Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

О, ай у ахуыргӕнӕн журнал!

О, ай у ахуыргӕнӕн журнал!

Ахуыргӕнӕн журнал куыд конд у, уый фӕивтам, цӕмӕй уӕ зӕрдӕмӕ ноджы тынгдӕр цӕуа ӕмӕ уын ноджы хуыздӕр ӕххуыс кӕна Йегъовӕйы диссаджы Ныхас, рӕстдзинад кӕм ис, уыцы Ныхас, ахуыр кӕнынӕн (Пс. 1:2; 119:97).

Цыппар азы размӕ уадзын райдыдтам «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дыууӕ хуызы. Иу дзы у парахат кӕнынӕн, иннӕ та – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй йӕ уырнындзинад кӕмӕн фӕфидар, уыцы адӕмӕн.

Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр ацы журналы тыххӕй афтӕ ныффыста: «Ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн чи у, уыцы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ фыццаг номыр куы бакастӕн, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ ахъуыды кодтон, ай диссаджы журнал у, зӕгъгӕ. Хъуыдытӕ дзы арфдӕр ӕвзӕрст цӕуынц ӕмӕ зӕрдӕйыл ӕмбӕлынц. Стыр бузныг уын ахӕм диссаджы ивындзинады тыххӕй». Ӕндӕр ӕфсымӕр та ныффыста: «Ацы журнал Библиимӕ иумӕ ахуыргӕнгӕйӕ бирӕ рӕстӕг арвитын ӕмӕ уымӕ тынг фенхъӕлмӕ кӕсын». Ныфс нӕ ис, сымах дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнут.

Куыд ӕй зонут, афтӕмӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуы 1879 азӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ уыцы стыр хъуыддаг бантыст ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ йӕ арфӕдзинады фӕрцы (Зах. 4:6). 133 азы дӕргъы журналы цъар цалдӕр хатты фӕивта. 2012 азы алы ахуыргӕнӕн журналӕн дӕр йе ’ддаг цъарыл уыдзӕн рӕсугъд ныв, ӕвдыст ыл уыдзӕн, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куыд хъусын кӕнынц, уый. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, Хуыцау нын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаг, ома йын йӕ Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнын (Хъуыд. 28:23). Дыккаг фарсыл уыдзӕн къам (ӕддаг цъарыл цы ныв ис, уый кӕцӕй конд уыдзӕн, уыцы къам) ӕмӕ ма дзы цыбыртӕй фыст уыдзӕн, къамыл цы ис, уый тыххӕй ӕмӕ, кӕм ист уыд, уый дӕр. 2012 азы дӕргъы нын уый не ’ппӕтӕн дӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, Йегъовӕйы адӕм хорз хабар «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» кӕй хъусын кӕнынц (Матф. 24:14).

Журналы ма ӕндӕр цы фӕивта? Фарстатӕ кӕм вӕййы, уыцы рамкӕ ныр уыдзӕн ахуыргӕнӕн статьяйы райдианы. Ӕмӕ статья куы кӕсат ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнат, уӕд уыцы рамкӕйы фӕрцы уӕ бон уыдзӕн сӕйраг хъуыдытӕм уӕ хъус ӕрдарын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза, уыцы ӕфсымӕртӕ дарддӕр дӕр уыцы фарстатӕй пайда кӕндзысты, цӕмӕй-иу статья куы равзарой, уӕд-иу уый фӕстӕ сӕйраг хъуыдытӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнат. Бафиппайдзыстут ма, абзацты ӕмӕ фӕрсты нымӕцтӕ ставддӕр фыст кӕй сты.

Ацы номыры куыд фыст ис, афтӕмӕй ма журналы фӕзындзӕн ног рубрикӕ, «Нӕ историйы хӕзнадонӕй», зӕгъгӕ. Дзырд-иу дзы цӕудзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыди, уый тыххӕй. Иуӕй-иу номырты-иу уыдзӕн, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты царды хабӕрттӕ, рубрикӕ хуындзӕн «Уыдон уыдысты цӕттӕ». Уым дзырд цӕудзӕн, уыцы лӕггадгӕнджытӕ цы стыр циндзинад банкъардтой ӕмӕ куыд амондджын сты, уый тыххӕй.

Уӕдӕ уын нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй, ацы журналы фӕрцы Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнат, уӕд уын уыцы рӕстӕг стыр циндзинад хӕсса!

Журналрауадзджытӕ

[Ныв 3 фарсыл]

1879

[Ныв 3 фарсыл]

1895

[Ныв 3 фарсыл]

1931

[Ныв 3 фарсыл]

1950

[Ныв 3 фарсыл]

1974

[Ныв 3 фарсыл]

2008