Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы цас сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы цас сты?

2023 лӕггады азы хыгъд

Ӕгас дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц

8 816 562

Ӕмбырдтӕ

118 177

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм хъусын кӕнынц, уыцы бӕстӕтӕ

239

2023 азы хыгъд

Бӕстӕты ӕмӕ территориты хыгъд 2023 азӕн

Уӕ организацийы цал адӕймаджы ис, уый куыд базонут?

 Мах Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл нымайӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алы мӕй дӕр чи хъусын кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдоны (Матфейы 24:14). Уыдонмӕ хауынц, донаргъуыд чи райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси уыдон, стӕй, донаргъуыд чи нӕма райста, фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы чи архайы, уыдон.

Цӕмӕй адӕймаг уӕ организацийӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ мысайнӕгтӕ дӕтта?

 Нӕ. Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад уа кӕнӕ йын йӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕной, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй мысайнӕгтӕ дӕтта (Хъуыддӕгтӕ 8:18–20). Мысайнӕгтӕн сӕ фылдӕр лӕвӕрд ӕрцӕуынц, чи сӕ дӕтты, уый ничи базоны, афтӕмӕй. Алы Ӕвдисӕн дӕр йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, йӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн фӕдӕтты йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ фӕрӕзтӕ (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

Хъусынгӕнджыты нымӕц куыд базонут?

 Алы ӕмбырды дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы мӕй раттынц уацамындон хыгъд. Уыцы хыгъдтӕ фӕдӕттынц барвӕндонӕй.

 Хъусынгӕнджыты хыгъдтӕ банымайынц ӕмӕ сӕ бынӕттон филиалмӕ арвитынц. Филиал та, бӕстӕтӕй кӕнӕ йӕм территоритӕй цы хыгъдтӕ ӕрбацӕуы, уыдон сӕйраг хайадмӕ арвиты.

 Алы лӕггады азы a кӕрон дӕр сбӕрӕг кӕнӕм, афӕдзы дӕргъы алы бӕстӕйы дӕр Ӕвдисӕнты уӕлдӕр нымӕц цас уыд, уый. Стӕй уыцы нымӕцтӕ кӕрӕдзимӕ бафтауӕм, ӕмӕ афтӕмӕй базонӕм, ӕгас дунейы цал Ӕвдисӕны ис, уый. Нӕ сайты, хайы «Ӕгас зӕххыл дӕр», ис алы бӕстӕйы хыгъд дӕр. Уыцы хыгъдтӕ нӕ бафидар кӕнынц, фыццаг чырыстӕтты-иу ахӕм хыгъдтӕ куыд бафидар кодтой, афтӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:41; 4:4; 15:3).

Уе ’мбырдтӕм чи ӕрбацӕуы, фӕлӕ хъусын чи нӕ кӕны, уыдоны дӕр банымайут?

 Кӕд уыдоны Ӕвдисӕнты нымӕцмӕ нӕ бафтауӕм, уӕддӕр, ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд сыл бацин кӕнӕм. Уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕрбацӕуынц Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕмӕ сын сӕ нымӕц базонӕн ис, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны нымӕцӕй Ӕвдисӕнты нымӕц куы аппарай, уӕд. 2023 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдоны нымӕц уыд 20 461 767.

 Ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыдонӕй бирӕтимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнӕм. 2023 азы алы мӕй дӕр рӕстӕмбисӕй 7 281 212 Библи ахуыры уагътам. Хатт Библийы ахуыр фӕуадзӕм уыцы иу рӕстӕг цалдӕр адӕймагимӕ.

Цавӕрдӕр бӕстӕйы адӕмы куы банымайынц, уӕд Ӕвдисӕнты нымӕц сымах бӕрӕггӕнӕнтимӕ абаргӕйӕ фылдӕр цӕмӕн вӕййы?

 Паддзахады кусджытӕ адӕмы куы фӕнымайынц, уӕд сӕ фӕфӕрсынц, цавӕр диныл хӕст сты, уымӕй. Зӕгъӕм, АИШ-ы уыцы куыст чи кӕны, уыдонӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй «сбӕрӕг кӕной, сӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ сӕхи цавӕрдӕр диныл хӕст адӕмыл нымайынц ӕви нӕ». Фӕлӕ сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм фӕзӕгъынц, «сӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнынц, уый, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый нӕ, фӕлӕ». Мах та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕцмӕ бахӕссӕм, йӕхи Ӕвдисӕныл чи нымайы, уыдоны нӕ, фӕлӕ хъусын чи кӕны ӕмӕ уацамынды хыгъд чи фӕдӕтты, ӕрмӕст уыдоны.

a Лӕггады аз райдайы 1 сентябры ӕмӕ фӕвӕййы 31 августы. Зӕгъӕм, 2015 лӕггады аз райдыдта 2014 азы 1 сентябры ӕмӕ фӕци 2015 азы 31 августы.