Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы хорздзинад ис, уый уыны

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы хорздзинад ис, уый уыны

1 ПАДДЗӔХТЫ 14:13

«ЙЕГЪОВӔ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕ алы хъуыды ӕмӕ йӕ алы фӕнд дӕр базоны» (1 Азфысты 28:9). Ацы ныхӕстӕ нын сты ныфсы хос, уымӕн ӕмӕ ууыл дзурӕг сты, Йегъовӕйӕн зынаргъ стӕм. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕд дӕр нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕты агуры хорздзинад. Ӕмӕ уый ирдӕй зыны, 1 Паддзӕхты 14:13 стихы Авийы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй.

Ави цы бинонты ’хсӕн хъомыл кодта, уыдоны хорз схонӕн нӕ уыд. Йӕ фыд Йеровоам аздӕхт ӕцӕг Хуыцауӕй, ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаг дӕр йӕ зондыл ацыд *. Ӕмӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта Йеровоамы хӕдзар «ахафын», ома йын йӕ хӕдзарвӕндаг фесафын, «фаджыс куыд ахафынц ӕмӕ дзы куыд ницыуал ныууадзынц, афтӕ» (1 Паддзӕхты 14:10). Фӕлӕ Хуыцау загъта, Йеровоамы бинонтӕй ӕрмӕстдӕр Авийы кӕй бавӕрдзысты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (уыцы рӕстӕг уыд уӕззау рынчын) *. Цӕмӕн? Хуыцау загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ Йеровоамы хӕдзары ӕрмӕстдӕр уый зӕрдӕйы ссардта цыдӕр хорздзинад» (1 Паддзӕхты 14:1, 12, 13). Ацы ныхӕстӕй Авийы тыххӕй цы базонӕн ис?

Библийы ницы ис фыст, Ави Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уыди, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕм цыдӕр хорздзинад уыд. Библи цы ’взагыл фыст ӕрцыд, уыцы ’взагӕй ацы хъуыды комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнай, уӕд у, Авийы мидӕг ссардӕуыд хорздзинад Йегъовӕйы ’рдӕм, зӕгъгӕ. Уыцы хорздзинад ӕвӕццӕгӕн, баст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ. Дзуттаг дины разамонджыты чингуыты ис ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, дам-иу, ӕвӕццӕгӕн, Ави цыди Иерусалимы кувӕндонмӕ кувынмӕ кӕнӕ та, дам, цӕмӕй израилӕгтӕ Иерусалиммӕ ма цыдаиккой, уый тыххӕй йӕ фыд кӕй сӕвӕрдта, уыцы хъахъхъӕнджыты айста.

Уыцы хорздзинад цы уыди, уый кӕд бӕрӕг нӕу, уӕддӕр уыди стыр хъуыддаг. Цӕмӕн? Фыццаджыдӕр, цӕстмӕ ми нӕ уыд – цыди йӕ «зӕрдӕйӕ». Дыккаджы та, уыцы хорздзинад ӕм кӕй уыд, уый уыди диссаг, уымӕн ӕмӕ кӕд Ави «Йеровоамы хӕдзары» хъомыл кодта, уӕддӕр ӕм уыди ахӕм хордзинад. Иу ахуыргонд афтӕ зӕгъы: «Раппӕлинаг у уыцы адӕймаг, ӕвзӕр бынаты ӕмӕ ӕвзӕр бинонты ’хсӕн чи фӕцӕры, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы хордзинад кӕмӕн баззайы». Ӕндӕр ахуыргонд та Авийы хорздзинады тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы хорздзинад уыд «бӕрӕг... тар ӕхсӕвы арвыл стъалытӕ ирддӕрӕй куыд фӕзынынц ӕмӕ бӕгънӕг бӕлӕсты ’хсӕн кедртӕ куыд рӕсугъд вӕййынц, афтӕ».

Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у уый, ӕмӕ нын 1 Паддзӕхты 14:13 фыст ныхӕстӕ ӕргом кӕнынц, Йегъовӕйӕн цы диссаджы удыхъӕд ис ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕм цӕмӕ кӕсы, уый. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ Авийы «зӕрдӕйы ссардта цыдӕр хорздзинад». Куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ лӕмбынӕг каст Авийы зӕрдӕмӕ, цалынмӕ дзы цыдӕр хорздзинад не ссардта, уӕдмӕ. Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй Ави йӕ бинонтимӕ абаргӕйӕ уыд, «хуыры ’хсӕн» иу зынаргъ дур куыд уа, афтӕ. Йегъовӕйӕн уыцы хорздзинад ӕхсызгон уыд ӕмӕ йын саргъ кодта – уыцы ӕвзӕр бинонтӕй ӕрмӕстдӕр Авийӕн бахай кодта йӕ хорзӕхӕй.

Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕм Йегъовӕ хорздзинад кӕй агуры ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ тавы! (Псалом 130:3). Уыцы хъуыддаг кӕй зонӕм, уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм Йегъовӕмӕ, нӕ зӕрдӕтӕм нын лӕмбынӕг чи кӕсы ӕмӕ дзы гыццыл хорздзинадӕн дӕр чи аргъ кӕны, уыцы Хуыцаумӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Йеровоам Израилы дӕсмыггаг паддзахады сӕвӕрдта дыууӕ сызгъӕрин роды, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйӕн кувынмӕ Иерусалимы кувӕндонмӕ мауал цыдаиккой, фӕлӕ уыдонӕн куывтаиккой.

^ 2 абз. Раджы заманты-иу адӕймаджы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй нӕ бавӕрдтой, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ дзы Хуыцау разы нӕ уыд (Йереми 25:32, 33).