Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Павел филиппӕгтӕн «паддзахы хӕдзарӕй» салӕмттӕ кӕй номӕй лӕвӕрдта, уыдон чи уыдысты?

▪ Апостол Павел Филиппты ӕмбырдмӕ фыстӕг ныффыста н. э. 60–61 азтӕм ӕввахс, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, цы паддзахы кой кодта, уый кӕй уыд Нерон. Фӕлӕ, цымӕ, паддзахы хӕдзарӕй Филиппты чырыстӕттӕн салӕмттӕ чи ӕрвыста? (Филиппӕгтӕм 4:22).

Раст нӕ уаид афтӕ зӕгъын, «паддзахы хӕдзар» ӕнӕмӕнгӕй паддзахы хӕстӕджытӕм кӕй амоны. Ацы дзырдбаст амоны, паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыцы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр: цагъартӕм дӕр ӕмӕ, раздӕр цагъар чи уыд ӕмӕ стӕй кӕй ссӕрибар кодтой, уыдонмӕ дӕр – фӕнды Ромы цардаиккой, фӕнды йӕ дӕлбар бӕстӕты. Уӕдӕ ныхӕстӕ «паддзахы хӕдзар» гӕнӕн ис, ӕмӕ амоной цалдӕр мин лӕггадгӕнӕгмӕ дӕр. Уыдон уыдысты, паддзахы галуанты чи лӕггад кодта, йӕ зӕххытӕм ӕмӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ хъус чи дардта, уыцы адӕм. Сӕ иутӕ разамынд лӕвӕрдтой, иннӕтӕ та кодтой хуымӕтӕг, сау куыстытӕ. Чидӕртӕ та сӕ, ӕвӕццӕгӕн, хицауы бынӕттӕ дӕр ахстой.

Паддзахӕн Ромы цы лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, систы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ бӕрӕг нӕу, хорз хабар сын Павел фехъусын кодта ӕви ӕндӕр чидӕр. Куыдфӕнды ма уыдаид, бӕрӕг у, Филиппты ӕмбырдыл зӕрдиагӕй кӕй тыхстысты. Горӕт Филипптӕ уыд Ромы дӕлбар, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты ромаг ӕфсады, стӕй дзы паддзахы лӕггадгӕнджытӕй дӕр бирӕтӕ уыд. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы горӕты чырыстӕттӕй чидӕртӕ уыдысты, Павел филиппӕгтӕн салӕмттӕ кӕй номӕй лӕвӕрдта, уыдоны ӕмбӕлттӕ.

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, «тиуыл цы хӕс ис, уый» цы нысан кодта?

▪ Рагон израилӕгтӕм уыди ахӕм ӕгъдау: нӕлгоймагӕн лӕппу куы нӕ райгурыдаид, афтӕмӕй куы амардаид, уӕд ын йӕ усы хъуамӕ ракуырдтаид йе ’фсымӕр, цӕмӕй, чи амард, уый номыл зӕнӕг рацыдаид (Райдиан 38:8). Уыцы ӕгъдау хуыдтой, «тиуыл цы хӕс ис, уый», зӕгъгӕ, ӕмӕ фӕстӕдӕр хаст ӕрцыд Моисейы закъонмӕ (Дыккаг закъон 25:5, 6). Руфы чиныджы Воозы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, чи амард, уыцы нӕлгоймагӕн кӕд йе ’фсымӕртӕй ӕгас ничиуал уыд, уӕд уыцы хӕс йӕхимӕ кӕй хъуамӕ райстаид йӕ хӕстӕджытӕй ӕндӕр исчи (Руф 1:3, 4; 2:19, 20; 4:1–6).

Уыцы ӕгъдау Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр кӕй уыди, уый бӕрӕг у, саддукейтӕ йӕ кой кӕй скодтой, уымӕй. Уый тыххӕй фыст ис Марчы 12:20–22. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд загъта, афтӕмӕй уыцы ӕгъдау ӕрмӕст уымӕй нӕ уыди хорз, ӕмӕ, чи амард, уыцы нӕлгоймагӕн-иу йӕ номыл цот кӕй рацыд, фӕлӕ ма-иу йӕ зӕххытӕ дӕр йӕ бинонты къухы кӕй баззадысты, ӕмӕ-иу идӕдз дӕр ӕнӕфӕкӕсӕг кӕй нӕ баззад, уымӕй. Уӕды заман уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй нӕлгоймаджы бынтӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцыдаиккой йӕ усӕн. Лӕджы бынтӕ хаудысты, сылгоймагӕн йӕ тиуӕй цы сывӕллон райгуырдаид, уымӕ.

Чи амард, уыцы нӕлгоймаджы хӕстӕгӕн, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, уый бар дӕр уыди, цӕмӕй «тиуыл цы хӕс ис, уый» ма сӕххӕст кодтаид. Фӕлӕ, «йе ’фсымӕрӕн бындар рауадзын кӕй нӕ фӕндыд», уый йӕхи ӕгад кодта (Дыккаг закъон 25:7–10; Руф 4:7, 8).