Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Рагзаманты кӕмӕй пайда кодтой, уыцы алой цы уыд?

Алой кодтой агарбӕласы хъӕдӕй

Библийы фыст ис, адӕм алойӕ кӕй пайда кодтой, цӕмӕй сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ хуыссӕнтӕ хорз тӕф кодтаиккой (Псалом 45:8; Ӕмбисӕндтӕ 7:17; Соломоны зарӕг 4:14). Библийы цы алойы кой ис, уый, ӕвӕццӕгӕн, кодтой агарбӕласӕй (бӕласы мыггаг Aquilaria). Уыцы бӕласы хъӕд куы фембийы, уӕд дзы рахъары хӕрздӕф сой ӕмӕ чъиу. Хъӕд-иу ӕрыссадтой, ӕмӕ-иу дзы цы ссад рауад, уый-иу уӕй кодтой. Хуыдтой йӕ «алой».

Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Израилы цатыртӕ сты, «Йегъовӕ кӕй ныссагъта, уыцы алойбӕлӕсты хуызӕн» (Нымӕцтӕ 24:5, 6). Ӕвӕццӕгӕн уый тыххӕй, ӕмӕ агар у пӕлӕхсар бӕлас, йӕ дӕргъ та вӕййы 30 метры бӕрц. Абон Израилы агарбӕлас нӕ зайы. Фӕлӕ иу чиныг куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Иорданы дӕлвӕзы – бирӕ адӕм кӕм цард ӕмӕ йӕ зӕхх хъӕздыг кӕмӕн уыд, уыцы бӕстӕйы – зади агарбӕлас дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр бӕлӕстӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы бӕлӕстӕ уыцы бынаты нӕ зыдтой (A Dictionary of the Bible).

Иерусалимы кувӕндоны цавӕр нывӕндтӕ хъуамӕ хастаиккой?

Иерусалимы кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы ӕлыгӕй конд мыхуыр, цӕуы йыл 2 мин азӕй фылдӕр

Хуыцауы Закъоны фыст уыд, кувӕндоны-иу цы нывӕндтӕ хастой, уыдон-иу фосӕн сӕ хуыздӕртӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сахъат нывӕндтӕ нӕ иста (Рацыд 23:19; Левит 22:21–24). Н. э. фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг фыссӕг Филон куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу сауджынтӕ фосмӕ «сӕрӕй къӕхты онг» лӕмбынӕг ӕркастысты, цӕмӕй-иу сбӕлвырд кодтаиккой, хорз кӕй сты ӕмӕ сӕм кӕй «ницы хъӕндзинад ис».

Ахуыргонд Э. П. Сандерс куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу, ӕвӕццӕгӕн, кувӕндоны кусджытӕ, «ӕууӕнк кӕуыл уыд, уыцы уӕйгӕнджытӕн бар радтой, цӕмӕй-иу уӕй кодтаиккой, сауджынтӕ-иу рагацау кӕмӕ ӕркастысты ӕмӕ-иу нывондӕн ӕрхӕссынӕн чи бӕззыд, ахӕм фос ӕмӕ мӕргътӕ. Уӕйгӕнӕг-иу ӕлхӕнӕгӕн хъуамӕ радтаид, нывондмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕй, уый чи бӕлвырд кодта, ахӕм гӕххӕтт».

2011 азы археологтӕ кувӕндонмӕ хӕстӕг ссардтой ӕлыгӕй конд мыхуыр, уыд лыстӕг ӕхцайы йас (н. э. размӕ 1 ӕнус – н. э. 70 аз). Цы дыууӕ арамейаг дзырды йыл ис фыст, уыдон нысан кӕнынц «Хуыцауӕн сты сыгъдӕг». Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу нывондӕн хойрагӕй ӕмӕ цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр хастой, уыдӕттимӕ-иу кувӕндоны кусджытӕ лӕвӕрдтой гӕххӕттытӕ мыхуырӕвӕрдимӕ.