Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕппӕт удӕй хӕссӕм

Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕппӕт удӕй хӕссӕм

«Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ... Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ» (КОЛ. 3:23).

1–3. а) Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын нал хъӕуы? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Нывӕндты тыххӕй цавӕр фарста ӕвзӕры?

ЙЕГЪОВӔ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн бамбарын кодта, Чырыстийы нывонд кӕрон кӕй скодта Моисейы закъонӕн (Кол. 2:13, 14). Дзуттӕгтӕ сӕдӕгай азты дӕргъы Хуыцауӕн цы нывӕндтӕ хастой, уыдон йӕ цӕсты ницыуал уыдысты ӕмӕ сӕ хӕссын дӕр нал хъуыди. Закъон уыди «сывӕллонгӕсы хуызӕн ӕмӕ сӕ кодта Чырыстимӕ». Гъемӕ Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд Закъон йӕ нысан сӕххӕст кодта (Гал. 3:24).

2 Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ чырыстӕтты нывӕндтӕ хӕссын ӕппындӕр нӕ хъӕуы. Апостол Петр загъта, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ хъуамӕ «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ хӕссой, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывӕндтӕ» (1 Пет. 2:5). Апостол Павел дӕр бамбарын кодта, чырыстонӕн йӕ цард ӕгасӕй дӕр кӕй у, Хуыцауӕн кӕй ратты, ахӕм «нывонд» (Ром. 12:1).

3 Уӕдӕ чырыстӕттӕ нывӕндтӕ фӕхӕссынц, цы сӕм ис, уый Йегъовӕйӕн куы раттынц кӕнӕ Йегъовӕйы тыххӕй сӕхи истӕмӕй куы фӕцух кӕнынц, уӕд. Мах зонӕм, израилӕгтӕ цавӕр нывӕндтӕ хастой, уый. Ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны, нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ, уый базонынӕн?

НЫВӔНДТӔ ХӔССӔМ АЛЫ БОН ДӔР

4. Алы бон дӕр цы хъуыддӕгтӕ фӕкӕнӕм, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

4 Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, алы бон цы хъуыддӕгтӕ фӕаразын, уыдон куыд баст сты Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссынимӕ. Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕнын, скъоламӕ кӕнӕ куыстмӕ цӕуын, цыдӕртӕ ӕлхӕнын ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Чи зоны, искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ никуыд баст сты. Фӕлӕ кӕд дӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтай кӕнӕ уыцы къахдзӕф саразынвӕнд кӕныс, уӕд хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, уыцы хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсыс, уый ӕнӕфӕзынгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн, Хуыцау дӕ йӕ хӕларыл нымайдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Мах чырыстӕттӕ стӕм суткӕйы мидӕг 24 сахаты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Апостол Павел дӕр нӕ уымӕн фӕдзӕхсы: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ». (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:18–24.)

5, 6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, алы уавӕры дӕр нӕ уӕлӕдарӕс цавӕр хъуамӕ уа ӕмӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бон цы хъуыддӕгтӕ фӕаразӕм, уыдон нӕ лӕггадмӕ комкоммӕ нӕ хауынц. Фӕлӕ Павел афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, алцыдӕр аразут «ӕппӕт удӕй, цыма йӕ... Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ», уымӕй йӕ уый фӕндыд зӕгъын, ӕмӕ нӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын хъӕуы, нӕ цард ӕгасӕй дӕр куыд аразӕм, ууыл. Павелы ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нӕ конд ӕмӕ нӕ уындӕй, стӕй, нӕхи куыд дарӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы? Ӕви, мыййаг, афтӕ рауайы, ӕмӕ нӕ уагахаст кӕнӕ нӕ уӕлӕдарӕс, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, ахӕм нӕ вӕййы ӕмӕ уый тыххӕй, чи стӕм, уый не схъӕр кӕнӕм? Ахӕм хабар ныл макуы ӕрцӕуӕд! Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕмӕй исты саразӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауы ном фӕхудинаг кӕнӕм (Ис. 43:10; 2 Кор. 6:3, 4, 9).

6 Уӕдӕ ӕркӕсӕм, алцыдӕр нӕ «ӕппӕт удӕй» аразын куы фӕнда, уӕд уый куыд фӕзындзӕн, царды алыхуызон уавӕрты нӕхи куыд дардзыстӕм, ууыл. Ацы фарстайыл ныхас кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, раджы заманты израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн нывондӕн, ӕппӕты хуыздӕр сӕм цы уыд, уый кӕй хъуамӕ хастаиккой (Рац. 23:19).

НӔ ЦАРД ӔГАСӔЙ ДӔР У ЙЕГЪОВӔЙЫ

7. Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уый цӕуыл дзурӕг у?

7 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, уӕд дӕ цард ӕгасӕй дӕр уымӕн радтай. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ды Йегъовӕйӕн загътай, зӕгъгӕ, ныр алы хъуыддаджы дӕр фыццаг бынаты ӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндон. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:7.) Ӕмӕ уый уыд раст уынаффӕ. Дӕхицӕй йӕ зоныс, адӕймаг исты уынаффӕ хӕсгӕйӕ Йегъовӕйы фӕндон йӕ зӕрдыл куы фӕдары ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ын уый стыр пайда кӕй ӕрхӕссы (Ис. 48:17, 18). Мах стӕм сыгъдӕг ӕмӕ амондджын адӕм, уымӕн ӕмӕ фӕзмӕм нӕ Зондамонӕджы, Йегъовӕ Хуыцауы (Лев. 11:44; 1 Тим. 1:11).

8. Йегъовӕ израилӕгты нывӕндтӕ табуйагыл кӕй нымадта, уый нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

8 Йегъовӕ израилӕгты нывӕндтӕ нымадта табуйагыл (Лев. 6:25; 7:1). Дзырд «табуйаг»-ӕй, кӕнӕ «сыгъдӕг»-ӕй, цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у «хицӕнгонд, хибаргонд кӕнӕ Хуыцауӕн нывондгонд чи у, ахӕм цыдӕр кӕнӕ чидӕр». Цӕмӕй нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой, уый тыххӕй хъуамӕ ацы дунейӕ дард лӕууӕм ӕмӕ дзы нӕхи ма фӕчъизи кӕнӕм. Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый хъуамӕ ма уарзӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.) Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, Хуыцауы цӕсты чъизи чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕй кӕнӕ ахӕм адӕймӕгтӕй (Ис. 2:4; Рарг. 18:4). Стӕй ма хъуамӕ, чъизи кӕнӕ ӕнӕгъдау цы у, уыдӕттӕм ма кӕсӕм ӕмӕ сыл хъуыды дӕр ма кӕнӕм (Кол. 3:5, 6).

9. Иннӕтӕн хорздзинад цӕмӕн хъуамӕ аразӕм?

9 Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты» (Дзут. 13:16). Уӕдӕ алкӕддӕр хорз цы у, уый куы аразӕм ӕмӕ иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд уыцы хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн уыдзысты ӕхсызгон нывӕндтӕ. Стӕй иннӕты куы уарзӕм ӕмӕ сыл куы тыхсӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм (Иоан. 13:34, 35; Кол. 1:10).

НӔ ЛӔГГАДИМӔ БАСТ НЫВӔНДТӔ

10, 11. Йегъовӕ нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

10 Иннӕтӕн хорздзинад сӕйраджыдӕр фӕаразӕм, «нӕ ныфсы тыххӕй» сын куы фӕдзурӕм, уӕд. Алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕныс, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай? Павел загъта, зӕгъгӕ, хъуамӕ «Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм» (Дзут. 10:23; 13:15; Оси 14:2). Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, хъусын кӕнынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаджы нӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у, ууыл. Уымӕн нын стыр ӕххуыс сты, Хъусын кӕныны фембӕлды цы уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдон. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм уый, ӕмӕ фӕнды ӕмбырдимӕ хъусын кӕнӕм, фӕнды, фадат нын куы фӕзыны, уӕд – уый у нӕ «кады нывонд». Афтӕмӕй мах лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы нывонд хъуамӕ уа, ӕппӕты хуыздӕр нӕм цы ис, уый. Кӕд нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ уавӕртӕ алыхуызон сты, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм иу хъуыддаг: хъусын кӕнынӕн цас рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, уый баст у, нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл.

11 Мах алы къуыри дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн хӕдзары дӕр кувӕм ӕмӕ ӕмбырды дӕр. Йегъовӕ нӕ уый йӕхӕдӕг домы. Мах нӕ хъӕуы сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын, стӕй нӕ алыхуызон бӕрӕгбӕттӕм Иерусалиммӕ цӕуын дӕр нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы закъӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Зӕгъӕм, кӕд нӕ алы бон дӕр нӕхи хъуыддӕгтӕ аразын фӕхъӕуы, уӕддӕр Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй-иу мард хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм ӕмӕ-иу рӕстӕг ссарӕм Библи кӕсынӕн, кувынӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуынӕн. Чырыстон бинонты хистӕртӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ иумӕ Библи ахуыр кӕной (1 Фес. 5:17; Дзут. 10:24, 25). Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Мӕ бон цы у мӕ лӕггады фӕхуыздӕр кӕнын?»

12. а) Рагон Израилы Йегъовӕйӕн цы буд сыгътой, уыимӕ цы ис абарӕн? ӕ) Цӕмӕй нӕ куывдтытӕ Йегъовӕйӕн адджын тӕфау ӕхсызгон уой, уый тыххӕй цы хъӕуы?

12 Паддзах Давид Йегъовӕйӕн зарыд: «Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау» (Пс. 141:2). Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувын, стӕй йӕм цӕй тыххӕй фӕкувын?» Раргомады чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «сыгъдӕджыты куывдтытӕ» сты буды хуызӕн, ома Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ адджын тӕфӕй уӕлдай не сты (Рарг. 5:8). Рагон Израилы-иу Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл цы буд сыгътой, уый-иу хъуамӕ ӕрцӕттӕ кодтаиккой, куыддӕриддӕр сын бацамыдта, афтӕ. Буд хӕссынӕн цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый куы ӕххӕст кодтаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид ӕхсызгон Йегъовӕйӕн (Рац. 30:34–37; Лев. 10:1, 2). Уӕдӕ мах дӕр, Йегъовӕ нын куыд бацамыдта, афтӕ куы кувӕм, уӕд ӕй фидарӕй зондзыстӕм, нӕ куывдтытӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуынц.

ДӔТТУТ, ӔМӔ УЫН ДӔТДЗЫСТЫ

13, 14. а) Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ Епафродит Павелӕн куыд баххуыс кодтой ӕмӕ Павел уымӕ цы цӕстӕй ракаст? ӕ) Нӕ бон куыд у Филиппты цӕрӕг чырыстӕтты ӕмӕ Епафродиты фӕзмын?

13 Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ раттӕм, уыдон дӕр,– бирӕ уой ӕви гыццыл,– сты нӕ нывонд Йегъовӕйӕн (Мар. 12:41–44). Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы Филиппты ӕмбырд Епафродиты Роммӕ арвыста, цӕмӕй Павелӕн ӕхцайӕ баххуыс кодтаиккой. Филиппӕгтӕ Павелмӕ ахӕм рӕдаудзинад фыццаг хатт нӕ равдыстой. Уыдон ын ахӕм лӕвар уый тыххӕй скодтой, цӕмӕй Павел ма фӕтыхстаид ӕмӕ йын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид. Цымӕ Павел уыцы лӕвармӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы лӕвар схуыдта, «йӕ адджын тӕф кӕмӕн кӕлы, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывонд». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:15–19.) Павел тынг бузныг уыд, йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ афтӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр райгонд куыннӕ уыдаид.

14 Абон дӕр Йегъовӕ стыр аргъ кӕны, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн цы мысайнӕгтӕ дӕттӕм, уыдонӕн. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ фӕндон ын дарддӕр дӕр фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын нӕ уырнындзинадыл кӕй тыхсдзӕн, стӕй нӕ цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй дӕр цух кӕй нӕ уыдзыстӕм (Матф. 6:33; Лук. 6:38).

БУЗНЫГ КӔЙ ДӔ, УЫЙ ХЪУЫДДАГӔЙ ӔВДИС

15. Йегъовӕйӕ цавӕр хорздзинӕдты тыххӕй дӕ бузныг?

15 Йегъовӕйӕ бузныг кӕй тыххӕй хъуамӕ уӕм, уыцы хорздзинӕдтӕн банымайӕн дӕр нӕй. Алы бон дӕр ын бузныг куыннӕ хъуамӕ дзурӕм, цард нын кӕй балӕвар кодта, уый тыххӕй. Алцыдӕр нын уый фӕрцы ис – хӕринаг, уӕлӕдарӕс, кӕм цӕрӕм, уый, стӕй нӕ алы сулӕфт дӕр уый фӕрцы скӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма, Библийӕ цы базыдтам, уый фӕрцы нӕм ис уырнындзинад ӕмӕ ныфс. Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын нӕ дзыхыныхасӕй кады нывонд хӕссӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ Царддӕттӕг ӕмӕ нӕм хорздзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон нын иууылдӕр уый лӕвар сты. (Бакӕс Раргомад 4:11.)

16. Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй ӕппӕты зынаргъдӕр у Чырыстийы нывонд. Хуыцау йӕ Фырты мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый (1 Иоан. 4:10). Уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Павел афтӕ загъта: «Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм: иу адӕймаг амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:14, 15). Ацы ныхӕстӕй Павелы уый зӕгъын фӕндыди, ӕмӕ нӕм Хуыцау цы стыр хорзӕх равдыста, уымӕн кӕд ӕцӕгдӕр аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр афтӕ араздзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты кадджын кӕнӕм. Кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисдзыстӕм, йӕ коммӕ куы кӕсӕм, стӕй хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд (1 Тим. 2:3, 4; 1 Иоан. 5:3).

17, 18. Бирӕтӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын куыд райдыдтой? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Дӕ бон куыд у Хуыцауӕн хуыздӕр нывӕндтӕ хӕссын? Бирӕтӕ Йегъовӕйы хорздзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ бафӕнды сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕной ӕмӕ иннӕ чырыстон хъуыддӕгты дӕр фылдӕр архайой. Бирӕтӕ алы аз дӕр иу мӕй кӕнӕ цалдӕр мӕйы дӕр фӕлӕггад кӕнынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй, бирӕтӕ та райдайынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Чидӕртӕ та ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕстыхӕйттӕ аразынӕн. Уыдон диссаджы фадӕттӕ сты, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисынӕн. Ӕмӕ кӕд Хуыцауӕн, ӕцӕгдӕр дзы бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй лӕггад кӕнӕм, уӕд ын нӕ лӕггад уыдзӕн ӕхсызгон.

18 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг сты, ӕмӕ сӕ уый сразӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразой. Ахӕм чырыстӕттӕй сӕ иу у Моренӕ. Хуыцауы тыххӕй йӕм бирӕ фарстатӕ уыди ӕмӕ сын дзуапп агуырдта католикон дины, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыцы дины ӕгъдӕуттыл ахуыр кодтой. Стӕй скӕсӕйнаг динты ахуырӕдтӕ дӕр иртӕста. Фӕлӕ йӕ фарстатӕн рӕстмӕ дзуапп никуы ссардта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, ӕрмӕстдӕр уӕд йӕ дойны басаста. Кӕдӕй-уӕдӕй йӕ фарстатӕн се ’ппӕтӕн дӕр Библийӕ дзуапп ссардта ӕмӕ уыцы зонындзинӕдты фӕрцы сси ӕцӕг амондджын. Моренӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыди, ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн раттын. Гъемӕ донаргъуыд куы райста, уӕд ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта ӕмӕ йын уый фӕстӕ куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ сси ӕххӕстрӕстӕг пионер. Уӕдӕй абоны онг 30 азы рацыд, ӕмӕ ма ныр дӕр Моренӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны.

19. Дӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн хуыздӕр нывӕндтӕ хӕссын?

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон нӕу пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы цасфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывӕндтӕ хӕссын. Нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй хъуамӕ ӕвдисӕм, Библийы уагӕвӕрдтыл лӕмбынӕг кӕй хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уый нӕ рох кӕй нӕу. Нӕ уырнындзинады кой куы кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Нӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы та хорз хабар ноджы фылдӕр адӕм айсынц сӕ зӕрдӕмӕ. Цӕй уӕдӕ, Йегъовӕ нын хорзӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг уӕм ӕмӕ йын дарддӕр дӕр нывӕндтӕ ӕппӕт удӕй хӕссӕм.

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 25 фарсыл]

Йегъовӕ дын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый дӕ разӕнгард кӕны дӕ «кады нывонд» фӕхуыздӕр кӕнынмӕ?

[Ныв 23 фарсыл]

Хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕныс?