Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библийы ахуыр дын фылдӕр циндзинад ӕмӕ пайда хӕссӕд!

Библийы ахуыр дын фылдӕр циндзинад ӕмӕ пайда хӕссӕд!

Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Библийы ахуыр фылдӕр циндзинад ӕмӕ пайда хӕсса? Цыбыртӕй ӕркӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын цавӕр ӕртӕ ахсджиаг къахдзӕфы баххуыс кӕндзысты, уыдонмӕ.

1 ХУЫЦАУМӔ-ИУ СКУВ. Фыццаг уал хъӕуы Йегъовӕмӕ скувын (Пс. 42:8). Цӕмӕн? Хуыцауы Ныхас кӕй ахуыр кӕнӕм, уый дӕр хауы нӕ лӕггадмӕ. Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын нӕ хъуыдытӕ ахуырмӕ сараза ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй бахай кӕна (Лук. 11:13). Барбарӕ бирӕ рӕстӕг лӕггад кӕны миссионерӕй ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Цалынмӕ Библи кӕсын кӕнӕ ахуыр кӕнын нӕ райдайын, уӕдмӕ алы хатт дӕр Йегъовӕмӕ скувын. Уый фӕстӕ фенкъарын, Йегъовӕ мемӕ кӕй ис ӕмӕ, цы аразын, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕнын». Ахуыры размӕ куы скувӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд бацӕттӕ кӕндзыстӕм, цӕмӕй, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕм парахатӕй цы хӕринаг ис, уый нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм.

2 АХЪУЫДЫ-ИУ КӔН. Иуӕй-иутӕн рӕстӕг кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст кӕсгӕ бакӕнынц. Фӕлӕ афтӕмӕй сӕхи цух кӕнынц, Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы пайда райсӕн ис, уымӕй. Карлос Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны 50 азӕй фылдӕр, ӕмӕ уый бамбӕрста, куыд ахсджиаг у, цы бакӕсы, ууыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй йын Библийы ахуыр фылдӕр пайда ӕрхӕсса. Карлос зӕгъы: «Ныр Библийӕ къаддӕр бакӕсын – алы бон дӕр иу-2 фарсы. Уый фӕрцы мын вӕййы фылдӕр рӕстӕг ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ дзы афтӕмӕй мӕхицӕн фылдӕр зонд райсын» (Пс. 77:12). Ахъуыды кӕнынӕн-иу рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм, уӕд-иу Хуыцауы фӕндоны тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм ӕмӕ-иу ӕй хуыздӕр бамбардзыстӕм (Кол. 1:9–11).

3 ЦАРДЫ ДЗЫ ПАЙДА КӔН. Цавӕрдӕр хъуыддаг нын хорзӕй цы ’рхӕсдзӕн, уый куы ӕмбарӕм, уӕд дзы фылдӕр пайда райсдзыстӕм. Уый зӕгъӕн ис Библи ахуыр кӕнынӕй дӕр. Библи ӕдзухдӕр чи фӕахуыр кӕны, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр, Габриел, зӕгъы: «Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый фӕрцы мын ӕнцондӕр вӕййы, мӕ царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлын, уыдоны сӕрты хизын, стӕй ма уый фӕрцы мӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Ӕз архайын, цӕмӕй, цыдӕриддӕр базонын, уымӕй мӕ царды пайда кӕнон» (Дык. з. 11:18; Йес. Н. 1:8). Хуыцау цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕн кӕрон нӕй, ӕмӕ сӕ нӕ бон у алкӕддӕр пайда кӕнын (Ӕмб. 2:1–5).

ХАТДЗӔГ. Йегъовӕ у ӕппӕт зонды суадон. Ӕмӕ нын цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдоны нӕ бон арф ныккӕсын кӕй у, уый нын цӕй стыр кад у! (Ром. 11:33). Уӕдӕ иннӕ хатт Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд уал-иу фыццаг ӕнӕмӕнгӕй Йегъовӕмӕ скув, цӕмӕй дын дӕ хъуыдытӕ ахуырмӕ сараза ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй бахай кӕна. Стӕй-иу кӕсгӕ-кӕсын ӕрлӕуу ӕмӕ-иу, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Ӕмӕ, цы базоныс, уымӕй-иу царды спайда кӕн. Ацы ӕртӕ ахсджиаг къахдзӕфы-иу куы скӕнай, уӕд дын Библийы ахуыр хӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ пайда.