Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Юридикон хабӕрттӕ

Юридикон хабӕрттӕ

СОМИХ. Йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдонӕн бар дӕттынц альтернативон службӕ рацӕуынӕн.

Сомих: хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ альтернативон службӕ хъуамӕ рацӕуой бӕстӕйы дард рӕтты; ӕфсымӕртӕ уыцы рӕтты хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц

2013 азы Сомихы хицауад альтернативон службӕйы фӕдыл ахӕм программӕ скодта, ӕмӕ уым цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон у ахӕм службӕ равзарын, цӕмӕй-иу сӕ ахӕстоны ма сбадын кӕной, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй. 2014 азы январы филиал фехъусын кодта, уыцы службӕ 71 ӕфсымӕры кӕй райдыдтой ӕххӕст кӕнын. Кӕйдӕрты дзы арвыстой рынчындӕтты къухнийы кусынмӕ, кӕйдӕрты та – рынчынтӕм кӕсынмӕ. Уыцы программӕйы инспектортӕ не ’фсымӕртӕй тынг феппӕлынц, зӕгъгӕ, дам, сын кӕд арӕх зын куыст раттынц, уӕддӕр, дам, ӕй ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕнынц. Ӕфсымӕртӕ тынг цин кӕнынц, ӕфсадмӕ цӕуыны бӕсты сӕ бон кӕй у ахӕм службӕ рацӕуын, цӕмӕй Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг уа *. Иу ӕфсымӕр загъта: «Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ӕфсадмӕ цӕуыны бӕсты нӕ бон кӕй у альтернативон службӕ равзарын ӕмӕ Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын».

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хицауад бар радта, цӕмӕй-иу, йӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕна, уыдонӕн сӕхӕдӕг регистраци скӕной.

1954 азы Доминиканы Республикӕ Ватиканимӕ цы бадзырд скодта, уымӕ гӕсгӕ динтӕй ӕрмӕстдӕр католикон аргъуанӕн уыд уый бар, цӕмӕй-иу, йӕ цард баиу кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн регистраци скодтаиккой. Аргъуаны-иу чи нӕ баиу кодта йӕ цард, уыдонӕн та-иу сӕ бон уыд сӕ къухтӕ ЗАГС-ы ӕрфыссын. Фӕлӕ 2010 азы хицауад ахӕм закъон рауагъта, ӕмӕ иннӕ динтӕн дӕр уый бар фӕзынд, цӕмӕй-иу, сӕ адӕмӕй йӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕна, уыдонӕн регистраци сӕхӕдӕг скӕной. Хицауад курсытӕ скодта, ахӕм лицензи райсын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Доминиканы Республикӕйы филиал уыцы хъуыддагӕн равзӕрста 30 хистӕр нӕлгоймаджы. Курдиат балӕвӕрдтой 2 000 адӕймагӕй фылдӕр, фӕлӕ лицензи радтой ӕрмӕстдӕр 32 адӕймагӕн. Не ’фсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр, 30 адӕймагӕн, радтой лицензи, цӕмӕй-иу, Ӕвдисӕнтӕй сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕна, уыдонӕн сӕхӕдӕг регистраци скӕной.

ИНДИ. Дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕндзысты.

Сандип ӕмӕ Дипалакшми Мунисвами

2014 азы 27 январы штат Карнатакӕйы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг къамис горӕт Хублийы пъӕлицӕйы хицауы аххосджыныл банымадта, не ’фсымӕр Сандип Мунисвамийы бартӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. 2011 азы 28 июны Мунисвамийыл адӕм куы амбырд сты ӕмӕ йыл сӕхи куы ныццавтой, уӕд сӕм уый ӕнцад касти. Къамис штат Карнатакӕйы хицӕуттӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймаджы закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрдтаиккой ӕмӕ ӕфсымӕр Мунисвамийӕн компенсаци бафыстаиккой – 20 000 рупийы (326 доллӕры). Уыцы ӕхца хъуамӕ ист ӕрцыдаид пъӕлицӕйы хицауы мыздӕй.

Ӕфсымӕр Мунисвами загъта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕйӕ тынг бузныг кӕй сты, къамис ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уый тыххӕй. Уыдон сӕхицӕн фидарӕй загътой, дарддӕр дӕр хорз хабар ныфсджынӕй кӕй хъусын кӕндзысты. Уыцы хабар ӕфсымӕрты тынг бафидар кодта ӕмӕ сӕ ноджы стырдӕр ныфс бауагъта, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма уыцы уынаффӕ штат Карнатакӕйы хицӕуттӕн сӕ зӕрдыл хъуамӕ лӕууын кодтаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ хъахъхъӕнын сӕ хӕс кӕй у. Не ’фсымӕр Мунисвамийы ӕмӕ ма уыцы хабармӕ бар чи дардта, уыцы ӕфсымӕры хъуыддаг кӕронмӕ ӕвзӕрст нӕма ӕрцыд.

ХЪЫРГЪЫЗСТАН. Сӕйраг тӕрхондоны Конституцион палатӕ, йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны бартӕ бахъахъхъӕдта.

Йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдонӕн 2013 азы 19 ноябрь ахсджиаг бон уыд. Тӕрхондоны 11 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны хъуыддаджы ӕвзӕрст ӕрцыдысты, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондоны Конституцион палатӕ уынаффӕ рахаста, хицауад альтернативон службӕйы тыххӕй цы закъон сфидар кодта, уый конституцийы ныхмӕ кӕй уыд. Закъонмӕ гӕсгӕ, альтернативон службӕйы чи уыдаид, уыдон-иу хъуамӕ ӕфсады хъуыддӕгтӕн иуцасдӕр ӕхца лӕвӕрдтаиккой. Стӕй ма-иу, альтернативон службӕ куы рацыдаиккой, уӕд-иу сӕ хъуамӕ ӕфсӕддонты хыгъдмӕ бахастаиккой. Конституцион палатӕ уынаффӕ рахаста, хицауад нӕлгоймӕгтӕн альтернативон службӕ ахӕм уавӕрты кӕй цӕуын кодта, уымӕй сын сӕ бартӕ кӕй ницӕмӕ дардта. 2014 азы фыццаг цалдӕр мӕйы дӕргъы Хъыргъызстаны Сӕйраг тӕрхондон Конституцион палатӕйы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, 14 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн уый размӕ цы тӕрхон рахастой, уый аивта. Авд азы дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ бартыл тох кодтой, цӕмӕй сӕ ӕфсадмӕ ма цӕуын кодтаиккой. Ӕмӕ Конституцион палатӕ цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдон уыцы хъуыддагӕн кӕрон скодтой. Уыцы фарнуарзаг ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ахӕм фидардзинад кӕй равдыстой, уый фӕрцы Йегъовӕйы ном скадджын ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕн дарддӕр дӕр сӕ бон у Хъыргъызстаны сӕрибарӕй лӕггад кӕнын.

Хъыргъызстан: Сӕйраг тӕрхондоны кӕй хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст цыдысты, уыцы Ӕвдисӕнтӕ

НИГЕРИ. «Йегъовӕ мӕ схорзӕхджын кодта».

Нигерийы ахӕм къордтӕ ис, ӕмӕ дзы вӕййы иу кары адӕм, ӕмӕ арӕх иннӕтӕн фыдмитӕ фӕкӕнынц, стӕй хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ дӕр фӕкӕнынц *. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы къордтӕм кӕй нӕ баиу вӕййынц, уый тыххӕй сӕ арӕх фефхӕрынц ӕмӕ сыл хъоды бакӕнынц. 2005 азы ноябры Асагӕ Охафиайы хъӕуы (штат Абиа) иу бон райсомӕй не ’фсымӕр Эммануэл Огвойы хӕдзармӕ уыцы къордтӕй иу бабырста. Уыдон ын йӕ исбон байстой, зӕгъгӕ, дам, уыдон уыдзысты нӕ къордӕн фиддонтӕ. Эммануэл ӕмӕ йӕ бинойнагыл цы дзаумӕттӕ уыд, уыдон ма сӕм баззад, ӕндӕр сын ницыуал ныууагътой. 2006 азы та сӕ сӕ хӕдзарӕй ӕмӕ сӕ хъӕуӕй ратардтой. Эммануэл йӕ бинойнагимӕ иннӕ хъӕумӕ алыгъдысты, ӕмӕ уым иу ӕфсымӕрмӕ ӕрцардысты, ӕмӕ сын уый ӕххуыс кодта. Иннӕ аз фӕстӕмӕ сӕ хъӕумӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд дӕр ӕй уыцы къорд уӕгъд нал уагъта, ӕрбаиу нӕм у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу йӕ исбон фӕстӕмӕ куы куырдта, уӕд-иу ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.

Ӕфсымӕр Огво тӕрхондонмӕ хъаст бахаста, ӕмӕ ӕппынфӕстаг, 2014 азы 15 апрелы, штат Абиайы Сӕйраг тӕрхондон уынаффӕ рахаста, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй уыцы къордтимӕ ма иу кӕна ӕмӕ йӕ кӕцы диныл фӕнды, уыцы диныл хӕст уа. Йӕ исбон дӕр ын фӕстӕмӕ радтой. Ӕмӕ ныр уыцы хъӕуы цӕрджытӕ Ӕвдисӕнты ныхмӕ афтӕ карзӕй нал цӕуынц, ӕмӕ дзы ӕфсымӕртӕ сӕрибарӕй хъусын кӕнынц.

Тӕрхондон уыцы уынаффӕ куы фехъусын кодта, уӕд ӕфсымӕр Огво, куыд цин кодта, уый тыххӕй зӕгъы: «Тынг амондджын уыдтӕн ӕмӕ фырцинӕй гӕппытӕ кодтон. Зыдтон ӕй, ацы хъуыддаг Йегъовӕ кӕй рамбылдта ӕмӕ зӕдтӕ дӕр мемӕ кӕй уыдысты. Йегъовӕ мӕ схорзӕхджын кодта».

ТУРЦИ. Йӕ дины тыххӕй ӕфсадмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны бартӕ хицауад ницӕмӕ дары.

Турцийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕ иу, Барыш Гёрмез, ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй цыппар азӕй фылдӕр ахӕстоны фӕци. Цалынмӕ йын йӕ хъуыддаг ӕвзӕрстой ӕмӕ ахст уыд, уӕдмӕ-иу ын ӕфсӕддон пъӕлицӕйы кусджытӕ фыдмитӕ фӕкодтой – къахӕй ӕмӕ-иу ыл къухӕй балӕууыдысты ӕмӕ-иу ӕй сӕ хъилтӕй фӕхостой. Ахӕстоны йӕ куы сбадын кодтой, уӕд уым дӕр хуыздӕр уавӕрты нӕ уыд. Ӕфсымӕр Гёрмез у 2 метры бӕрзӕндӕн, ӕмӕ дзы цы сынтӕг уыд, уым нӕ цыди. Ӕмӕ йын уӕд дыууӕ сынтӕджы фӕрсӕй-фӕрстӕм сӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу дзы цӕхгӕрмӕ схуыссыд, ныкъкъӕдзтӕ-иу ис, афтӕмӕй. Цасдӕры фӕстӕ йын бар радтой, цӕмӕй йын бынӕттон ӕмбырды ӕфсымӕртӕ цы стыр гобан ӕрбахастой, уый дзы сӕвӕрдтаид.

2008 азы ӕфсымӕр Гёрмез ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕртӕ ӕфсымӕры Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ хъаст бахастой, Турцийы хицауад сын сӕ бартӕ кӕй ницӕмӕ дары ӕмӕ сӕ ӕфсадмӕ кӕй цӕуын кӕны, уый фӕдыл. 2014 азы 3 июны тӕрхондон уыцы цыппар Ӕвдисӕны сӕрыл рахӕцыд, ӕмӕ уынаффӕ рахаста, уый бар сын кӕй ис, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма цӕуой. Турцийы хицауадӕн та бардзырд радта, цӕмӕй, ӕфсымӕртӕ ӕфхӕрд кӕй баййӕфтой, уый тыххӕй сын ӕхца раттой ӕмӕ, цы бахардз кодтой, уый сын бафидой *. Уыцы тӕрхондонмӕ ма Турцийы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый размӕ дыууӕ хатты бахастой ахӕм хъаст, ӕмӕ дыууӕ хатты дӕр рамбылдтой. Ныртӕккӕ Турцийы ахӕстоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ничи бады. Фӕлӕ ацы хъуыддаг кӕронмӕ лыггонд не ’рцӕудзӕн, цалынмӕ хицауад не сразы уа, Ӕвдисӕнтӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй ӕфсадмӕ ма цӕуой.

Фароны «Ӕрвылазон чиныджы» хабӕрттӕ дарддӕр

Азербайджан. Ацы бӕстӕйы пъӕлицӕ арӕх ӕмбырдтӕм бабырсы, нӕ публикацитӕй нын кӕцыдӕртӕ парахат кӕнын нӕ уадзынц, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕрцахсынц, уацамынды куы вӕййынц, уӕд ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты сӕ барты ныхмӕ цӕуынц. Хицауад нӕ разы кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уыцы бӕстӕйы регистраци скӕной. Не ’фсымӕртӕ Азербайджаны хицауадыл Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонмӕ 19 хъасты балӕвӕрдтой. Фӕлӕ кӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр сын Йегъовӕ арфӕ кӕны, ӕмӕ уый бӕрӕг у, хъусынгӕнджыты нымӕцыл кӕй ӕфты, уымӕй. Стӕй «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй азербайджайнаг ӕвзагыл кӕй рацыд, уый дӕр сын уыд стыр цины хос.

Эритрей. Кӕд ацы бӕстӕйы не ’фсымӕрты карзӕй ӕфхӕрынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Ӕфсымӕртӕй ӕртӕйӕ – Паулос Ияссу, Исаак Могос ӕмӕ Негеде Теклемариам – ахӕстоны бадынц 20 азы, 1994 азы 24 сентябрӕй. 2014 азы 14 апрелы Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕй 150 адӕймаджы бӕрц ӕрцахстой. Уыдонӕй ӕппӕты кӕстӕрыл цыд афӕдз ӕмӕ цыппар мӕйы, ӕппӕты хистӕрыл та – 85 азӕй фылдӕр. 2014 азы 27 апрелы та сӕрмагонд раныхасы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕмӕ ма чи ӕрбацыд, уыдонӕй 30 адӕймаджы бӕрц ӕрцахстой. Фӕстӕдӕр сӕ фылдӕры рауагътой.

Хъазахстан. Дины хъуыддӕгты хайад цы уынаффӕ рахаста, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бар нӕй уыцы бӕстӕмӕ сӕ публикацитӕй 14 ласын кӕнӕ парахат кӕнын. Стӕй сын хъусын кӕныны бар ис, регистраци сын кӕм скодтой, ӕрмӕстдӕр уыцы рӕтты. Ӕмӕ 50 ӕфсымӕры бӕрц ӕрцахстой, ӕндӕр рӕтты дӕр кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй, зӕгъгӕ, дам, уын уый бар нӕй. 26 ӕфсымӕры Иугонд Нациты Организацийы Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитетмӕ сӕ хъаст балӕвӕрдтой, адӕймагӕн йӕ хъуыды ӕргом дзурын йӕ бон кӕй у, уыцы бар бахъахъхъӕныны тыххӕй.

^ 1 абз. Ӕфсымӕр альтернативон службӕ рацӕудзӕн ӕви нӕ, уый йӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна.

^ 1 абз. Ахӕм къордты арӕхдӕр вӕййынц иу кары нӕлгоймӕгтӕ, уыцы иу хъӕуы цӕрджытӕ.

^ 2 абз. Хъуыддаг «Булду ӕмӕ иннӕтӕ Турцийы ныхмӕ», № 14017/08, 2014 аз, 3 июнь.