Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Денджызы зарӕг» – хид дыууӕ рӕстӕджы ’хсӕн

«Денджызы зарӕг» – хид дыууӕ рӕстӕджы ’хсӕн

«Денджызы зарӕг» – хид дыууӕ рӕстӕджы ’хсӕн

Иерусалимы Израилы националон музейы 2007 азы 22 майы фенӕн уыд рагон дзуттаг къухфыстытӕй иу тыхтоны скъуыддзаг. Куыд дзурынц, афтӕмӕй фыст ӕрцыдис нӕ эрӕйы ӕвдӕм кӕнӕ ӕстӕм ӕнусты. Уыцы скъуыддзаджы фыст ис Рацыд 13:19–16:1. Уым бакӕсӕн ис «Моисейы зарӕг», хонынц ма йӕ «Денджызы зарӕг» дӕр – Хуыцау израилӕгты Сырх денджызы раз диссаджы хуызы куы фервӕзын кодта, уӕд цы уӕлахизы зарӕг скодтой, уый. Ацы тыхтон адӕмӕн кӕй равдыстой, уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

Йӕ дзуапп баст у, тыхтон фыст кӕд ӕрцыд, уыимӕ. Мард денджызы тыхтӕттӕ фыст ӕрцыдысты н. э. размӕ 3 ӕнусӕй н. э. 1 ӕнусы ’хсӕн. Сардтой сӕ иу-60 азы размӕ. Уымӕй размӕ та рагон дзуттаг къухфыстытӕй ӕппӕты рагондӕр уыд Алеппаг кодекс, фыст ӕрцыд н. э. 930 азы. Рагон дзуттаг къухфыстытӕй кӕй ссардтой, уыдонӕй цалдӕр скъуыддзаг йеддӕмӕ иу дӕр уыцы рӕстӕджы фыст не ’рцыд.

Израилы националон музейы директор Джеймс Снайдер дзуры: «„Денджызы зарӕг“ хидау иу кӕны Мард денджызы тыхтӕттӕ... ӕмӕ Алеппаг кодекс». Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы къухфыст ӕмӕ Библийы иннӕ рагон тексттӕ «сты диссаджы дӕнцӕг, текст ӕппындӕр кӕй нӕ фӕивта, уымӕн».

Куыд дзурынц, афтӕмӕй ацы тыхтоны скъуыддзаг у, 19 ӕнусы кӕрон Каиры (Египет) синагогӕйы цы бирӕ къухфыстытӕ ссардтой, уыдонӕй иу. Тыхтон уыди, рагон дзуттаг къухфыстытӕ чи ӕмбырд кӕны, иу ахӕм нӕлгоймагмӕ. Фӕлӕ уыцы тыхтонӕн цӕй стыр нысаниуӕг уыд, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, цалынмӕ 1970 азты кӕрон иу ахуыргондимӕ нӕ аныхас кодта, уӕдмӕ. Уӕд сбӕрӕг кодтой, къухфыст кӕд ӕрцыд фыст, уый ӕмӕ йӕ архивы сӕвӕрдтой. Уым фӕцис, цалынмӕ йӕ Израилы националон музейы нӕ равдыстой, уӕдмӕ.

Тыхтоны скъуыддзагӕн цы нысаниуӕг ис, уый тыххӕй Адольфо Ройтман (Израилы националон музейы Чиныджы галуаны цӕстдарӕг ӕмӕ Мард денджызы тыхтӕтты тыххӕй дзуапдӕттӕг) дзуры: «„Денджызы зарӕг“ цы къухфысты ис, уый хорз ӕвдисы, Библийы масоретаг текст ӕнусты дӕргъы иу мисхалы бӕрц дӕр кӕй нӕ фӕивта. Стыр диссаг у, ацы зарӕджы [ритмикон равӕрд] 7–8 ӕнусты куыддӕриддӕр уыд, афтӕ кӕй у абон дӕр».

Библи фыст ӕрцыд Хуыцауы комытӕфӕй. Ӕмӕ абон нӕ къухы кӕй ис, ууыл сӕйраджыдӕр батыхст Йегъовӕ. Уымӕй уӕлдай ма писыртӕ Фыстадӕй къопитӕ куы кодтой, уӕд-иу уыдысты тынг лӕмбынӕг. Уӕдӕ дызӕрдыггаг нӕу, Библи нӕ рӕстӕгмӕ ӕнӕфӕивгӕйӕ кӕй ӕрхӕццӕ.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 32 фарсыл]

Courtesy of Israel Museum, Jerusalem