Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕтты цард фыццаг ӕнусы

Хӕдзары куыстытӕ

Хӕдзары куыстытӕ

«Иу бон фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесо бацыд иу хъӕумӕ. Уым ӕй суазӕг кодта иу сылгоймаг, Марфӕ, зӕгъгӕ. Уыцы сылгоймагӕн ма уыд хо – Марийӕ. Ӕмӕ уый Йесойы къӕхты раз сбадти ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъуыста. Марфӕ та цӕттӕ кӕныныл фӕци. Гъемӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса“. Йесо йын дзуапп радта: „Ехх, Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс. Афтӕмӕй та бирӕ ницы хъӕуы, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у. Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн“» (ЛУКАЙЫ 10:38–42).

МАРФӔ уыди куыстуарзаг сылгоймаг. Ӕмӕ йын уый тыххӕй иннӕтӕ дӕр куыннӕ кад кодтаиккой. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ хорз сылгоймагыл нымадтой, йӕ хӕдзары куыстытыл чи ӕххӕссыд ӕмӕ йӕ бинонтӕм хорз чи каст, уый.

Фыццаг ӕнусы чырыстон сылгоймӕгтӕн дӕр фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ хӕдзары куыстытӕ ӕнӕзивӕгӕй кодтаиккой (Титмӕ 2:5). Уымӕй уӕлдай ма сыл уыди уыцы кадджын хӕс дӕр, цӕмӕй сӕ дины тыххӕй иннӕтӕн дзырдтаиккой (Матфейы 28:19, 20; Хъуыддӕгтӕ 2:18). Цымӕ цы хауд дзуттаг сылгоймаджы хӕдзары куыстытӕм? Ӕмӕ, Чырысти Марийӕйы тыххӕй цы загъта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

Сылгоймаджы кӕнинӕгтӕ. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, дзуттаг сылгоймагӕн-иу йӕ бон куыд ацыд, уый. Райсомӕй-иу тынг раджы сыстад, ӕвӕццӕгӕн-иу нырма талынг уыд, афтӕмӕй (Ӕмбисӕндтӕ 31:15). Йӕ бинонтӕн-иу сцӕттӕ кодта хуымӕтӕг хӕринаг, ӕвӕццӕгӕн, кас, ӕмӕ-иу стӕй лӕппуты акодта, дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕны цы скъола уыд, уырдӕм. Чызджытӕ та-иу баззадысты хӕдзары, ӕмӕ-иу сӕ мад ахуыр кодта хӕдзары куыстытӕ кӕнын, цӕмӕй сӕ хорз ӕфсинтӕ рауадаид.

Райсомӕй-иу раджы мад йӕ чызджытимӕ райдыдта хӕдзары куыстытӕ кӕнын. Фыццаг уал-иу хъуыди цырӕгъты сой ныккӕнын (1), стӕй пъолтӕ ныммӕрзын (2) ӕмӕ сӕгъ ӕрдуцын (3). Уый фӕстӕ хъуыди боны фаг дзул скӕнын. Чызджытӕ-иу хор балуӕрстой, цӕмӕй бырӕттӕй асыгъдӕг уыдаид (4), стӕй-иу уыцы хор ӕрмгуыройӕ ӕрыссадтой (5). Мад-иу уыцы ставд ссадыл дон ӕмӕ ӕнхъизӕн ныккодта, ӕмӕ-иу дзы хыссӕ скодта. Цалынмӕ-иу хыссӕ ӕнхъызт (6), уӕдмӕ-иу кодта иннӕ куыстытӕ. Чызджытӕ та-иу сӕгъы ӕхсырӕй цыхт ахстой кӕнӕ та-иу царв цагътой (7).

Фӕстӕдӕр-иу мад йӕ чызджытимӕ базармӕ ацыд хӕринӕгтӕ ӕлхӕнынмӕ (8). Базары-иу алырдыгӕй калд алыхуызон кӕрдӕджыты адджын тӕф, хъуысти фосы уасын, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджыты дзолгъо-молгъо. Сылгоймаг-иу балхӕдта, цы йӕ хъуыд, уый. Халсартӕ ӕмӕ-иу хус кӕсаг дӕр куыннӕ балхӕдтаид. Кӕд чырыстон диныл хӕст уыд, уӕд-иу йӕ дины тыххӕй ӕнӕадзургӕ нӕ фӕуыдаид (Хъуыддӕгтӕ 17:17).

Хорз мад-иу базармӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ йӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кодта Хуыцауы закъӕттӕ, архайдта, цӕмӕй сын аргъ кодтаиккой (Дыккаг закъон 6:6, 7). Ахуыр ма-иу сӕ кодта, ӕлхӕнын куыд хъӕуы, ууыл дӕр, цӕмӕй ӕхца уӕлдай хардз ма кодтаиккой (Ӕмбисӕндтӕ 31:14, 18).

Алы боны куыстытӕм ма хауд цъайӕ дон ӕрбахӕссын дӕр (9). Цъайы цур-иу мад ӕмӕ чызджытӕ иннӕ сылгоймӕгтимӕ аныхӕстӕ кодтаиккой, уӕдӕ цы. Хӕдзармӕ-иу куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд-иу бавнӕлдтой дзул фыцынмӕ. Хыссӕйӕ-иу тъӕпӕн гуылтӕ скодтой ӕмӕ-иу сӕ пецы фыцынмӕ бавӕрдтой (10), пецтӕ та-иу сын арӕхдӕр уыдысты ӕддейӕ. Цалынмӕ-иу дзултӕ фыхтысты, уӕдмӕ-иу мад ӕмӕ чызджытӕ ныхӕстӕ кодтой, уӕлдӕфы та-иу ахӕлиу ногфых дзулы адджын тӕф.

Уый фӕстӕ-иу хӕстӕгдӕр цӕугӕдонмӕ дзаумӕттӕ ӕхсынмӕ ацыдысты (11). Фыццаг уал-иу дзаумӕттӕ дзӕбӕх сӕууӕрстой фӕныкӕй конд сапонӕй. Стӕй-иу сӕ сӕнхъӕвзтой, ныллӕмӕрстой-иу сӕ ӕмӕ-иу сӕ къутӕртыл кӕнӕ дуртыл хус кӕнынмӕ байтыдтой.

Дзаумӕттӕ-иу куы бахус сты, уӕд-иу сӕ мад ӕмӕ чызджытӕ хӕдзармӕ ’рбахастой, ӕмӕ-иу хӕдзары сӕрмӕ ссыдысты, дзаумӕттӕй-иу чи аскъуыд, уыдон ахуыйынмӕ (12), ӕмӕ-иу сӕ стӕй бафснайдтой. Уый фӕстӕ-иу мад чызджыты ахуыр кодта хъуымацыл алыхуызон ӕндӕхтӕй рӕсугъд нывтӕ кӕнын ӕмӕ хъуымац уафын (13). Уӕдмӕ-иу ӕрцыд ӕхсӕвӕр цӕттӕ кӕныны афон дӕр (14). Дзуттӕгтӕн се ’гъдауы уыд уазӕджы сбуц кӕнын, ӕмӕ бинонтӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ уыдысты, цы сӕм уыд, уый уазӕджы раз ӕрӕвӕрынмӕ: дзул, халсартӕ, цыхт, хус кӕсаг ӕмӕ уазал дон.

Уӕдмӕ-иу сывӕллӕттӕн хуыссын афон ӕрхӕццӕ. Искӕмӕн-иу йӕ уӕрагыл цъӕррӕмыхст куы уыд, уӕд-иу ын ӕй мад оливӕйы сойӕ байсӕрста. Бинонтӕ-иу цырагъы мынӕг рухсмӕ бадтысты ӕмӕ-иу фыд ӕмӕ мад сывӕллӕттӕн Фыстадӕй исты хабар радзырдтой, ӕмӕ-иу стӕй иумӕ скуывтой. Ӕппынфӕстаг-иу хӕдзар ныссабыр. Бинонты хистӕрӕн-иу, ай-гъай дӕр, уыд, йӕ цардӕмбалӕй цӕй тыххӕй раппӕлыдаид, уый. Йӕ зӕрдыл-иу куыннӕ ӕрлӕууыдаиккой мӕнӕ ацы зындгонд ныхӕстӕ: «Чи ссардзӕн хорз ус? Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 31:10).

«Хуыздӕр хай равзӕрста». Уӕдӕ йӕ куыд федтам, афтӕмӕй, фыццаг ӕнусы куыстуарзаг сылгоймагӕн бирӕ алыхуызон кӕнинӕгтӕ уыд (Лукайы 10:40). Абон дӕр сылгоймагӕн бирӕ куыстытӕ ис, уӕлдайдӕр та йын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд. Ӕмӕ кӕд нырыккон техникӕ сылгоймӕгтӕн сӕ къух бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕрогдӕр кодта, уӕддӕр бирӕ мадӕлтӕн сӕ уавӕртӕ афтӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст сӕ бинонтыл тыхсын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма искуы кусын дӕр.

Кӕд абон чырыстон сылгоймӕгты уӕхсчытыл гыццыл уӕз нӕй, уӕддӕр архайынц, райдианы кӕй кой уыд, уыцы Марийӕйы фӕзмын – Хуыцауӕн лӕггад кӕнын сын тынг ахсджиаг (Матфейы 5:3). Фыстад сын куыд амоны, афтӕ сӕ бинонтыл зӕрдиагӕй тыхсынц (Ӕмбисӕндтӕ 31:11–31). Фӕлӕ ма уыдон цӕрынц, Йесо Марфӕйӕн цы хъуыды загъта, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Марфӕ Хуыцауы бирӕ уарзта ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы фӕлмӕн уынаффӕмӕ байхъуыстаид. Абон дӕр чырыстон сылгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй сӕ сӕ хӕдзары куыстытӕ ма хъыгдарой Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын (15) кӕнӕ иннӕтимӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ныхас кӕнын (Матфейы 24:14; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Афтӕмӕй уыдон ӕвзарынц «хуыздӕр хай» (Лукайы 10:42). Ахӕм сылгоймӕгтӕн стыр аргъ кӕнынц Хуыцау дӕр, Чырысти дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 18:22).