Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас у?

Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас иннӕ чингуытӕй хъуамӕ хицӕн кӕна, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Библи ратӕлмац кодтой сӕдӕгай ӕвзӕгтӕм, йӕ тираж та у цалдӕр миллиарды. Йӕ уынаффӕтӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ адӕмы цард хуыздӕрырдӕм аивынц. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; 2 Тимофеймӕ 3:16.)

Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый уымӕй зонӕм, ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый алы хатт дӕр сӕххӕст вӕййы. Адӕмӕй та никӕй бон у рагацау фидӕны хабӕрттӕ зонын. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм Исайы чиныг. Исайы чиныджы къопи ссардтой лӕгӕты Мард денджызмӕ хӕстӕг. Фыст ӕрцыд Чырыстийы райгуырдӕй иу-сӕдӕ азы раздӕр. Уым дзырд цӕуы, горӕт Вавилоны цӕрӕг кӕй нал баззайдзӕн, ууыл. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад, Чырысти зӕххыл куы уыд ӕмӕ хорз хабар куы хъусын кодта, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. (Бакӕс Исайы 13:19, 20; 2 Петры 1:20, 21.)

Библи куыд фыстой?

Библи фыстой иу-1 600 азы дӕргъы 40 адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ дзы иу хъуыды иннӕйы ныхмӕ нӕу, цыма йӕ иу адӕймаг фыста, афтӕ. Уымӕн гӕнӕн уыд, разамынд сын Хуыцау кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы. (Бакӕс 2 Самуилы 23:2.)

Библи чи фыста, уыдонимӕ-иу Хуыцау хатт дзырдта цӕстылуайӕнты, фынты ӕмӕ зӕдты уылты. Арӕхдӕр-иу Хуыцау адӕймаджы зонды цавӕрдӕр хъуыды сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу, Хуыцау цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый йӕхи ныхӕстӕй ныффыстаид. (Бакӕс Раргомад 1:1; 21:3–5.)