Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы лӕг амоны Йесо Чырыстимӕ. Уый нысан сӕвӕрдзӕн, чи хъуамӕ фервӕза, уыдоныл

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йезекилы цӕстылуайӕны, писыры фыссӕнгӕрзтимӕ чи уыд, уыцы лӕг ӕмӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы ӕхсӕз лӕджы кӕмӕ амонынц?

Уыдон амонынц уӕларвон ӕфсӕдтӕм – Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уӕд уыцы хъуыддаджы чи архайдта ӕмӕ Армагеддоны хӕсты та Хӕйрӕджы дуне чи фесафдзӕн, уыдонмӕ. Ацы цӕстылуайӕн раздӕр ӕндӕрхуызон ӕмбӕрстам, фӕлӕ йӕ ӕрӕджы бӕстондӕр раиртӕстам ӕмӕ йӕ ныр афтӕ ӕмбарӕм. Цымӕ цӕмӕн?

Цалынмӕ нӕ эрӕйы размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд не ’рцыд, уӕдмӕ Йегъовӕ Йезекилӕн цӕстылуайӕны фенын кодта, уыцы горӕты цы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдон. Уый фӕстӕ Йезекил федта ӕхсӕз лӕджы, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ къухы уыд, «пырх кӕмӕй кодтаид, ахӕм хӕцӕнгарз». Семӕ ма уыди иу лӕг «кӕттаг дарӕсы» ӕмӕ «йӕ астӕуыл уыд писыры фыссӕнгӕрзтӕ» (Йез. 8:6–12; 9:2, 3). Уыцы лӕгӕн загъд уыд, цӕмӕй горӕтыл ӕрзила «ӕмӕ йӕ мидӕг цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ чи маст кӕны ӕмӕ чи дзыназы, уыцы адӕмы ныхтыл нысан сӕвӕра». Уый фӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтимӕ чи уыд, уыцы ӕхсӕз лӕгӕн загъд уыд, цӕмӕй, йӕ ныхыл нысан кӕмӕн нӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардтаиккой (Йез. 9:4–7). Уыцы цӕстылуайӕн махӕн цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ, писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы лӕг кӕмӕ амоны?

Йезекил уыцы цӕстылуайӕн федта нӕ эрӕйы размӕ 612 азы. Уый уыд пехуымпарадон цӕстылуайӕн ӕмӕ фыццаг хатт сӕххӕст уымӕй фондз азы фӕстӕ – Йегъовӕ вавилойнаг ӕфсадӕн уый бар куы радта, цӕмӕй Иерусалим ныппырх кодтаиккой, уӕд. Афтӕмӕй Йегъовӕ бафхӕрдта йӕ ӕгоммӕгӕс адӕмы (Йер. 25:9, 15–18). Фӕлӕ, горӕты цы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цыди, уыдон Хуыцауыл иузӕрдион адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Ӕмӕ цымӕ уыдон та цы баисты? Йегъовӕ сын сӕ цард бахъахъхъӕдта.

Цӕстылуайӕны адӕмӕн сӕ ныхтыл нысан Йезекил не ’вӕрдта, стӕй, горӕт кӕй ныппырх кодтой, уымӕ дӕр ницы бар дардта. Иерусалим пырхгонд куы цыди, уӕд уыцы хъуыддагмӕ сӕ хъус дардтой зӕдтӕ. Уӕдӕ ацы пехуымпарады руаджы махӕн нӕ бон у базонын, уӕлӕрвты цы хабӕрттӕ цӕуы, уый. Йегъовӕ йӕ зӕдтӕн загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сӕфт ӕрцӕуой, рӕстгӕнджытӕ та фервӕзой *.

Ацы пехуымпарад ма сӕххӕст уыдзӕн фидӕны дӕр. Раздӕр афтӕ дзырдтам, ӕмӕ, писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы лӕг амоны, зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ ис, уыдонмӕ. Дзырдтам ма, адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы, уӕд ыл нысан ӕвӕрд кӕй ӕрцӕуы – кӕй аирвӕздзӕн, уый нысан. Фӕлӕ ӕрӕджы рабӕрӕг, ацы пехуымпарады нӕ цыдӕртӕ ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕй хъӕуы. Матфейы 25:31–33 цы фыст ис, уымӕй зонӕм, адӕмӕн тӕрхон Йесо Чырысти кӕй кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕндзӕн фидӕны, стыр бӕллӕхы рӕстӕг. Уӕд, фыстыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон фервӕздзысты, сӕгътыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон та сӕфт ӕрцӕудзысты.

Уӕдӕ Йезекилы цӕстылуайӕнӕй базонӕн ис фондз хъуыддаджы:

  1.  Цалынмӕ Иерусалим нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ Йезекил дӕр, Йереми ӕмӕ Исайау, адӕмы фӕдзӕхста, горӕтмӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Уыдон уыдысты хъахъхъӕнджыты хуызӕн. Абон Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорды фӕрцы йӕ адӕмы ахуыр кӕны ӕмӕ иннӕты дӕр фӕдзӕхсы, тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхӕй. Ӕмӕ уыцы куысты архайынц Чырыстийы хӕдзаронтӕ дӕр, ома Хуыцауы адӕм се ’ппӕт дӕр (Матф. 24:45–47).

  2.  Чи аирвӕздзӕн, уыцы адӕмы ныхтыл нысан Йезекил не ’вӕрдта. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы адӕм нысан никӕуыл ӕвӕрынц. Уыдон иннӕтӕн ӕрмӕстдӕр хъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсынц, фидӕны цы хъуамӕ ’рцӕуа, уымӕй. Уыцы куыст ӕгас зӕххыл дӕр цӕуы, зӕдтӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕрцы (Рарг. 14:6).

  3.  Йезекилы заман чи аирвӕзт, уыдонӕн сӕ ныхыл ӕцӕг нысан ӕвӕрд не ’рцыд. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр, чи аирвӕздзӕн, уыдоны ныхтыл ӕцӕг нысан ӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Цымӕ адӕм цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй стыр бӕллӕхы фервӕзой? Цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уый хъуамӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой, сӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ ӕрфидар кӕной, сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕной – хорз хабар хъусын кӕной (Матф. 25:35–40). Ӕмӕ сыл стыр бӕллӕхы рӕстӕг нысан ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, ома фервӕзыны аккагыл нымад ӕрцӕудзысты.

  4.  Писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕ уыд, уыцы лӕг нӕ рӕстӕджы амоны Йесо Чырыстимӕ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йесо тынг бирӕ адӕмы банымайдзӕн фыстыл, ӕмӕ сыл афтӕмӕй нысан сӕвӕрдзӕн. Ӕмӕ сын уӕд уыдзӕн зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат (Матф. 25:34, 46) *.

  5.  Сӕ къухы, пырх кӕмӕй кӕндзысты, ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕ кӕмӕн уыд, уыцы ӕхсӕз лӕджы нӕ рӕстӕджы амонынц, сӕ сӕргъы Йесо кӕмӕн у, уыцы уӕларвон ӕфсӕдтӕм. Тагъд уыдон фыдгӕнджыты ныццӕгъддзысты ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзысты (Йез. 9:2, 6, 7; Рарг. 19:11–21).

Ацы цӕстылуайӕн цы нысан кӕны, уый бӕлвырдӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ кӕй нӕ фесафдзӕн (2 Пет. 2:9; 3:9). Стӕй ма нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, абон хъусын кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ хъуамӕ алчидӕр фехъуса, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй! (Матф. 24:14).

^ 6 абз. Чи аирвӕзт, уыдонӕн, зӕгъӕм, Йеремийы писыр Варухӕн, ефиопаг Авдемелехӕн ӕмӕ Рехавы фырттӕн, сӕ ныхтыл ӕцӕгӕй нысан ӕвӕрд не ’рцыд (Йер. 35:1–19; 39:15–18; 45:1–5). Нысан сыл ӕвӕрд ӕрцыд ахӕсгӕ хуызы, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ фервӕздзысты.

^ 12 абз. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттыл уыцы нысан ӕвӕрын нӕ хъӕудзӕн. Сӕрст чырыстоныл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, куы амӕла, уый хӕдразмӕ кӕнӕ стыр бӕллӕхы райдианы размӕ (Рарг. 7:1, 3).