Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕхцайыл хъазын Библимӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕу?

Ӕхцайыл хъазын Библимӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕу?

КИНОТЫ ӕмӕ телепрограммӕты куыд февдисынц, афтӕмӕй ӕхцайыл хъазын, уӕлдайдӕр та казиноты, у рӕсугъд, хъӕздыг ӕмӕ уӕздан адӕмы хиирхӕфсӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕмбарынц, уыдӕттӕ ӕрмӕстдӕр рӕсугъд царды нывтӕ кӕй сты.

Фӕлӕ нӕ алыварс куы акӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм лотерейӕйӕ кӕй хъазынц, спортивон командӕтӕ кӕнӕ спортсментыл ӕхца кӕй ӕвӕрынц, стӕй казиноты ӕмӕ Интернеты дӕр ӕхцайыл кӕй хъазынц. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ӕхцайыл хъазын у, «ӕгас дунейыл дӕр хӕцгӕ низау чи апырх ӕмӕ адӕмы йӕхимӕ чи ’лвасы, ахӕм бӕллӕх» («Internet Gambling»). Зӕгъӕм, къамӕй хъазт покер абон нымад у спортивон хъазтыл: ӕвдисынц ӕй телевизоры ӕмӕ дзы хъазынц Интернеты. Иу газеты фыст уыд, зӕгъгӕ, бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Америкӕйы Иугонд Штатты фӕстаг афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг, покерӕй чи хъазы, ахӕм адӕмы нымӕц фӕфылдӕр дыууӕ хатты.

Ӕхцайыл хъазын хонынц, адӕймаг ӕхца рамбулыны тыххӕй йӕхӕдӕг цасдӕр куы ’рӕвӕры кӕнӕ куы бахардз кӕны, фӕлӕ, рамбулдзӕн ӕви нӕ, уый арӕхдӕр йӕхицӕй кӕнгӕ куы нӕ вӕййы. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕхцайыл хъазыны ӕвзӕрӕй ницы ис, адӕймаг уыцы хъуыддагыл куы нӕ фӕцахуыр уа ӕмӕ йӕхи ӕхцайыл куы хъаза, уӕд. «Ног католикон энциклопедийы» фыст ис, зӕгъгӕ, ӕхцайыл хъазын «тӕригъӕдджын хъуыддаг нӕу, кӕд адӕймаг иннӕты раз йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕны, уӕд» («New Catholic Encyclopedia»). Фӕлӕ дзы уыцы хъуыдыйӕн Библийӕ иу бӕлвырдгӕнӕн дӕр не ’рхастой. Уӕдӕ чырыстон ацы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса? Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ ӕхцайыл хъазын ӕмбӕлы ӕви не ’мбӕлы?

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстады ӕхцайыл хъазыны кой комкоммӕ нӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы ацы хъуыддаджы фӕдыл ӕппындӕр ницы ис базонӕн. Библи нын алы хъуыддаджы кӕнӕ уавӕры тыххӕй дӕр бӕлвырд закъон нӕ дӕтты, фӕлӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу «бамбарӕм, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (Ефесӕгтӕм 5:17). Ацы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцауы фӕндон цы у, уый чырыстонӕн йӕ бон у бамбарын, ацы фарстайы тыххӕй Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон кӕрӕдзиимӕ куы абара ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕна. Дарддӕр ацы статьяйы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн: «Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕхцайыл хъазын ӕмбӕлы? Библийӕ куыд зыны, Хуыцау ацы хъуддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый?»

«Амонды» уацары

Ӕхцайыл хъазгӕйӕ, хъазт куыд ацӕудзӕн, уый бӕрӕг кӕй нӕ вӕййы, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ахӕм хъӕзтыты алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ кӕй у. Уырны сӕ, хъуыддаг куыд рауайдзӕн, уый цавӕрдӕр уӕларвон тыхтӕй аразгӕ кӕй у ӕмӕ уыцы тыхтӕн сӕ бар кӕй цӕуы, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ӕрцӕуы, ахӕм хабӕрттыл. Ӕмӕ уый тыххӕй, зӕгъӕм, лотерейӕйӕ чи фӕхъазы, уыдон фелхӕнынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ нымӕцтӕ «амондджын» кӕмӕн сты, ахӕм билеттӕ. Иннӕтӕ та цавӕрдӕр хъӕзтытӕй хъазгӕйӕ сӕ амонд фӕцӕстдзыд кӕныны тӕссӕй цыдӕр ныхӕстӕ нӕ фӕдзурынц. Чидӕртӕ та хъултӕ сӕппарыны размӕ хъултыл афу кӕнынц. Цӕмӕн фӕкӕнынц ӕппӕт уыдӕттӕ? Ныфс сӕ вӕййы, афтӕмӕй сӕм амонд кӕй бахуддзӕн ӕмӕ сӕ хъазт кӕй фӕрӕстмӕ уыдзӕн.

Фӕлӕ цымӕ адӕймаджы куы уырна, алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ кӕй у, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис? Раджы заманты израилӕгтӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сӕ амонд куы уа, уӕд схъӕздыг уыдзысты. Цымӕ Хуыцау Йегъовӕ та уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй касти? Йӕ пехуымпар Исайы уылты сын загъта: «Сымах Йегъовӕйы ныууагътат, мӕ сыгъдӕг хох мын ферох кодтат ӕмӕ Амонды хуыцауы номыл фынгтӕ ӕвӕрут, Хъысмӕты хуыцауы номыл хъӕбӕр сӕны нуазӕнтӕ уадзут» (Исай 65:11). Уӕдӕ Хуыцауы цӕсты амондыл ӕууӕндын мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй уӕлдай нӕу ӕмӕ йын сыгъдӕг динимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ у, зӕгъгӕ, ууыл чи ӕууӕнды, уый йӕ зӕрдӕ ӕцӕг Хуыцауыл нӕ дары, фӕлӕ цавӕрдӕр тыхыл. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ацы хъуыддагмӕ Хуыцау ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта.

Кӕй рамбулынц, уыцы ӕхца кӕцӕй сты

Лотерейӕйӕ, казинойы йе та Интернеты ӕхцайыл чи фӕхъазы, цавӕрдӕр спортивон хъазты искӕуыл ӕхца чи сӕвӕры, уыдон нӕ фӕхъуыды кӕнынц, цы ӕхца рамбулынмӕ бӕллынц, уыдон кӕцӕй сты, ууыл. Ӕхцайыл хъазын ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы ӕхца ӕрӕвӕрын кӕнӕ дзы ӕхца бакусын иу не сты, уымӕн ӕмӕ, ӕхцайыл чи хъазы, уый фӕнды, иннӕтӕ кӕй фӕхӕрд вӕййынц, уыцы ӕхца рамбулын *. Канадӕйы иу медицинон центры куыд зӕгъынц, афтӕмӕй «лотерейӕйӕ иу адӕймаг милуан куы рамбулы, уӕд цалдӕр милуан адӕймаджы та се ’хца фӕхӕрд вӕййынц» (Centre for Addiction and Mental Health). Хуыцау ацы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн чырыстонӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?

Израилӕгтӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕстаг уыди ахӕм: «Ма бабӕлл искӕй усмӕ, нӕдӕр йӕ цагъар-нӕлгоймагмӕ ӕмӕ нӕдӕр йӕ цагъар-сылгоймагмӕ, нӕдӕр йӕ галмӕ, нӕдӕр йӕ хӕрӕгмӕ, ӕмӕ ма йӕм цы ис, уыдонӕй ӕппындӕр мацӕмӕ бабӕлл» (Рацыд 20:17). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ, искӕй исбонмӕ, мулкмӕ ӕмӕ ӕхцатӕм бабӕллын у стыр тӕригъӕд, йӕ усмӕ бабӕллын ын стыр тӕригъӕд куыд у, афтӕ. Ацы фӕдзӕхст лӕвӕрд куы ’рцыд, уымӕй бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел уыцы ныхӕстӕ загъта чырыстӕттӕн дӕр: «Ма бабӕлл, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ» (Ромӕгтӕм 7:7). Уӕдӕ кӕд чырыстоны иннӕты ’хца рамбулын фӕнды, уӕд, цымӕ, ацы фӕдзӕхсты сӕрты нӕ хизы?

«[Ӕхцайыл чи фӕхъазы, уыдонӕн сӕ фылдӕры] ныфс вӕййы – сӕхӕдӕг ыл сӕттынц ӕви нӕ – сӕ цалдӕр доллӕрӕй дӕр дуне ’хца кӕй рамбулдзысты»,– загъта редактор Филипп Вогель. Ахӕм адӕмы фӕнды, цӕмӕй сӕхи ма батыхсын кӕной, афтӕмӕй иу бонмӕ схъӕздыг уой. Фӕлӕ ахӕм зондахаст у Библийы уынаффӕйы ныхмӕ, зӕгъгӕ, чырыстон хъуамӕ «фыдӕбон кӕна, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты араза, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын» (Ефесӕгтӕм 4:28). Апостол Павел комкоммӕ загъта: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, «сӕхи фыдӕбонӕй цы къӕбӕр бакусой, уый хӕрӕнт» (2 Фессалоникӕгтӕм 3:10, 12). Ӕмӕ цымӕ ӕхцайыл хъазын та куыст схонӕн ис?

Кӕд ӕхцайыл хъазгӕйӕ адӕймагӕн хатт йӕ хид дӕр акӕлы, уӕддӕр ӕм афтӕмӕй цы ’хца ӕрбафты, уыдон ӕмбулгӕ ракӕны, кусгӕ сӕ нӕ бакӕны, ома йын уыцы ’хца мыздӕн нӕ раттынц. Ӕхцайыл чи фӕхъазы, уыдонӕн арӕхдӕр сӕхицӕй кӕнгӕ нӕ вӕййы, рамбулдзысты ӕви нӕ, уый, фӕлӕ сӕ уӕддӕр ныфс вӕййы, абон кӕнӕ райсом сӕ бӕллиц сӕ къухы кӕй бафтдзӕн. Иудзырдӕй, ӕхцайыл чи фӕхъазы, уыдоны фӕфӕнды ницыйӕ исты бакусын. Ӕцӕг чырыстӕтты та Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фыдӕбон кӕной ӕмӕ афтӕмӕй кусой се ’хца. «Царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна»,– ныффыста зондджын паддзах Соломон. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый... у ӕцӕг Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 2:24). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи фынтӕй нӕ буц кӕнынц ӕмӕ уымӕ нӕ бӕллынц, цӕмӕй ӕхца ӕнӕ фыдӕбонӕй сӕ къухтӕм цӕуа. Уыдон сӕ ныфс дарынц Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, ӕцӕг амонд ӕмӕ хорздзинӕдтӕ уымӕй кӕй цӕуынц.

Тӕссаг къӕппӕг

Ӕхцайыл чи фӕхъазы, уый кӕд рамбулы, уӕддӕр хорз уаид, ахӕм хъӕзтытӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, ууыл ахъуыды кӕнын. «Адӕймаг абон ӕнӕфсисӕй цы бынтӕ скӕна,– фыст ис Ӕмбисӕндты 20:21,– уыдоны райсом арфӕдзинад нӕ уыдзӕн». Лотерейӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр хъӕзтыты чи рамбылдта, уыдонӕй бирӕтӕ бамбӕрстой, сӕ хъӕздыгдзинад сын амонды хос кӕй нӕ фӕци. Цас хуыздӕр у Библийы уынаффӕмӕ хъусын, зӕгъгӕ, уӕ зӕрдӕ, «ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл ма дарут, фӕлӕ Хуыцауыл, циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый нын рӕдауӕй чи дӕтты, ууыл» (1 Тимофеймӕ 6:17).

Фӕлӕ дзырд ӕрмӕст ууыл нӕу, адӕймаг рамбулдзӕн ӕви фӕхӕрд уыдзӕн. Ӕхцайыл хъазын у тӕссаг къӕппӕг. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон та бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны, адӕймаджы сӕфтмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи кӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тимофеймӕ 6:9). Къӕппӕг сӕвӕрынц исты ӕрцахсынӕн. Бирӕтӕ фыццаг хъуыды кодтой, ӕхца иу гыццыл йеддӕмӕ кӕй нӕ сӕвӕрдзысты кӕнӕ ӕрмӕст иу-дыууӕ хатты кӕй ахъаздзысты, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕхцайыл хъазыныл фӕцахуыр сты ӕмӕ ӕнӕ уымӕй сӕ бон нал уыд. Уый тыххӕй бирӕтӕ сӕ куыст фесӕфтой, сӕ хиуӕтты зӕрдӕ фӕриссын кодтой кӕнӕ сӕ бинонты цард фехӕлдтой.

Ацы статьяйы Библийӕ цы стихтӕм ӕркастыстӕм, уыдон дын баххуыс кодтой, ацы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцауы фӕндон цы у, ома цы хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн? Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Уӕдӕ чырыстон йӕ цард хъуамӕ араза, ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» у ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ цардӕй рухс кӕна ӕмӕ, ӕхцайыл хъазын адӕмӕн цы зындзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй хызт уӕм (1 Тимофеймӕ 1:11).

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Ацы дыууӕ хъуыддаджы кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис журнал «Райхъал ут!»-ӕй, 2000 азы 8 октябрь, 25–27 фӕрстӕ (уырыс.). Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]

Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕхца кусынц сӕхи фыдӕбонӕй

[Рамкӕ 13 фарсыл]

Ӕнӕуи хъазт ӕви низ?

Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг ӕхцайыл хъазыныл фӕцахуыр уа ӕмӕ ӕнӕ уымӕй йӕ бон мауал уа? Доктор Ханс Брайтер иртӕста, ӕхцайыл чи хъазыд, уыдон-иу куы рамбылдтой кӕнӕ-иу куы фӕхӕрд сты, уӕд-иу сыл уый куыд фӕзынд. Брайтер загъта: «Нӕ эксперименты-иу адӕймаг ӕхца куы рамбылдта, уӕд-иу уый йӕ сӕрымагъзыл фӕзынд, кокаин ыл куыд фӕзыны, афтӕ».

[Ныв 13 фарсыл]

Ӕхцайыл чи хъазы, уый кӕй ӕхца рамбулынмӕ хъавы?