Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ дыл тыхсы

Йегъовӕ дыл тыхсы

ЙЕГЪОВӔ дыл кӕй тыхсы, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнай? Иу уый, ӕмӕ Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Пет. 5:7). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты ӕмӕ дыл Йегъовӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй тыхсы, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

ХУЫЦАУ АДӔМӔН ДӔТТЫ, ЦАРДӔН СӔ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫЙ

Йегъовӕ нын фӕзминаг у, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй у, уымӕй

Йегъовӕмӕ ис, дӕ хорз ӕмбӕлттӕм дӕ цы миниуджытӕ фенын фӕндид, уыцы миниуджытӕ. Кӕрӕдзимӕ хӕлар зӕрдӕ чи дары ӕмӕ кӕрӕдзийӕн чи ницы ’вгъау кӕны, уыдон арӕх хорз ӕмбӕлттӕ свӕййынц. Мах алы бон дӕр уынӕм, Йегъовӕ адӕммӕ хӕлар зӕрдӕ кӕй дары ӕмӕ рӕдау кӕй у. Ӕркӕсӕм-ма иу цӕвиттонмӕ: «Уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:45). Хур ӕмӕ къӕвда куы нӕ уыдаиккой, уӕд цард цыхуызӕн уыдаид? Уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕ адӕмӕн парахатӕй дӕтты хӕринаг ӕмӕ сын «сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады» (Хъуыд. 14:17). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ хъус дары, цӕмӕй зӕхх тыллӕг парахатӕй дӕтта. Ӕмӕ хӕрзад хӕринаг та зӕрдӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ у!

Цымӕ уӕд бирӕтӕ ӕххормаг цӕмӕн ӕййафынц? Уымӕн ӕмӕ арӕх зӕххон хицӕуттӕн сӕ мӕт адӕмыл нӕ вӕййы, фӕлӕ сӕм фылдӕр бартӕ ӕмӕ фылдӕр ӕхца уа, ууыл. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ зыд адӕмы фесафдзӕн ӕмӕ зӕххон хицауӕдтӕ раивдзӕн, йӕ Фырт Паддзах кӕм у, уыцы уӕларвон Паддзахадӕй. Уыцы Паддзахады дӕлбар ӕххормаг ничиуал ӕййафдзӕн. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ дӕр Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕтты, цардӕн сӕ цы хъӕуы, уый (Пс. 37:25). Уӕдӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ныл Йегъовӕ тыхсы?

ЙЕГЪОВӔ НЫН ЙӔ РӔСТӔГ НЕ ’ВГЪАУ КӔНЫ

Йегъовӕ нын фӕзминаг у, йӕ рӕстӕг нын кӕй не ’вгъау кӕны, уымӕй

Хорз ӕмбал дын йӕ рӕстӕг никуы бавгъау кӕндзӕн. Йӕ бон у, ӕмӕ демӕ сахатгай дзура, уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цы цӕуы, ууыл. Хорз ӕмбал дӕм лӕмбынӕг хъусдзӕн, дӕ зындзинӕдты тыххӕй ӕмӕ йын дӕ сагъӕстӕ куы дзурай, уӕд. Цымӕ Йегъовӕйӕ дӕр уый зӕгъӕн ис? Куыннӕ! Хуыцау нӕм лӕмбынӕг фӕхъусы, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Ӕмӕ нын Библи дӕр уымӕн зӕгъы, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (Ром. 12:12; 1 Фес. 5:17).

Цымӕ, Йегъовӕмӕ куы скувай, уӕд дӕм цас хъусдзӕн? Уый базондзыстӕм Библийы иу цӕвиттонӕй. Йесо йӕ апостолты куы хъуамӕ равзӕрстаид, уӕд «ӕнӕхъӕн ӕхсӕв арвыста Хуыцаумӕ кувгӕйӕ» (Лук. 6:12). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы куывды Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты номгай ранымадта, сӕ миниуджытӕ ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй радзырдта, ӕмӕ стӕй йӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын апостолты равзарынӕн баххуыс кодтаид. Райсомӕй, хур нӕма скаст, афтӕ, Йесо зыдта, апостолӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уый. Йегъовӕйӕн, «куывдтытӕ чи хъусы», уыцы Хуыцауӕн, ӕхсызгон вӕййы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕм хъусын (Пс. 65:2). Адӕймаджы цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй сахатгай дӕр куы кува, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ рӕстӕг нӕ бавгъау кӕндзӕн.

ХУЫЦАУ ЗӔРДИАГӔЙ ХАТЫР КӔНЫ

Йегъовӕ нын фӕзминаг у, зӕрдиагӕй кӕй хатыр кӕны, уымӕй

Иуӕй-иу хатт хорз ӕмбӕлттӕн дӕр зын вӕййы кӕрӕдзийӕн ныххатыр кӕнын. Бирӕ азты дӕргъы ӕмбӕлттӕ чи уыдысты, уыдон дӕр хатгай кӕрӕдзийӕ адард вӕййынц, сӕ бон ныххатыр кӕнын кӕй нӕ вӕййы, уый тыххӕй. Йегъовӕ та ахӕм нӕу. Библи сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауӕй хатыр курой, уымӕн ӕмӕ «уый зӕрдиагӕй хатыр кӕны» (Ис. 55:6, 7). Цымӕ Хуыцау ахӕм хатыргӕнаг цӕмӕн у?

Адӕмы ӕгӕрон уарзтӕй кӕй уарзы, уый тыххӕй. Йегъовӕ дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ Фырт Йесойы нывондӕн радта, цӕмӕй адӕмы фервӕзын кӕна тӕригъӕдӕй ӕмӕ сын тӕригъӕд цы зиан хӕссы, уымӕй (Иоан. 3:16). Уымӕй уӕлдай ма, Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау хатыр кӕны, кӕй уарзы, уыдонӕн. Апостол Иоанн ныффыста: «Кӕд нӕ тӕригъӕдтыл сӕттӕм, уӕд нын сӕ Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн... уымӕн ӕмӕ уый у иузӕрдион ӕмӕ рӕстаг Хуыцау» (1 Иоан. 1:9). Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ хӕлӕрттӕ уой. Ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ агайы!

ЗЫН РӔСТӔГ ДЫН ӔХХУЫС КӔНЫ

Йегъовӕ нын фӕзминаг у, зын рӕстӕг нӕ фарсмӕ кӕй балӕууы, уымӕй

Ӕцӕг ӕмбал дӕм зын сахат ӕххуысмӕ фӕзындзӕн. Цымӕ Йегъовӕ дӕр афтӕ фӕкӕны? Йӕ Ныхасы кӕсӕм: «[Хуыцауы лӕггадгӕнӕг] куы фӕкӕла, уӕд дӕр нӕ ахаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ хӕцы йӕ къухыл» (Пс. 37:24). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алыхуызӕтты феххуыс кӕны. Ӕркӕсӕм-ма, Карибы денджызы чи ис, уыцы сакъадах Санта-Крусыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ.

Иу чызгыл йӕ къласӕгтӕ худтысты, уымӕн ӕмӕ йӕ дины тыххӕй тырысайӕн нӕ табу кодта. Уыцы чызг Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ стӕй сфӕнд кодта иннӕ хатмӕ, тырысайӕн цӕуылнӕ табу кӕны, уый тыххӕй доклад бацӕттӕ кӕнын. Библийы радзырдтӕ кӕм фыст сты, уыцы чиныджы фӕрцы йӕ къласӕгтӕн бамбарын кодта, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы цӕвиттонӕй цӕуыл сахуыр, уый. Чызг загъта: «Йегъовӕ уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы бахъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ гуымирыйӕн нӕ бакуывтой». Уый фӕстӕ сын загъта, уыцы чиныгӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у райсын. Ӕмӕ дзы иуӕндӕсӕй фӕйнӕ чиныджы райстой. Уыцы чызг тынг цин кодта, йӕ бон кӕй баци, цӕуыл ӕууӕнды, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнын. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны, ахӕм хъарутӕ ӕмӕ йын зонд Йегъовӕ кӕй радта.

Йегъовӕ дыл кӕй тыхсы, ууыл кӕд искуы дызӕрдыг кодтай, уӕд ахъуыды кӕн, зӕгъӕм, Псалом 34:17–19; 55:22 ӕмӕ 145:18, 19 стихты цы фыст ис, ууыл. Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафӕрс, Йегъовӕ-иу сыл куыд батыхст, уымӕй. Ӕмӕ дӕ Хуыцауы ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд-иу ын дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзур. Афтӕ куы кӕнай, уӕд бирӕ нӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ дӕхӕдӕг фендзынӕ, Йегъовӕ дыл куыд тыхсы, уый.