2 Петры 2:1—22

2  Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды.  Бирӕтӕ сын сӕ хӕлд митӕ*+ бафӕзмдзысты+, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй адӕм раст фӕндаг* фаудзысты+.  Сӕ фырзыдӕй уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой+. Фӕлӕ сын раджы цы тӕрхон ӕрцыд хаст+, уый нӕ фӕстиат кӕны, се сӕфт ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+.  Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдты+ Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта: тартармӕ* сӕ ныппӕрста+ ӕмӕ сӕ уым саудалынджы дары тӕрхоны бонмӕ+.  Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта рагон дуне+ дӕр, фӕлӕ рӕстдзинад хъусынгӕнӕг+ Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы+ фервӕзын кодта. Ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл та доны хъаймӕт+ рауагъта.  Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн дӕр стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта+. Уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый+.  Фӕлӕ ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй чи сфӕлмӕцыд+, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты фервӕзын кодта+,  уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстуд адӕймаг алы бон хъизӕмар кодта, се ’хсӕн цӕргӕйӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, уыдоны тыххӕй.  Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын+, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын+, 10  уӕлдайдӕр та, иннӕтимӕ хӕлд митӕ чи кӕны, цӕмӕй сын сӕ буар фӕчъизи кӕной+, ӕмӕ сӕ сӕргълӕуджыты чи ницӕмӕ дары+, уыдоны. Уыцы адӕймӕгтӕ сты къӕйных ӕмӕ хивӕнд ӕмӕ кадджынты фауынӕй нӕ тӕрсынц+. 11  Афтӕмӕй та зӕдтӕ дӕр, Йегъовӕйы ’фсӕрмӕй+, уыцы мӕнг ахуыргӕнджыты нӕ фауынц ӕмӕ сӕ не ’фхӕрынц, кӕд сӕ бирӕ хъаруджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты, уӕддӕр+. 12  Адон та сты ӕнӕмбаргӕ фосы хуызӕн, уый тыххӕй чи райгуыры, цӕмӕй сӕ ӕрцахсой ӕмӕ сӕ амарой, ахӕм фосы хуызӕн, ӕмӕ фауынц+, цы не ’мбарынц, уыдӕттӕ. Цы сӕфт фӕндагыл лӕууынц, уый сӕ ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ – 13  сӕ зианхӕссӕг хъуыддӕгты+ тыххӕй сӕхӕдӕг зиан баййафдзысты+. Хорз сӕм кӕсы бон-сихорафон хъалцард кӕнын+. Уыдон сты, дзаумайыл чъизи фӕдтӕ ӕмӕ цӕсгомыл аиппытӕ куыд уа, афтӕ. Уымӕй хуыздӕр сӕм ницы кӕсы, ӕмӕ уемӕ минас кӕнгӕйӕ сымахӕй искӕй сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй рӕдийын кӕной+. 14  Сӕ цӕстытӕ монцӕй судзынц*+, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй ӕфсис нӕ зонынц+ ӕмӕ, лӕмӕгъ чи у, уыдоны* рӕдийын кӕнынц. Сӕ зӕрдӕтӕ сахуыр сты зыд кӕныныл+. Уыдон сты ӕлгъыст цот+. 15  Раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ адзӕгъӕл сты. Уыдон бафӕзмыдтой Веоры фырт Валаамы+, фыдхъуыддаджы тыххӕй лӕвӕрттӕм чи бабӕллыди, уый+. 16  Фӕлӕ уый йӕ фыдракӕнды тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфта+. Ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй+ ӕмӕ архайдта пехуымпары ӕнӕзонд мийӕ бауромыныл+. 17  Уыдон сты ӕнӕдон суадӕттӕ+ ӕмӕ, тыхджын дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм мигътӕ, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг+. 18  Стыр ныхӕстӕ, афтид ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ, чи рӕдийы, уыцы адӕмӕй нырма бынтон ӕрӕджы чи раирвӕзт+, уыдоны цыбӕл кӕнынц+ буары монцтӕй+ ӕмӕ хӕлд митӕй. 19  Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибардзинадӕй+, афтӕмӕй та сӕхӕдӕг сты ӕнӕгъдаудзинады цагъартӕ+, уымӕн ӕмӕ, адӕймаг кӕй дӕлбар у, уымӕн у йӕ цагъар+. 20  Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй базонгӕйӕ, ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй фервӕзтысты+, фӕлӕ та сӕ ногӕй кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕ дӕлбар баисты+, уӕд сӕ уавӕр, фыццаг цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕци+. 21  Уыдон рӕстдзинады фӕндаг бӕлвырдӕй базыдтой, фӕлӕ сын цы сыгъдӕг фӕдзӕхстытӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдон ныууагътой+. Фӕлтау уыцы фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой+. 22  Иу ӕмбисонд куыд зӕгъы, раст сыл афтӕ ӕрцыд: «Куыдз+ йӕ омдзӕгмӕ раздӕхы, ӕмӕ ӕхсад хуы фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы сӕвдулы»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Га 5:19, фип.
Комк. «ӕцӕгдзинады фӕндаг».
«Тартар»-ы тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 10.
Кӕнӕ «дзаг сты хӕтындзинадӕй».
Комк. «лӕмӕгъ удты»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.