2 Коринфӕгтӕм 9:1—15

9  Сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны+ тыххӕй та мӕ сымахмӕ фыссын дӕр нӕ хъӕуы,  уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, алкӕддӕр цӕттӕ кӕй стут. Ӕмӕ уый тыххӕй феппӕлын Македонийы чырыстӕттӕн, зӕгъгӕ, Ахайы ныр афӕдзы дӕргъы дӕр цӕттӕ сты+. Гъемӕ, афтӕ зынгзӕрдӕ кӕй стут, уый уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕры базмӕлын кодта.  Фӕлӕ уӕм уӕддӕр ӕфсымӕрты ӕрвитын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ уӕ ацы хъуыддаджы дзӕгъӕлы ӕппӕлыдыстӕм, фӕлӕ цӕмӕй ӕцӕгдӕр цӕттӕ уат+, куыд дзырдтон, афтӕ.  Науӕд Македонийӕ ӕфсымӕртӕ мемӕ куы ’рцӕуой ӕмӕ уӕ цӕттӕйӕ куы нӕ ӕрӕййафой, уӕд сымах дӕр фӕхудинаг уыдзыстут ӕмӕ мах дӕр, афтӕ ныфсджын уӕ кӕй уыдыстӕм, уый тыххӕй.  Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг хъуыддагыл банымадтон ӕфсымӕртӕн ныффӕдзӕхсын, цӕмӕй уӕм раздӕр ӕрцӕуой ӕмӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтат+, уӕ уыцы рӕдау лӕвар рагацау ӕрцӕттӕ кӕной. Ӕмӕ уӕд не ’рцыдмӕ уыцы лӕвар цӕттӕ уыдзӕн ӕмӕ афтӕ нӕ рауайдзӕн, цыма уын ӕй тыххӕй байстам, фӕлӕ ӕцӕгдӕр уыдзӕн рӕдау лӕвар+.  Уый тыххӕй уын афтӕ зӕгъдзынӕн: чъынды+ тауӕгӕн йӕ тыллӕг дӕр уыдзӕн гыццыл, рӕдау+ тауӕг та сисдзӕн стыр тыллӕг.  Уӕдӕ алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн* куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй+ кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый+ уарзы.  Стӕй Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ йе стыр хорзӕх ӕгасӕй дӕр сымахмӕ сараза ӕмӕ уӕ схъӕздыг кӕна, цӕмӕй цух макуы мацӕмӕй уат ӕмӕ уӕ алы хорз хъуыддаг+ аразынӕн цы хъӕуы, уый уӕм уӕлдайджынтӕй уа.  Фыст дӕр афтӕ у: «Уый дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕххуыс кӕны мӕгуыртӕн, йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм»+. 10  Тауӕгӕн тауинаг парахатӕй чи дӕтты, ӕмӕ адӕмӕн та хӕрынӕн – дзул+, уый сымахӕн дӕр ратдзӕн тауинаг, цӕмӕй тауат, ӕмӕ уын ратдзӕн бирӕ, ӕмӕ уын уӕ рӕстдзинады тыллӕг фылдӕр кӕндзӕн+. 11  Хуыцау уын алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕны, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр рӕдауӕй дӕттат. Ӕмӕ нӕ фыдӕбоны фӕрцы ахӕм рӕдаудзинады тыххӕй адӕм Хуыцауӕн арфӕ кӕнынц+, 12  уымӕн ӕмӕ уӕ лӕггады фӕрцы сыгъдӕджытӕ+ дӕр парахатӕй райсдзысты, цы хъуаг сты, уый, ӕмӕ ма уыцы лӕггады фӕрцы бирӕтӕ Хуыцауӕн дӕр тынг арфӕ кӕндзысты. 13  Ацы лӕггад ӕвдисы, цавӕр адӕм стут, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдон Хуыцауы кадджын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сымах ӕргом ӕвдисут, Чырыстийы тыххӕй хорз хабарӕн коммӕгӕс кӕй стут, уый+, стӕй уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр рӕдауӕй ӕххуыс кӕнут+. 14  Гъемӕ сымах тыххӕй Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц ӕмӕ сӕ тынг фӕнды уӕ фенын, Хуыцау уын йӕ диссаджы стыр хорзӕхӕй+ афтӕ кӕй бахай кодта, уый тыххӕй. 15  Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ зӕрдӕйы».