Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар...» (МАТФЕЙЫ 24:14).

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд сын бацамыдта, Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы, уый. Уыцы куывды ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад». Тынг бирӕ адӕм ацы куывд зонынц ӕнӕкӕсгӕйӕ дӕр ӕмӕ йӕ арӕх фӕдзурынц. Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, «чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, Хуыцаумӕ куы фӕкувынц, уӕд сӕйраджыдӕр фӕдзурынц ацы ныхӕстӕ». Фӕлӕ уыцы куывд чи фӕдзуры, уыдонӕй бирӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, цы у уыцы Паддзахад ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд цы сараздзӕн (Матфейы 6:9, 10).

Ӕмӕ уый диссаг нӕу. Хуыцауы Паддзахад цы у, уый тыххӕй чырыстон дины разамонджытӕй сӕ иутӕ иу дзурынц, иннӕтӕ та – ӕндӕр, стӕй сӕ ныхӕстӕй тынг зын бамбарӕн у, уыцы Паддзахад бӕлвырдӕй цы у, уый. Сӕ иу фыссы: «Хуыцауы Паддзахад у, уӕлӕрвтӕй цы цӕуы, ахӕм цыдӕр... адӕймаджы йӕ зӕрдӕйы мидӕг удӕгас Хуыцауимӕ цы бӕтты, уый... нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр ирвӕзындзинад чи хӕссы, уыцы бастдзинад Хуыцауимӕ». Иннӕ та зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар у «разамынд аргъуаны тыххӕй».

Фӕлӕ ацы брошюрӕ мыхуыры чи рауагъта, уыдоны уырны, Хуыцауы Паддзахад кӕй у, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицауад ӕмӕ тагъд ӕппӕт фыддзинад дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ зӕххӕй кӕй скӕндзӕн дзӕнӕт. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Библи куыд бӕлвырд кӕны, уымӕ.

Ӕгас зӕххы фидӕны хицӕуттӕ

Паддзахад у, паддзах кӕй сӕргъы лӕууы, ахӕм хицауад. Хуыцауы Паддзахады Паддзах у, Хуыцау кӕй райгас кодта, уыцы Йесо Чырысти. Чырыстийӕн уӕлӕрвты паддзахы бартӕ лӕвӕрд куыд ӕрцыдысты, уый пехуымпар Данел федта цӕстылуайӕны. Данел ныффыста: «Уый фӕстӕ ма ӕхсӕвы цӕстылуайӕнты федтон, уӕларвон мигътимӕ адӕймаджы фырты хуызӕн чидӕр [Йесо Чырысти] кӕй ӕрбацӕйцыд. Уымӕн бар лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй, раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уымӕ [Хуыцау Йегъовӕмӕ] бацыдаид, ӕмӕ йӕм ӕй бакодтой. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн» (Данел 7:13, 14).

Данелы чиныгӕй ма нӕ бон у базонын, уыцы Паддзахад кӕй сфидар кӕндзӕн Хуыцау ӕмӕ уыцы хицауад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ ӕндӕр хицауад кӕй никуы раивдзӕн. Данелы чиныджы дыккаг сӕры фыст ис, Вавилоны паддзахӕн Хуыцау цы фын фенын кодта, уый. Паддзах федта стыр гуымиры. Уыцы гуымиры ӕвдыста, дунейы тыхджындӕр паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи куыд ивтой, уый. Пехуымпар Данел ын йӕ фын райхӕлдта. «Фӕстаг бонты,– ныффыста Данел,– уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:28, 44).

Хуыцауы Паддзахады Паддзах зӕххӕн иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн разамынд. Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ иузӕрдион апостолтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, уыдон ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ паддзахбадӕнтыл кӕй ӕрбаддзысты (Лукайы 22:28–30). Йесо ӕнӕуи паддзахбадӕнты кой нӕ кодта, уымӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Паддзахад хъуамӕ уӕлӕрвты уыдаид. Библийы фыст ис, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон кӕй уыдзысты «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй». Уыдон хъуамӕ уой «нӕ Хуыцауы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уыдон зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10).

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар хорз цӕмӕн хуыйны?

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо Чырыстийӕн лӕвӕрд кӕй ӕрцыдысты хицауы бартӕ, цӕмӕй паддзах уа ӕппӕт «адӕмтӕн, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры», уыдонӕн. Стӕй, йемӕ чи ис, уыдоны тыххӕй дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, уыдзысты паддзӕхтӕ «зӕххӕн». Уӕдӕ цымӕ уыцы Паддзахады дӕлбар чи уыдзӕн? Абон цы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, уый йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уыдон. Стӕй ма, зӕххыл ӕнустӕм цӕрынмӕ чи райгас уыдзӕн, уыдон дӕр.

Библийы рӕсугъд ӕвзагӕй фыст ӕрцыд, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй. Мӕнӕ дзы цалдӕр:

«Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы» (Псалом 46:9).

«Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра» (Исай 65:21, 22).

«[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

«Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты. Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн» (Исай 35:5, 6).

«Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ [Йесойы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн» (Иоанны 5:28, 29).

«Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:11).

Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар хорз хабар куыннӕ у! Ӕхсызгон ма уый у, ӕмӕ, Библийы пехуымпарӕдтӕй чи сӕххӕст, уыдонӕй бӕрӕг кӕй у, Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххӕн дӕр рӕстӕй разамынд дӕттын кӕд райдайдзӕн, уыцы рӕстӕг хӕстӕг кӕй у.