Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Дуне чи аивта, уыцы хӕст

Дуне чи аивта, уыцы хӕст

Сӕдӕ азы размӕ милуангай ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъарм къонатӕ ныууагътой ӕмӕ хӕстмӕ ацыдысты. Иууылдӕр сӕ фыдыбӕстӕйы тыххӕй амӕлыныл дӕр разы уыдысты, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр тохы быдыртӕм бырстой. «Хӕстмӕ ахӕм хъӕлдзӕг зӕрдӕимӕ цӕуын, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй... Мӕхи амондджын хонын ӕмӕ тынг цин кӕнын»,– загъта, 1914 азы барвӕндонӕй хӕстмӕ чи ацыд, иу ахӕм америкаг ӕфсӕддон.

Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фыдӕнхъӕл фесты. Ничи ахъуыды кодтаид, ӕмӕ уыцы стыр ӕфсӕдтӕ уыйбӕрц рӕстӕг Бельги ӕмӕ Францийы «ныссӕдздзысты». Фӕстӕдӕр уыцы хӕст бирӕтӕ хуыдтой «Стыр хӕст». Абон та йӕ хонӕм Фыццаг дунеон хӕст.

Уыцы хӕст цы зиантӕ ӕрхаста, уымӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр стыр уыд. Иуӕй-иутӕ куыд банымадтой, афтӕмӕй дзы фӕмард иу-10 милуан адӕймаджы, сахъатӕй чи баззад, уыдон та уыдысты иу-20 милуаны. Афтӕ ма уымӕн рауад, ӕмӕ хицӕуттӕ рагацау бирӕ цӕуылдӕрты нӕ ахъуыды кодтой. Адӕмтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ систы, ӕмӕ уый стыр быцӕу расайдта, хицауӕдтӕн та уый сӕ бон бауромын не сси. Уымӕй ахсджиагдӕр та, ӕвӕццӕгӕн, уый у, ӕмӕ «Стыр хӕст» йӕ фӕстӕ ахӕм арф фӕд ныууагъта, дуне афтӕ тынг аивта, ӕмӕ ма суанг абоны онг дӕр адӕмы цардыл зыны.

СӔ РӔДЫДТЫТЫ ТЫХХӔЙ СЫЛ ӔУУӔНК НАЛ УЫД

Фыццаг дунеон хӕст райдыдта, чидӕртӕ раст уынаффӕтӕ кӕй нӕ рахастой, уый аххосӕй. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Европӕйы бӕстӕты разамонджытӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтой, куырмӕджы кӕй рахастой, уыцы уынаффӕтӕ цы стыр бӕллӕхтӕ расайдзысты, уый (The Fall of the Dynasties​—The Collapse of the Old Order 1905-1922).

Австрийы эрцгерцогы мӕлӕт цалдӕр къуыримӕ Европӕйы тыхджындӕр паддзахӕдтӕ ӕддӕг-мидӕг ауайын кодта, ӕмӕ сӕ хъӕугӕ дӕр чи нӕ кодта, уыцы хӕсты цӕхӕры бахаудысты. Хӕсты райдианӕй цалдӕр боны куы рацыд, уӕд Германийы канцлеры бафарстой, афтӕ куыд рауад, зӕгъгӕ. «Ехх, афтӕ кӕй рауайдзӕн, уый исчи куы зыдтаид»,– сагъӕсхуызӕй дзуапп радта канцлер.

Хӕст цы хицӕутты уынаффӕты аххосӕй райдыдта, уыдон ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдысты, сӕ уынаффӕтӕ ахӕм ӕвирхъау бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕндзысты. Фӕлӕ акъоппыты чи бадт, уыцы ӕфсӕддонтӕ уайтагъд алцыдӕр бамбӕрстой. Бамбӕрстой, сӕ бӕстӕты разамонджытӕ сӕ ныхасӕн хицау кӕй нӕ разындысты, сӕ сауджынтӕ сӕ кӕй фӕсайдтой ӕмӕ сыл сӕ инӕлартӕ гадзрахатӕй кӕй рацыдысты. Цӕмӕ гӕсгӕ скодтой ахӕм хатдзӕг?

Сӕ бӕстӕты разамонджытӕ сӕ ныхасӕн хицау нӕ разындысты, сӕ сауджынтӕ сӕ фӕсайдтой, сӕ инӕлартӕ сыл гадзрахатӕй рацыдысты

Бӕстӕты разамонджытӕ адӕмӕн зӕрдӕ ’вӕрдтой, хӕсты фӕрцы ног ӕмӕ хуыздӕр цардмӕ кӕй бакъахдзӕф кӕндзысты. Германийы канцлер загъта, сӕ тохы сӕр ууыл кӕй у, цӕмӕй сӕ бон уа сабыр уавӕрты фыдӕбон кӕнын, сӕ кадджын фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын. Америкӕйы президент Вудро Вильсон баххуыс кодта, адӕмы зӕрдӕты ныфс бауадзыны тыххӕй арӕх кӕмӕй пайда кодтой, уыцы лозунг ӕрхъуыды кӕнынӕн, зӕгъгӕ, ацы хӕст уый тыххӕй у, «цӕмӕй дунейы демократи уа». Великобританийы та адӕмы уырныдта, уыцы «хӕст ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон [кӕй] скӕндзӕн». Фӕлӕ иууылдӕр рӕдыдысты.

Сауджынтӕ хӕстӕн ахъаз кодтой. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыдон адӕмӕн Библи нӕ амыдтой, фӕлӕ сӕ разӕнгард кодтой хӕстмӕ цӕуынмӕ. Стӕй ма дзы фыссынц, хӕст адӕмы кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ цы скодта, ӕндӕр ницы, зӕгъгӕ (The Columbia History of the World). Дины разамонджытӕ хӕсты цӕхӕр ахуыссын кӕныныл нӕ архайдтой, фӕлӕ йӕ ноджы тынгдӕр цырен кодтой. Ӕндӕр чиныджы та ис ахӕм хъуыды, ӕмӕ сауджынтӕн сӕ фылдӕр чырыстон дин ӕрӕвӕрдтой патриотизмы ӕмрӕнхъ, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн – цыфӕнды чырыстон диныл хӕст ма уыдаиккой – дзырдтой, цӕмӕй сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы номыл сӕ кӕрӕдзи мардтаиккой (A History of Christianity).

Инӕлартӕ ӕфсӕддонтӕн зӕрдӕ ’вӕрдтой, знӕгтыл цыбыр рӕстӕгмӕ ӕмӕ ӕнцонтӕй кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, фӕлӕ сын ницы рауад. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ тохгӕнӕг ӕфсӕдтӕ къӕппӕджы бахауӕгау фесты – дарддӕр куыд кодтаиккой, уымӕн ницы зыдтой. Милуангай ӕфсӕддонтӕ цы бавзӕрстой, уый тыххӕй иу историк загъта, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый уыд ӕппӕты ӕгъатырдӕр ӕмӕ стырдӕр фӕлварӕн адӕймаджы буарӕн ӕмӕ удыхъӕдӕн. Кӕд-иу тохы рӕстӕджыты дуне ӕфсӕддонтӕ фӕмард, уӕддӕр-иу инӕлартӕ сӕ адӕмы тардтой сындзджын телтӕм ӕмӕ пулемётты нӕмгуыты ныхмӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, алы рӕтты дӕр змӕстытӕ кӕй цыд.

Фыццаг дунеон хӕст адӕмыл куыд фӕзынд? Иу чиныджы ӕрхастой, хӕсты чи уыд, ахӕм нӕлгоймаджы ныхӕстӕ: «Хӕст... адӕмӕн сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ удыхъӕд аивта». Хӕсты аххосӕй фесӕфтысты ӕнӕхъӕн паддзахӕдтӕ. Уыцы ӕгъатыр хӕстӕй райдыдта адӕмы историйы ӕппӕты ӕвирхъаудӕр ӕнус. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм бынат нал уыд, революцитӕ ӕмӕ змӕстытӕ кӕм нӕ цыд.

Уыцы хӕст дуне афтӕ тынг цӕмӕн ивта? Цымӕ, ӕцӕгдӕр, ӕнӕуи стыр бӕллӕх йеддӕмӕ ницы уыд? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нын цымӕ уый нӕ фидӕны тыххӕй исты раргом кӕндзӕн?