Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иаковы ӕмӕ Петры фыстӕджытӕй

АХУЫРГӔНИНАГ Иаков – Йесойы ӕфсымӕр – н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй иу-30 азы фӕстӕдӕр ныффыста фыстӕг уӕларвон Израилы «дыууадӕс мыггагмӕ» (Иак. 1:1). Йӕ фыстӕджы нысан уыд: баразӕнгард сӕ кӕнын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уыдаиккой ӕмӕ зындзинӕдты ма фӕцудыдтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма сын радта уынаффӕтӕ, ӕмбырды цы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ цыд, уыдон сраст кӕныны фӕдыл.

Н. э. 64 азы Ромы император Нерон чырыстӕтты ӕфхӕрын куы райдыдта, уый хӕдразмӕ апостол Петр ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг чырыстӕттӕм, ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй уырнындзинады фидар лӕууыдаиккой. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг. Уым йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы ныхасмӕ сӕ хъус дарой, ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста Йегъовӕйы боны ’рцыды тыххӕй. Уӕдӕ махӕн дӕр Иаков ӕмӕ Петры фыстӕджытӕ нӕ уырнындзинад бафидар кӕдзысты (Дзут. 4:12).

ХУЫЦАУ ДӔТТЫ ЗОНД, «УЫРНӔГЗӔРДӔЙӔ» ДЗЫ ЧИ КУРЫ, УЫДОНӔН

(Иак. 1:1–5:20)

«Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, аккаг разынгӕйӕ, райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – цард»,– ныффыста Иаков. «Уырнӕгзӕрдӕйӕ» дзы зонд чи куры, уыдонӕн ӕй Йегъовӕ дӕтты, цӕмӕй зындзинӕдты фидар фӕлӕууой (Иак. 1:5–8, 12).

Уырнындзинад ӕмӕ зонд хъӕуы ӕмбырды «ахуыргӕнджытӕ» чи сты, уыдоны дӕр. Иаков загъта, зӕгъгӕ, ӕвзаг гыццыл уӕнг йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ буар ӕгасӕй дӕр чъизи кӕны. Ӕмӕ уый фӕстӕ бафӕдзӕхста, Хуыцауӕй нӕ йӕ бон адард кӕнын кӕмӕн у, дунейы уыцы хъуыддӕгтӕй. Бамбарын ма кодта, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уый цы хъуамӕ араза, цӕмӕй та ногӕй сфидар уа (Иак. 3:1, 5, 6; 5:14, 15).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

2:13, фип.– Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад тӕрхоныл куыд уӕлахиз кӕны? Мах дзуапп дӕтдзыстӕм Хуыцауы раз. Уый кӕсдзӕн, мах нӕхӕдӕг иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдыстам, уымӕ ӕмӕ нын йӕ Фырты нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн (Ром. 14:12). Уӕдӕ бӕрӕг у, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй хъуамӕ уа нӕ сӕйрагдӕр миниуджытӕй иу.

4:5 – Иаков ам цавӕр стих ӕрхаста? Иаков ам цавӕрдӕр бӕлвырд стих не ’рхаста. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, бындуриуӕг кӕнынц, Райдианы 6:5; 8:21; Ӕмбисӕндты 21:10 ӕмӕ Галатӕгтӕм 5:17 цы сӕйраг хъуыды ис, ууыл.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:14, 15. Тӕригъӕд райдайы ӕнӕраст фӕндтӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕвзӕр фӕндтӕн нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕнӕм. Уый бӕсты хъуамӕ ӕппынӕдзух хъуыды кӕнӕм, хорз цы у, уыдӕттыл ӕмӕ уыцы хорз хъуыдытӕй нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ дзаг кӕнӕм (Фил. 4:8).

2:8, 9. «Хъулон митӕ кӕнын» у «паддзахы закъоны», ома уарзондзинады закъоны, ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ хъулон никӕй кӕнынц.

2:14–26. Мах «ирвӕзӕм нӕ уырнындзинады руаджы», Моисейы Закъоны «хъуыддӕгты фӕрцы» йе та, куыд чырыстӕттӕ, афтӕ цы аразӕм, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ. Уырнындзинад ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дзурӕм, мӕн Хуыцау уырны, зӕгъгӕ (Еф. 2:8, 9; Иоан. 3:16). Уырнындзинад нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.

3:13–17. «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд», кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ хуыздӕр у «зӕххон, хъӕддаг, хӕйрӕджыты» зондӕй! Мах хъуамӕ Хуыцауы зонд агурӕм, «ӕмбӕхст хӕзнатӕ» куыд агурай, афтӕ (Ӕмб. 2:1–5).

3:18. Хуыцауы Паддзахады хорз хабар тауынц фарнимӕ, «фарн чи уарзы, уыдон». Мах ӕнӕмӕнг хъуамӕ уӕм фарнхӕсджытӕ, ӕмӕ ма уӕм сӕрбӕрзонд, хъуырхъуыргӕнаг ӕмӕ загъдгӕнаг.

«УЫРНЫНДЗИНАДЫ ФИДАР УТ»

(1 Пет. 1:1–5:14)

Петр йе ’мчырыстӕтты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уӕларвон бынтӕй сын «удӕгас ныфс» кӕй ис. «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм“»,– загъта сын Петр. Коммӕ кӕсыны тыххӕй сын бӕлвырд уынаффӕтӕ радта, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та разӕнгард кодта, цӕмӕй иууылдӕр «иу зондыл хӕст уой, иннӕты рыст сӕм хъара, ӕфсымӕртыл ӕнувыд уой, кӕрӕдзийы зын ӕмбарой, сӕрныллӕг уой» (1 Пет. 1:3, 4; 2:9; 3:8).

Дзуттӕгты цардӕвӕрды кӕрон кӕй ӕрцӕйхӕццӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ Петр ӕфсымӕртӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй ӕмбаргӕ уой ӕмӕ макуы рох кӕной кувын. Уый сын загъта: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут... [Хӕйрӕджы] ныхмӕ фӕлӕуут, уырнындзинады фидар ут» (1 Пет. 4:7; 5:8, 9).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

3:20–22 – Донаргъуыд нӕ куыд хъахъхъӕны? Фервӕзын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ донаргъуыд райсой. Фӕлӕ донаргъуыд нӕ ирвӕзын кӕны. Адӕймаг ирвӕзы «Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы». Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ фидарӕй уырна: Йесо йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, кӕй райгас, стӕй «Хуыцауы рахиз фарс» кӕй ӕрбадт ӕмӕ йӕ бар удӕгӕстыл дӕр ӕмӕ мӕрдтыл дӕр кӕй цӕуы, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы ис фервӕзӕн. Адӕймагмӕ ахӕм уырнындзинад куы уа ӕмӕ афтӕмӕй куы райса донаргъуыд, уӕд ын йӕ ирвӕзындзинад абарӕн ис, Доны хъаймӕты аст адӕймаджы куыд аирвӕзтысты, уыимӕ.

4:6 – Хорз хабар кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы мӕрдтӕ чи сты? Уыцы мӕрдтӕ сты, цалынмӕ хорз хабар нӕ фехъуыстой, уӕдмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ мард чи уыд йе та Йегъовӕйӕ дард чи уыд, уыдон (Еф. 2:1). Гас та уыцы хуызы раисты, ӕмӕ хорз хабарыл куы баууӕндыдысты, уӕд Йегъовӕмӕ баввахс сты.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:7. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕцӕгдӕр зынаргъ уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа фӕлвӕрд. Ахӕм фидар уырнындзинад ӕцӕгдӕр «цард хъахъхъӕны» (Дзут. 10:39). Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд хъуамӕ нӕхи ма ’мбӕхсӕм.

1:10–12. Зӕдты фӕндыд раиртасын ӕмӕ бамбарын, Хуыцауы пехуымпартӕ рагзаманты сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды тыххӕй цы арф хъуыдытӕ ныффыстой, уый. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ раргом сты, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырды уылты архайын куы райдыдта, ӕрмӕстдӕр уӕд (Еф. 3:10). Уӕдӕ цымӕ мах дӕр хъуамӕ зӕдты ма фӕзмӕм ӕмӕ «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» иртасыныл ма архайӕм? (1 Кор. 2:10).

2:21. Цӕмӕй Йегъовӕйы хицаудзинады фарс хӕцӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йесо Чырыстийау цӕттӕ уӕм хъизӕмар кӕнынмӕ суанг мӕлӕты онг дӕр.

5:6, 7. Нӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар куы кӕнӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст дин царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл ма катай кӕнӕм (Матф. 6:33, 34).

«ЙЕГЪОВӔЙЫ БОН... ӔРЦӔУДЗӔН»

(2 Пет. 1:1–3:18)

«Пехуымпарад адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд,– загъта Петр,– фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, сыгъдӕг уд сын куыд амыдта, афтӕ». Пехуымпарадон ныхасмӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ уый хъахъхъӕндзӕн «мӕнг пехуымпартӕй» ӕмӕ зыгъуыммӕ зондыл кӕнӕг адӕмӕй (2 Пет. 1:21; 2:1–3).

Петр йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, зӕгъгӕ, «фӕстаг бонты... фӕзындзӕн... ахӕм адӕм ӕмӕ уыл... худдзысты». Фӕлӕ «Йегъовӕйы бон... ӕрцӕудзӕн, давӕг куыд ӕрцӕуы, афтӕ». Йӕ фыстӕджы кӕрон Петр хорз уынаффӕтӕ радта, уыцы боны ’рцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдыл чи дары, уыдонӕн (2 Пет. 3:3, 10–12).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:19 – Чи у «сӕууон стъалы», кӕд фӕзынд ӕмӕ, уыцы хабар кӕй ӕрцыд, уый куыд базонӕм? «Сӕууон стъалы» у Йесо Чырысти, Хуыцауы Паддзахады паддзах куы сси, уый фӕстӕ (Рарг. 22:16). Йесо Паддзах-Мессиа сси 1914 азы, ӕмӕ рабӕрӕг, ног бон кӕй ралӕууыд. Чырысти йӕ хуыз кӕй аивта, уымӕй равдыста, йӕ фидӕны кад ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахадӕн цы бартӕ уыдзӕн, уый. Стӕй ма, Хуыцауы пехуымпар-ныхас раст кӕй у, уый дӕр (Марчы 9:1–3). Ацы ныхасмӕ не ’ргом кӕй здахӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ рухс кӕны ӕмӕ, Сӕууон стъалы кӕй фӕзынд, уый зонӕм.

2:4 – Цы у «Тартар» ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ уырдӕм ӕппӕрст кӕд ӕрцыдысты? Тартар у, ӕрмӕстдӕр зӕдтӕ (адӕм нӕ, фӕлӕ) кӕм конд сты, ахӕм, ахӕстоны хуызӕн, уавӕр. Уый ӕвдисы, уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕн сӕ сӕры зонд кӕй ис саудалынджы. Уыдонӕн сӕ бон нӕу бамбарын Хуыцауы диссаджы фӕндтӕ, стӕй сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй. Хуыцау ӕгоммӕгӕс зӕдты Тартармӕ «ныппӕрста» Нойы бонты ӕмӕ уыцы ӕгад уавӕры уыдзысты, цалынмӕ сӕ нӕ фесафа, уӕдмӕ.

3:17 – Петры ацы ныхӕстӕй, «рагацау зонгӕйӕ», зӕгъгӕ, цы зӕгъын фӕндыд? Петр дзуры, фидӕны чи ӕрцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ зоныны тыххӕй. Петрӕн ӕмӕ Библийы иннӕ фысджытӕн уыдӕттӕ раргом кодта Хуыцау. Хабӕрттӕ «рагацау зонын» ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый тыххӕй ӕппӕт дӕр зыдтой. Цы хъуамӕ ’рцыдаид, уыдӕттӕ уыдон лыстӕг хабӕртты онг нӕ зыдтой.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:2, 5–7. Уырнындзинад, фӕразондзинад ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм, зӕгъгӕ, ацы миниуджытыл зӕрдиагӕй кӕй кусӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «Хуыцау ӕмӕ... Йесойы» ноджы хуыздӕр базонӕм, стӕй уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ уӕм «ӕнтыстджын ӕмӕ нӕ къухы бирӕ ӕфта» (2 Пет. 1:8).

1:12–15. Цӕмӕй, «цы ӕцӕгдзинад базыдтам, ууыл фидар хӕцӕм», уый тыххӕй хъуамӕ Библийы уынаффӕтӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм. Уыцы уынаффӕтӕ фехъусӕм фембӕлдты, кӕнӕ сӕ бакӕсӕм нӕ литературӕйы ӕмӕ Библийы.

2:2. Хъуамӕ нӕхимӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ организаци ма фӕхудинаг кӕнӕм (Ром. 2:24).

2:4–9. Йегъовӕ ивгъуыд заманты цы сарӕзта, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ «кӕй зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны фӕлварӕнтӕй куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын, уый».

2:10–13. Кӕд «кадджынтӕм», ома хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис ӕмӕ хатт фӕрӕдийынц, уӕддӕр сӕ хъуамӕ ма фауӕм (Дзут. 13:7, 17).

3:2–4, 12. Нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, «кӕддӕр сыгъдӕг пехуымпартӕ кӕй дзырдтой, уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ нын нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг... цы фӕдзӕхст радта», уымӕ, уӕд, Йегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у, уый нӕ рох кӕндзыстӕм.

3:11–14. Мах Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдыл кӕй дарӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ 1) сыгъдӕг цард кӕнӕм, сыгъдӕг уӕм буарӕй, хъуыдытӕй, ӕгъдауӕй ӕмӕ нӕхи ма чъизи кӕнӕм мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй; 2) аразӕм, «Хуыцауыл ӕнувыд кӕй стӕм», уый кӕмӕй зыны, фылдӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, хорз хабар хъусын кӕнынимӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ; 3) нӕ уагахаст ӕмӕ нӕ удыхъӕд уой «ӕнаипп», ацы дунейӕ ма фӕчъизи уой; 4) алцыдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ аразӕм ӕмӕ сыгъдӕг уӕм, ӕмӕ 5) хӕларӕй цӕрӕм – Хуыцауимӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ, стӕй иннӕ адӕмимӕ дӕр.