Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ

Фылдӕр базон не ’мбырдты тыххӕй. Ссар, кӕм цӕрыс, уым дӕм хӕстӕгдӕр чи у, уыцы ӕмбырд.

Хӕстӕгдӕр дӕм чи у, уый ссар (opens new window)

Не ’мбырдтӕ куыд фӕцӕуынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ къуыри дыууӕ хатты иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй Хуыцауӕн кувой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Уыцы фембӕлдтӕм йӕ бон ӕрбацӕуын у, кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдонӕн. Уым фӕахуыр кӕнӕм Библи ӕмӕ фӕныхас кӕнӕм, цы дзы базонӕм, уымӕй царды куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый.

Фембӕлдтӕн сӕ фылдӕр афтӕ конд сты, ӕмӕ дзы фӕдӕттӕм дзуаппытӕ, ӕнӕуи скъолайы куыд вӕййы, афтӕ. Дзуапп раттын йӕ бон у, кӕй фӕнды, уымӕн. Алы фембӕлд дӕр райдайы ӕмӕ фӕвӕййы зарӕгӕй ӕмӕ куывдӕй.

Цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай. Мах алкӕйдӕр хонӕм. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы.