Раргомад 19:1—21
19 Уый фӕстӕ уӕлӕрвты фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс+, цыма тынг бирӕ адӕм дзырдтой: «Кадджын кӕнут Йагъы*!+ Нӕ Хуыцау у Ирвӕзынгӕнӕг+. Уый у кадджын Хуыцау ӕмӕ стыр тыхы хицау+,
2 уымӕн ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст+. Уый бафхӕрдта, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у ӕмӕ йӕ хӕтындзинадӕй зӕхх чи фесӕфта, уыцы хӕтаг сылгоймаджы ӕмӕ дзы йӕ цагъарты туг райста»+.
3 Ӕмӕ та дыккаг хатт дӕр загътой: «Кадджын кӕнут Йагъы!+ Уыцы горӕтӕн та йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»+.
4 Ӕмӕ дыууын цыппар хистӕр лӕджы+ ӕмӕ цыппар херувимы+ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ, паддзахбадӕныл чи бады+, уыцы Хуыцауӕн бакуывтой ӕмӕ загътой: «Аммен! Кадджын кӕнут Йагъы!»+
5 Паддзахбадӕнӕй дӕр райхъуыст хъӕлӕс: «Кадджын кӕнут нӕ Хуыцауы, йӕ цагъартӕ иууылдӕр+, чи дзы тӕрсы, уыдон – хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕм!»+
6 Ӕмӕ фехъуыстон, цыма тынг бирӕ адӕм хъӕрӕй дзырдтой, ӕмӕ цыма бирӕ цӕугӕдӕттӕ нӕрыдысты ӕмӕ арв тынг гыбар-гыбур кодта. Уыдон дзырдтой: «Кадджын кӕнут Йагъы+, уымӕн ӕмӕ нӕ Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ сси паддзах!+
7 Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ йӕ скадджын кӕнӕм+, уымӕн ӕмӕ Уӕрыччы чындзӕхсӕв+ ӕрхӕццӕ+, ӕмӕ йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта+.
8 Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй скӕна цӕхӕркалгӕ, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг ӕвдисы сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ»+.
9 Ӕмӕ мын зӕд загъта: «Ныффысс: амондджын сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ+ хуынд+ чи у, уыдон». Ноджыдӕр ма мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ загъта Хуыцау, ӕмӕ сты раст»+.
10 Уӕд ӕз йӕ разы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, бакувон ын+, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын уый загъта: «Ма бакӕн афтӕ!+ Ӕз дӕр де ’мкусӕг дӕн, дӕуӕн ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууы, уыдонӕн+. Бакув Хуыцауӕн+, уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхӕстӕ сты Йесойы тыххӕй ӕвдисӕнӕн»+.
11 Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх+. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион+ ӕмӕ Ӕцӕг+, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй+.
12 Йӕ цӕстытӕ судзынц пиллон артау+, йӕ сӕрыл та ис бирӕ кадыхудтӕ+. Фыст ыл ис, ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном+.
13 Йӕ уӕлӕ ис тугӕйдзаг дарӕс+, йӕ ном та у Хуыцауы Дзырд+.
14 Йӕ фӕдыл цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ урс бӕхтыл. Сӕ уӕлӕ уыди урс, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс.
15 Йӕ дзыхӕй цӕуы даргъ цыргъ хъама+, цӕмӕй дзы адӕмты ныццӕгъда. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй+. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы+ фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны+ цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир.
16 Йӕ уӕлӕдарӕсыл, йӕ синыл, фыст ис ном: паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау+.
17 Федтон ма иу зӕды хуры астӕу лӕугӕ. Уый ныхъхъӕр кодта, арвы бӕрзӕндты чи тӕхы, уыцы мӕргътӕм+ се ’ппӕтмӕ дӕр: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр ӕхсӕвӕрмӕ,
18 ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ+, ӕфсады сӕргълӕуджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ+, бӕхты+ ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт адӕмы мӕрдтӕ: сӕрибарты ӕмӕ цагъарты, хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты».
19 Ӕмӕ федтон, сырд+ ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ+ се ’фсӕдтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл+ чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой+.
20 Ӕмӕ ӕрцахстой сырды+ ӕмӕ, сырды нысан чи райста+ ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта+, уыдоны сайынӕн йӕ разы диссӕгтӕ+ чи ӕвдыста, уыцы мӕнг пехуымпары+ дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр удӕгасӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты сондонӕй судзгӕ цады+.
21 Иннӕтӕ та, бӕхыл бадӕгӕн+ йӕ дзыхӕй цы даргъ хъама цыд+, уымӕй фӕцагъды сты. Ӕмӕ мӕргътӕ+ иууылдӕр сӕ мӕрдтӕй+ бафсӕстысты+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Аллилуйа». Кӕс 3, 4, 6 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 3.

