2 Самуилы 23:1—39

23  Адон сты Давиды фӕстаг ныхӕстӕ+:«Йессейы+ фырт Давиды ныхӕстӕ,Бӕрзонд ӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы адӕймаджы+,Иаковы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕджы+,Израилы кӕй тыххӕй зарынц+, уый ныхӕстӕ*.   Йегъовӕйы тых* дзырдта мӕн уылты+,Ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл+.   Израилы Хуыцау дзырдта,Израилы Къӕдзӕх мын загъта+:„Адӕмӕн сӕ хицау рӕстгӕнӕг+ куы уа,Хуыцауӕй куы тӕрса+ ӕмӕ сын разамынд афтӕмӕй куы дӕтта,   Уӕд уый у, райсомӕй хуры рухс куыд ӕрбакӕсы, уый хуызӕн+,Райдзаст райсомы хуызӕн.Хуры рухс ӕмӕ къӕвдайы фӕрцы зӕххӕй кӕрдӕг сзайы“+.   Ӕмӕ исты ахӕм нӕу мӕ хӕдзар Хуыцауы цӕсты?+Уый мемӕ скодта ӕнусон бадзырд+,Алцӕмӕй дӕр – уаг ӕмӕ ӕгъдауыл конд ӕмӕ ӕнӕивгӕ+,Уый мидӕг ис мӕ ирвӕзындзинад+ ӕмӕ ме стыр цин.Ау, ӕмӕ уӕд уыцы бадзырд куыннӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕна?+   Ӕнаккаг адӕймӕгтӕ+ та се ’ппӕт дӕр сты, кӕй аппарынц+ ӕмӕ къухӕй кӕмӕ нӕй бавналӕн,Ахӕм сындзкъутӕрты+ хуызӕн.   Чи сӕм ӕвнала,Уымӕн хъуамӕ йӕ къухы уа ӕфсӕйнаг кусӕнгарз ӕмӕ арц.Арты сӕ басудздзысты»+.  Адон сты Давиды тыхджын+ хӕстонтӕ: ахаманитаг Исбосеф+, ӕртӕйы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы иу хаттӕн амардта астсӕдӕ адӕймаджы.  Йӕ фӕстӕ цӕуы Елеазар+, Ахохийы фырт Додойы+ лӕппу. Иухатт филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй израилӕгтимӕ схӕцыдаиккой, ӕмӕ уӕд, Давид ӕмӕ йемӕ цы ӕртӕ тыхджын хӕстоны уыд, уыдон филистимӕгтӕй хынджылӕг кодтой. Елеазар уыд уыцы ӕртӕйӕ сӕ иу. Уыцы тохы израилӕгтӕ фӕстӕмӕ алӕууыдысты+. 10  Фӕлӕ Елеазар сыстад ӕмӕ филистимӕгты цӕгъдын райдыдта. Цагъта сӕ, цалынмӕ йӕ къух нӕ ныууӕззау ӕмӕ йӕ хъамайыл нӕ баныхӕст+, уӕдмӕ. Ӕмӕ сын уыцы бон Йегъовӕ стыр ирвӕзындзинад радта+. Адӕм та Елеазары фӕстӕ рацыдысты ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй, кӕй ныццагъта, уыдонӕн сӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ сӕхицӕн рахастаиккой+. 11  Елеазары фӕстӕ цӕуы Шаммӕ, гарараг+ Агейы фырт. Филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Лехийы, тъӕпӕн хъӕдур+ кӕм уыди сагъд, уыцы быдыры, ӕмӕ адӕм филистимӕгтӕй лидзӕг фесты. 12  Фӕлӕ уый быдыры астӕу слӕууыд ӕмӕ быдыр бахъахъхъӕдта. Шаммӕ филистимӕгты ныццагъта, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн стыр ирвӕзындзинад радта+. 13  Хуымгӕрдӕны рӕстӕг ӕртын разамонӕгӕй+ ӕртӕйӕ ӕрцыдысты Давидмӕ Одолламы+ лӕгӕтмӕ. Филистимӕгты цатыртӕ та лӕууыдысты рефаимты дӕлвӕзы+. 14  Уӕд Давид уыди, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм ран+, филистимӕгты хъахъхъӕнджыты къорд+ та лӕууыд Вифлеемы. 15  Иуафон Давид сдойны ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уый донӕй иу хуыпп уӕддӕр акӕн!»+ 16  Уӕд уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны, филистимӕгты ӕфсад кӕм уыди, уырдӕм бабырстой, Вифлеемы кулдуары раз цы доны дзыхъхъ ис, уырдыгӕй дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрбахастой+. Фӕлӕ дзы Давид нуазын нӕ бакуымдта, Йегъовӕйы раз ӕй акалдта+. 17  Давид загъта: «Нӕ, Йегъовӕ, куыд дзы хъуамӕ бануазон!+ Йӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ чи ӕппӕрста, уыдоны туг+ бануазон?» Ӕмӕ дзы нуазын нӕ бакуымдта. Афтӕ фесгуыхтысты уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстоны. 18  Иоавы ӕфсымӕр Авессӕ+, Саруйӕйы+ фырт, уыди ӕртын адӕймаджы разамонӕг. Уый йӕ арц систа ӕмӕ дзы ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы амардта. Уыцы ӕртӕйау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст+. 19  Ӕмӕ кӕд иннӕ ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд ӕмӕ кӕд сӕ хистӕр дӕр уыди, уӕддӕр фыццаг ӕртӕйы не ’ййӕфта+. 20  Иодайы+ фырт Ванейӕ+, хъӕбатыр лӕджы фырт, Кавцеилы+ тынг фесгуыхт. Уый амардта моаваг Ариилы дыууӕ фырты. Стӕй ма, мит куы уарыд+, уыцы бон доны дзыхъмӕ ныххызт ӕмӕ дзы домбайы+ амардта. 21  Уый ма амардта ӕнахуыр стыр египетаг лӕджы дӕр+. Уыцы египетаджы къухы уыди арц, Ванейӕ та йӕ ныхмӕ рацыд хъилимӕ. Египетагӕн йӕ арц йӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ йӕхи арцӕй амардта+. 22  Афтӕ фесгуыхт Иодайы фырт Ванейӕ+. Уыцы ӕртӕ тыхджын хӕстонау уымӕн дӕр йӕ кад айхъуыст+. 23  Кӕд ӕртын хӕстонӕй зындгонддӕр уыд, уӕддӕр уыцы ӕртӕйы не ’ййӕфта. Фӕлӕ йӕ Давид сӕвӕрдта йӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй+. 24  Ӕртын тыхджын хӕстонӕй сӕ иу уыд Иоавы ӕфсымӕр Асаил+. Тыхджын хӕстонтӕй ма уыдысты: вифлеемаг Додойы фырт Елханан+, 25  хародаг Шаммӕ+ ӕмӕ хародаг Еликӕ, 26  палетаг Хелец+, фекойаг Иккешы+ фырт Ира+, 27  анафофаг+ Авиезер+, хушаг+ Мебуннай, 28  ахохаг+ Селмон, нетофафаг Магарай+, 29  нетофафаг Ваанӕйы фырт Хелев+, Вениамины фыртты горӕт Гивӕйӕ Рибайы фырт Иттай+, 30  пирафойнаг Ванейӕ+, Иддай – уый уыд, Гаашы+ раз цы дӕлвӕзтӕ ис, уырдыгӕй, 31  арбаттаг Ави-Албон, бархумаг Азмавеф+, 32  шаалбойнаг Елиахбӕ, Йашены фырттӕ, Ионафан+, 33  гарараг Шаммӕ, гарараг Шарары фырт Ахиам+, 34  Елифелет, маахӕйаг лӕджы фырт Ахасбайы фырт, гилойнаг Ахитофелы+ фырт Елиам, 35  кармилаг Хецрой+, арбитаг Паарай, 36  сувӕйаг Нафаны+ фырт Игал, Гады мыггагӕй Вани, 37  аммонаг Целек+ ӕмӕ беерофаг Нахарай, Саруйӕйы фырт Иоавы хӕцӕнгарзхӕсджытӕ, 38  ифриаг+ Ира, ифриаг Гареб+ 39  ӕмӕ хеттаг Ури+ – ӕдӕппӕтӕй ӕртын авд адӕймаджы.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Израилы адӕмӕн уарзон зарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ».
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.