Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Католикон аргъуан ӕмӕ Трухильо

Католикон аргъуан ӕмӕ Трухильо

ТРУХИЛЬО ӕмӕ католикон аргъуанӕн иумӕйагӕй цы уыд? Иу политикон иртасӕг ныффыста: «Трухильо хицау куы уыд, уыцы рӕстӕджы, 1930–1961 азты дӕргъы, Доминиканы Республикӕйы хицауад ӕмӕ аргъуан кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой. Уыцы ӕгъатыр хицау аргъуанмӕ хорз цӕстӕй каст, ӕмӕ йын аргъуан дӕр йӕ къух арӕзта».

1954 азы Трухильо Роммӕ куы ацыд, уӕд Ромы папӕимӕ бадзырд скодта. Херман Орнес, Трухильойы кӕддӕры уынаффӕгӕнӕг, ныффыста: «Католикон аргъуан Трухильойы фарс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ [бадзырд] стыр ӕххуыс у хицауӕн [Трухильойӕн]. Архиепископтӕ Рикардо Питтини ӕмӕ Октавио Берас ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ Трухильойы хицаудзинады фарс куыд хӕцынц, афтӕ ничи».

Орнес дарддӕр ныффыста: «Ромы папӕйӕн фадат куыддӕр фӕзыны, афтӕ Трухильойӕн телеграфы уылты зӕрдиаг салӕмттӕ арвиты... 1956 азы Трухильойы ӕххуысӕй цы Католикон культурӕйы конгресс уыд, уым кардинал Фрэнсис Спеллман Ромы папӕйы номӕй загъта, адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ кӕмӕй барухс сты, ахӕм ныхӕстӕ. Кардинал Спеллман ӕрцыд Нью-Йоркӕй, ӕмӕ йыл генералиссимус [Трухильо] йӕхӕдӕг кад ӕмӕ цытимӕ сӕмбӕлд. Иннӕ бон ӕппӕт газетты дӕр фыццаг фӕрстыл фенӕн уыд, кӕрӕдзийӕн цы зӕрдиаг хъӕбыстӕ фӕкодтой, уый».

1960 азы иу журналы фыст уыд: «Аргъуан ӕмӕ Трухильо абоны онг дӕр тынг лымӕн сты. Архиепископ Рикардо Питтинийыл ныр цӕуы 83 азы ӕмӕ цӕстӕй ӕппындӕр нӕ уыны. Фӕлӕ цыппар азы размӕ газет „Нью-Йорк таймс“-мӕ писмо ныффыста, ӕмӕ дзы Трухильойӕ феппӕлыд, зӕгъгӕ, дам, ӕй кӕд чидӕртӕ ӕгъатыр хицау хонынц, уӕддӕр, дам, ӕй адӕм тынг уарзынц» (Time).

Аргъуан Трухильойы ӕгъатыр хицаудзинады фарс хӕцыд 30 азы. Фӕлӕ политикӕйы ивындзинӕдтӕ цӕуын райдыдта, ӕмӕ уӕд уавӕр фӕивта. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы политикон иртасӕг загъта: «Трухильойы хицаудзинады ныхмӕ тынгдӕр цӕуын райдыдтой, фӕстӕдӕр та уыцы бӕстӕйы демократи сфидар кӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд, бирӕ азты дӕргъы Трухильоимӕ лымӕн чи уыд, уыцы аргъуанӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Трухильойы хицаудзинадыл йӕ зӕрдӕ сивта».

Ӕппынфӕстаг, 2011 азы, аргъуаны бахъуыд Доминиканы Республикӕйы цӕрджытӕй хатыр ракурын. Иу газеты ныммыхуыр кодтой, аргъуан цы писмо ныффыста, уый. Фыст дзы уыд: «Мах бирӕ рӕдыдтытӕ сарӕзтам. Ӕмӕ сӕттӕм, алы хатт, нӕ дин куыд амоны, афтӕ кӕй нӕ архайдтам ӕмӕ нӕ хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй не ’ххӕст кодтам. Уымӕ гӕсгӕ Доминиканы Республикӕйы цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бамбарой ӕмӕ нын ныххатыр кӕной» (Dominican Today).