыстӕтты тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 8:4; 9:7). Павел загъта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ амондджын уый тыххӕй кӕй уыдысты, ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кодтой.

Иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг искӕмӕн куы феххуыс кӕны, уӕд «йӕ сӕры магъзы тынгдӕр кусын райдайынц, циндзинадимӕ, адӕмимӕ нын цы ахастытӕ ис, уыдонимӕ ӕмӕ иннӕтыл ӕууӕндынимӕ баст чи сты, уыцы хӕйттӕ, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй сӕвзӕры ӕхсызгон ӕнкъарӕнтӕ».

Мыййаг искуы дӕ уавӕртӕ афтӕ къуындӕг уыдысты, ӕмӕ иннӕтӕн, куыд дӕ фӕндыд, афтӕ баххуыс кӕнын дӕ бон нӕ уыд? Алкӕмӕндӕр йӕ бон у йӕхиуыл бавзарын, «рӕдауӕй чи дӕтты», уый цы циндзинад банкъары, уый. Лӕвар зынаргъ у ӕви нӕ, сӕйрагдӕр уый нӕу, фӕлӕ йӕ цы зӕрдӕйӕ кӕныс, уый. Ацы брошюрӕ чи уадзы, уыдонмӕ иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн арвыста мысайнаг ахӕм писмоимӕ: «Бирӕ азты дӕргъы Паддзахады залы мысайнӕгты асыччы мӕ бон бирӕ ӕхца ӕппарын нӕ уыд». Дарддӕр та ныффыста: «Йегъовӕ-иу мын фӕстӕмӕ радта, цы-иу лӕвӕрдтон, уымӕй бирӕ фылдӕр... Бузныг уын, мӕнӕн дӕр ахӕм лӕвар кӕныны фадат кӕй ис. Уый мын тынг ӕхсызгон у».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕн нӕ бон ӕрмӕст ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын нӕу. Ис ма бирӕ ӕндӕр фадӕттӕ дӕр.

РӔДАУДЗИНАД ХУЫЗДӔРЫРДӔМ ФӔЗЫНЫ ӔНӔНИЗДЗИНАДЫЛ

Рӕдаудзинад нӕхи ӕмӕ иннӕты пайдайӕн у

Библийы фыст ис: «Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны, ӕгъатыр адӕймаг та йӕхицӕн знаг у» (Ӕмбисӕндтӕ 11:17). Иннӕты чи уарзы, уыдон вӕййынц рӕдау, иннӕты тыххӕй нӕдӕр сӕ рӕстӕгыл фӕауӕрдынц, нӕдӕр сӕ тыхтыл, иннӕтӕн баххуыс кӕныныл фӕстӕ нӕ фӕкӕнынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Афтӕ кӕй кӕнынц, уый сӕхицӕн дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕны, зӕгъӕм, рӕдау кӕй сты, уый фӕрцы се ’нӕниздзинад дӕр хуыздӕр вӕййы.

Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, иннӕтӕн зӕрдиагӕй чи ӕххуыс кӕны, уыдон къаддӕр рынчын кӕнынц, стӕй сӕхимӕ нӕ ныхъхъусынц. Цыбырдзырдӕй, се ’нӕниздзинад хуыздӕр вӕййы. Уӕззау низӕй, зӕгъӕм, нервыты низӕй (рассеянный склероз) кӕнӕ ВИЧ-ӕй рынчын адӕмӕй кӕмӕндӕрты сӕ рӕдаудзинады фӕрцы се ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр вӕййы. Сбӕрӕг ма кодтой, йӕ нозт чи ныууагъта, уыдон иннӕтӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд сӕхимӕ кӕй нӕ ныхъхъусынц ӕмӕ сын нозтмӕ сӕхи уромын дӕр ӕнцондӕр кӕй вӕййы.

Афтӕ цӕмӕн у, уый тыххӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, «адӕймаг тӕригъӕдгӕнаг, рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр хъуыдытӕн къаддӕр бынат вӕййы». Рӕдау адӕймаг тынг нӕ фӕмӕт кӕны ӕмӕ йӕ туджы ӕлхъывдад дӕр ныллӕгдӕр вӕййы. Йӕ цардӕмбал кӕмӕн фӕхъуыд, уыдон дӕр иннӕтӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд сӕ зӕрдӕйы хъӕдгом тагъддӕр байгас вӕййы.

Уӕдӕ дызӕрдыггаг нӕу, рӕдаудзинад нӕхи пайдайӕн кӕй у.

РӔДАУДЗИНАД РӔДАУДЗИНАДМӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. Уӕ роны уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Лукайы 6:38). Иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд уӕ бузныг уыдзысты ӕмӕ уын, чи зоны, уӕ рӕдаудзинад дӕр бафӕзмой. Рӕдаудзинады фӕрцы адӕмӕн кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ хӕларӕй цӕрын ӕнцондӕр вӕййы.

Рӕдаудзинады фӕрцы адӕмӕн кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ хӕларӕй цӕрын ӕнцондӕр вӕййы

Адӕмӕн кӕрӕдзиимӕ цӕрынӕн цы ӕххуыс кӕны, уыцы фарста иртасджытӕ бафиппайдтой, «йӕ уды хардзӕй ӕдзух иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнды афтӕ кӕнын». Ӕцӕгдӕр, «чидӕр кӕмӕндӕр диссаджы хорздзинад кӕй сарӕзта, ахӕм хабӕртты тыххӕй адӕм ӕрмӕст кӕсгӕ куы бакӕнынц, уӕд сыл уый дӕр фӕзыны ӕмӕ рӕдаудӕр свӕййынц». Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй «алы адӕймагыл дӕр интернеты ӕндавынц дӕсгай кӕнӕ суанг мингай адӕймӕгтӕ, афтӕмӕй дзы кӕцыдӕрты зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕны ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодта». Ӕндӕр ныхӕстӕй, иу адӕймаг хорз хъуыддаг куы саразы, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр бафӕзмой. Нӕ дӕ фӕндид, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕрын? Адӕмӕн сӕ фылдӕр рӕдау куы уой, уӕд уый стыр пайда уыдзӕн алкӕмӕн дӕр.

Уый афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг у, Флоридӕйы (АИШ) цы хабар ӕрцыд, уымӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕххуыс кодтой, тыхдымгӕ зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн. Се ’мчырыстоны хӕдзар бацалцӕг кӕнынӕн сын ӕрмӕг кӕд ӕрбаласдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, федтой, йӕ сыхӕгтӕн сӕ забор кӕй афӕлдӕхт, ӕмӕ сын загътой, мах уын ӕй ацараздзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр уыцы сыхаг ныффыста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ: «Сӕ хорздзинад мӕ никуы ферох уыдзӕн. Уыдоны хуызӕн хорз адӕм мӕ царды бирӕ нӕ федтон». Тынг бузныг сӕ кӕй фӕци, уымӕ гӕсгӕ стыр мысайнаг радта, цӕмӕй сӕ бахардз кодтаиккой, куыд загъта, афтӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы диссаджы куыст кӕнынц, ууыл.

ӔППӔТЫ РӔДАУДӔР ЧИ У, УЫЙ ФӔЗМУТ

Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй «ӕвӕццӕгӕн, адӕймагӕн йӕ туджы ис иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын». Зӕгъынц, зӕгъгӕ, «сывӕллоны иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын фӕфӕнды, дзурын дӕр куы нӕма базоны, суанг уӕд дӕр». Цӕмӕн? Уымӕн дзуапп ис Библийы: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ». Ома адӕймагмӕ дӕр ис, Хуыцаумӕ чи ис, уыцы миниуджытӕ (Райдиан 1:27).

Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ цы бирӕ диссаджы миниуджытӕ ис, уыдонӕй иу у рӕдаудзинад. Уый нын радта цард, стӕй алцыдӕр, цӕмӕй амондджынӕй цӕрӕм (Хъуыддӕгтӕ 14:17; 17:26–28). Нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй, стӕй йын йӕ фӕндоны тыххӕй базондзыстӕм, йӕ Ныхас Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд. Уыцы чиныгӕй ма базонӕн ис, Хуыцау ууыл кӕй батыхст, цӕмӕй фидӕны амондджынӕй цӕрӕм (1 Иоанны 4:9, 10). Рӕдаудзинад Йегъовӕйӕ цӕуы ӕмӕ нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ дӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, рӕдау куы уай, ома Хуыцауы куы фӕзмай, уӕд уый дӕхицӕн пайда кӕй уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх кӕй ссардзынӕ (Дзуттӕгтӕм 13:16).

Ацы статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы Александрӕйы хабар ма хъуыды кӕныс? Цымӕ цӕуыл ахицӕн? Автобусы йемӕ чи цыд, уый йын загъта, йе ’хца кӕй нал фендзӕн. Фӕлӕ, Александрӕ кӕмӕн баххуыс кодта, уыцы нӕлгоймаг йе ’мбӕлттӕм фӕдзырдта, автобус уый фӕстӕ кӕм хъуамӕ ӕрлӕууыдаид, уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ йын йӕ 20 доллӕры фӕстӕмӕ радта. Уымӕй уӕлдай ма уыцы нӕлгоймаг Александрӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдта. Ӕмӕ куыд тынг бацин кодта Александрӕ, ӕртӕ мӕйы фӕстӕ йыл, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Перуйы китайаг ӕвзагыл цы конгресс уыд, уым куы фембӕлд, уӕд! Нӕлгоймаг дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ йӕ йе ’мбӕлттимӕ йӕ ресторанмӕ фӕхуыдта.

Адӕймаг иннӕтӕн хорздзинад куы фӕаразы ӕмӕ сын куы феххуыс кӕны, уӕд тынг фӕцин кӕны. Ноджы тынгдӕр та фӕцин кӕны, иннӕтӕн Йегъовӕ Хуыцауы – алы хорздзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы хуыздӕр базонынӕн куы баххуыс кӕны, уӕд (Иаковы 1:17). Ды дӕр цин кӕныс, дӕ рӕдаудзинады тыххӕй цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ, уыдоныл?