Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг ут

Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг ут

«Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут» (1 ПЕТ. 1:8).

1, 2. а) Ӕнусон цардӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй царды фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм?

ЧЫРЫСТӔТТӔ куы свӕййӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ слӕууӕм царды фӕндагыл. Хуыцауыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уыцы фӕндаджы кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм. Йесо загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 24:13). Ӕцӕгдӕр, цӕмӕй уыцы фӕндаджы кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауыл иузӕрдион уӕм суанг «кӕронмӕ», фӕнды нӕ царды кӕрон уа, фӕнды – ацы фыддунейы кӕрон. Фӕлӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй нын ацы дунейы къуылымпыйы хос мацы суа (1 Иоан. 2:15–17). Цымӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй царды фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уӕм?

2 Уыцы хъуыддаджы нын Йесо ныууагъта диссаджы цӕвиттон. Йесо цы фӕндагыл цыди, ома куыд цард, уый тыххӕй фыст ис Библийы. Уыцы хабӕрттӕ куы иртасӕм, уӕд базондзыстӕм, Йесо цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. (Бакӕс 1 Петры 1:8, 9.) Апостол Петр загъта, Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм (1 Пет. 2:21). Нӕ алы къахдзӕф дӕр Йесойы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд кӕронмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм *. Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ууыл. Ацы статьяйӕ та базондзыстӕм, Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый.

ЙЕСО У ХЪӔБАТЫР

3. Хъӕбатырдзинад цы у ӕмӕ нӕм цӕй фӕрцы уыдзӕн?

3 Хъӕбатырдзинад нын хъарутӕ дӕтдзӕн ӕмӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕндзӕн. Хъӕбатырдзинад ма нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, раст цы у, уый сӕрыл дзурӕм. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты рӕстӕг ӕгӕр ма стыхсӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Хъӕбатырдзинад баст у тас, ныфс ӕмӕ уарзондзинадимӕ. Куыд? Хуыцауы фӕхъыг кӕнынӕй куы тӕрсӕм, уӕд адӕмӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (1 Сам. 11:7; Ӕмб. 29:25). Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд хъуыды кӕндзыстӕм нӕ фӕлварӕнтыл нӕ, фӕлӕ нӕм цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл (Пс. 27:14). Удуӕлдай уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, нӕ фӕдыл куы зилой, суанг уӕд дӕр (Иоан. 15:13). Ӕмӕ нӕм ахӕм хъӕбатырдзинад уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарӕм ӕмӕ йын йӕ Фырты куы фӕзмӕм, уӕд (Пс. 28:7).

4. Йесо кувӕндоны хъӕбатырдзинад куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Йесойыл 12 азы куы цыд, уӕд хъӕбатырдзинад равдыста, кувӕндоны ахуыргӕнджыты ’хсӕн куы бадт, уӕд. (Бакӕс Лукайы 2:41–47.) Дины ахуыргӕнджытӕ хорз зыдтой ӕрмӕст Моисейы закъон нӕ, фӕлӕ ма, адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ уыцы закъон зын ӕххӕст кӕнӕн кӕй тыххӕй уыди, уыцы ӕгъдӕуттӕ дӕр. Фӕлӕ кӕд бирӕ зыдтой, уӕддӕр Йесо нӕ фӕтарст. Уый хъусӕй нӕ лӕууыд, фӕлӕ «сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо сӕ нӕ фарста, уыцы кары сывӕллӕттӕ арӕхдӕр цӕмӕй фӕфӕрсынц, уыдӕттӕй. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Йесо уыцы ахуыргӕнджытӕм куыд лӕвӕрдта, хъуыдытыл сӕ чи бафтыдта, ахӕм фарстатӕ. Ӕмӕ сӕ кӕд Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын фӕндыд ӕмӕ йӕм уый тыххӕй, бӕлвырд дзуапп кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой, уӕддӕр сын дзы ницы рауад. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, уыимӕ ахуыргӕнджытӕн дӕр, сӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, «куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ». Йесо хъӕбатырӕй дзырдта, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый сӕрыл!

5. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

5 Йӕ лӕггады рӕстӕг Йесо бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты равдыста хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, адӕмӕн ӕргом кодта, дины разамонджытӕ сын мӕнг ахуырӕдтӕй сӕ зонд кӕй зыгъуыммӕ кодтой, уый (Матф. 23:13–36). Стӕй ма Йесо ацы дунейӕн уый бар нӕ радта, цӕмӕй йӕ йе ’взӕр зондахастӕй фӕхъӕстӕ кодтаид (Иоан. 16:33). Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта (Иоан. 5:15–18; 7:14). Ӕмӕ дыууӕ хатты кувӕндонӕй хъӕбатырӕй ратардта, сыгъдӕг дин чи чъизи кодта, уыдоны (Матф. 21:12, 13; Иоан. 2:14–17).

6. Йесо зӕххыл йӕ фӕстаг бон хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

6 Ӕркӕсӕм-ма, Йесо зӕххыл йӕ фӕстаг бон цы хъӕбатырдзинад равдыста, уымӕ дӕр. Йесо зыдта, Иудӕ йӕ куы ауӕй кӕна, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕры Иудӕйӕн загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр бакӕн» (Иоан. 13:21–27). Уый фӕстӕ йӕм Гефсиманийы дыргъдонмӕ ӕрцахсынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы ӕфсӕддонты раз хъӕбатырӕй ӕрлӕууыд. Ӕмӕ кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты бахъахъхъӕдта ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Адоны ауадзут» (Иоан. 18:1–8). Фӕстӕдӕр ӕм дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны фарстатӕ куы лӕвӕрдтой, уӕд сын Йесо хъӕбатырӕй загъта, Чырысти ӕмӕ Хуыцауы Фырт кӕй у. Ӕмӕ кӕд хистӕр сауджын, мӕлӕты тӕрхон ын цӕй тыххӕй рахастаиккой, уый ӕфсон агуырдта, уӕддӕр Йесо нӕ фӕтарст (Мар. 14:60–65). Уый Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл амард. Йӕ фӕстаг ныхӕстӕ уыдысты: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоан. 19:28–30).

ЙЕСОЙАУ ХЪӔБАТЫР УТ

7. Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стут, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнут? Уӕ бон куыд у равдисын, хъӕбатыр кӕй стут, уый?

7 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойау хъӕбатыр кӕй стӕм? Скъолайы. Ӕрыгӕттӕ, хъӕбатыр кӕй стут, уый бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стут, уый тыххӕй уе ’мкъласонтӕн ӕмӕ иннӕтӕн куы фӕдзурут, уӕд. Афтӕмӕй февдисут, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссут, уымӕй сӕрыстыр кӕй стут, кӕд уыл уый тыххӕй иннӕтӕ фӕхудынц, уӕддӕр. (Бакӕс Псалом 86:12.) Чи зоны, кӕйдӕрты фӕнды, цӕмӕй эволюцийыл баууӕндат. Фӕлӕ сымах фидарӕй зонут, Библи сфӕлдыстады тыххӕй цы дзуры, уый раст кӕй у. Уӕ бон у пайда кӕнын брошюрӕйӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа», цӕмӕй-иу дзуапп радтат, «уӕ ныфсы тыххӕй» зонын кӕй фӕнды, уыдонӕн (1 Пет. 3:15). Уӕд райгонд уыдзыстут, уымӕн ӕмӕ зондзыстут, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый сӕрыл хъӕбатырӕй кӕй дзырдтат!

8. Цы нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм?

8 Уацамынды. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзурӕм» (Хъуыд. 14:3). Цы нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатырӕй хъусын кӕнӕм? Фыццаг уый, ӕмӕ зонӕм, адӕмӕн цы хабар хъусын кӕнӕм, уый рӕстдзинад кӕй у, уымӕн ӕмӕ у Библийӕ (Иоан. 17:17). Дыккаг уый, ӕмӕ «мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ», ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕны (1 Кор. 3:9; Хъуыд. 4:31). Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ мах уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы, ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм (Матф. 22:37–39). Хъӕбатыр кӕй стӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уыцы хъуыддаг макуы ныууадзӕм. Мах фӕнды рӕстдзинад амонын, «куырм» чи у, ома дины разамонджытӕ йӕ зонд кӕмӕн сзыгъуыммӕ кодтой, уыдонӕн (2 Кор. 4:4). Ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм, иннӕтӕ нӕм куы нӕ хъусой кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр (1 Фес. 2:1, 2).

9. Фӕлварӕнты рӕстӕг цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, хъӕбатыр кӕй стӕм, уый?

9 Фӕлварӕнты рӕстӕг. Нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл куы дарӕм, уӕд нын дӕтдзӕн фаг уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Нӕ хиуӕттӕй исчи куы фӕзиан уа, уӕд куыннӕ маст кӕндзыстӕм, фӕлӕ нын уӕддӕр уыдзӕн фидар ныфс. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» нын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн (2 Кор. 1:3, 4; 1 Фес. 4:13). Уӕззау низӕй рынчын куы уӕм, уӕд, чи зоны, нӕ низӕй тынг тыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм мадзӕлтты руаджы нӕхи нӕ дзӕбӕх кӕндзыстӕм (Хъуыд. 15:28, 29). Нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм ӕмӕ ныл «нӕ зӕрдӕ... [куы] худа», уӕддӕр нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм. Мах нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ уый «хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ» * (1 Иоан. 3:19, 20; Пс. 34:18).

ЙЕСО У АРФУЫНӔГ

10. Арфуынӕг уай, уый цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ чырыстонӕн йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй куыд вӕййы бӕрӕг, арфуынӕг кӕй у, уый?

10 Арфуынӕг адӕймаг фембары, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмӕ зондджынӕй фӕархайы (Дзут. 5:14). Ахӕм чырыстон фӕхӕссы, Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕрцы кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ. Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕны. Арфуынӕг чырыстон фӕархайы, цӕмӕй ныхасӕй макӕй фӕхъыг кӕна, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр удӕнцой хӕсса (Ӕмб. 11:12, 13). Ахӕм адӕймаг «йӕ маст уромы» (Ӕмб. 14:29). Уый «цӕуы раст фӕндагыл», ома царды раст уынаффӕтӕ фӕхӕссы (Ӕмб. 15:21). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй арфуынӕг уӕм? Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Ӕмб. 2:1–5, 10, 11). Уӕлдай тынгдӕр та нын баххуыс кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон – уымӕй арфуынӕгдӕр адӕймаг нӕ уыд.

11. Йесо арфуынӕг кӕй уыди, уый йӕ ныхӕстӕй куыд уыд бӕрӕг?

11 Йесо арфуынӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Йӕ ныхӕстӕ. Хорз хабар-иу куы хъусын кодта, уӕд-иу цы ӕхсызгон ныхӕстӕ кодта, уыдонӕй-иу адӕмы дисы бафтыдта (Лук. 4:22; Матф. 7:28). Арӕх-иу сын касти Хуыцауы Ныхас кӕнӕ-иу дзы кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ ӕрхаста. Йесо зыдта, цавӕрдӕр уавӕры кӕцы стихӕй спайда кӕнын хъуыди, уый (Матф. 4:4, 7, 10; 12:1–5; Лук. 4:16–21). Фыстад куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ чи хъуыста, уыдонӕн-иу йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕтӕм арф бахъардтой. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ Еммаусмӕ фӕндагыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ ныхас кодта ӕмӕ сын бамбарын кодта, «ӕппӕт Фыстады йӕхи тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ». Уый фӕстӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Немӕ фӕндагыл куы ныхас кодта ӕмӕ нын Фыстад куы ’мбарын кодта, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуы нӕ сыгъдысты?» (Лук. 24:27, 32).

12, 13. Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йесо йӕ маст уромын кӕй зыдта ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта?

12 Йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ зондахаст. Йесо арфуынӕг кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ «маст уромын» зыдта (Ӕмб. 16:32). Уыд хиуылхӕцгӕ ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг (Матф. 11:29). Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу цавӕрдӕр рӕдыд куы сарӕзтой, уӕд-иу семӕ уыд фӕразон (Мар. 14:34–38; Лук. 22:24–27). Ӕмӕ-иу ӕй знӕгтӕ куы ’фхӕрдтой, уӕд дӕр-иу йӕхиуыл хӕцын зыдта (1 Пет. 2:23).

13 Йесо арфуынӕг кӕй уыд, уый фӕрцы ӕмбаргӕйӕ архайдта. Уый зыдта, Моисейы закъон цы уагӕвӕрдтыл арӕзт уыд, уыдон ӕмӕ архайгӕ дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ кодта. Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕркӕсын, «тугцыдӕй чи удхар кодта», уыцы сылгоймаджы хабармӕ. (Бакӕс Марчы 5:25–34.) Уыцы сылгоймаг адӕмы ’хсӕнты Йесомӕ бацыд, йӕ уӕлӕдарӕсыл ын андзӕвыд ӕмӕ сдзӕбӕх. Закъонмӕ гӕсгӕ уыцы сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд, ӕмӕ йын искӕмӕ бавналыны бар нӕ уыди (Лев. 15:25–27). Фӕлӕ йӕм Йесо тызмӕгӕй не сдзырдта. Уый равдыста «фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад», уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, уыцы миниуджытӕ Закъон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй сты (Матф. 23:23). Йесо йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз». Ацы хабарӕй ирдӕй зыны, Йесо арфуынӕг кӕй уыд ӕмӕ уый фӕрцы адӕммӕ фӕлмӕн зӕрдӕ кӕй дардта.

14. Йесойӕн царды сӕйрагдӕр цавӕр хъуыддаг уыд ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ саразын йӕ бон цӕй фӕрцы уыд?

14 Йӕ цард. Йесо арфуынӕг кӕй уыд, уый равдыста, куыд цард, уымӕй – йӕ царды сӕйрагдӕр хъуыддаг уыд хъусын кӕнын (Лук. 4:43). Ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хаста, уыдоны фӕрцы йӕ бон уыд йӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ саразын ӕмӕ йыл цы хӕс уыд, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, хуымӕтӕг цард кӕй кодта, уый фӕрцы йӕ бон уыд йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр лӕггад кӕнынӕн раттын (Лук. 9:58). Йесо ӕмбӕрста, иннӕты дӕр кӕй хъуамӕ ахуыр кӕна, цӕмӕй йӕ мӕлӕты фӕстӕ дарддӕр хъусын кӕной (Лук. 10:1–12; Иоан. 14:12). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, сӕ лӕггады сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (Матф. 28:19, 20).

ЙЕСОЙАУ АРФУЫНӔГ УТ

Арфуынӕг куы уӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, адӕмы цы тыхсын кӕны, ӕмӕ нӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ араздзыстӕм (кӕс 15 абзац)

15. Арфуынӕг кӕй стӕм, уый нӕ ныхӕстӕй куыд уыдзӕн бӕрӕг?

15 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойау арфуынӕг кӕй стӕм? Нӕ ныхӕстӕ. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд сын нӕ ныхӕстӕй сӕ ныфс нӕ сӕтдзыстӕм, фӕлӕ сӕ фидар кӕндзыстӕм (Еф. 4:29). Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ ныхӕстӕ уой «зӕрдӕмӕдзӕугӕ», ома хъуамӕ уӕздан ныхас кӕнӕм (Кол. 4:6). Фыццаг уал-иу хъуамӕ бамбарӕм, адӕймаджы цы тыхсын кӕны ӕмӕ йӕ цы базонын фӕнды, уый ӕмӕ-иу стӕй нӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ аразӕм. Адӕмимӕ хӕларзӕрдӕйӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд нӕм ӕхсызгонӕй хъусдзысты ӕмӕ сын цы хабар хъусын кӕнӕм, уый сӕ зӕрдӕтӕм исдзысты. Хорз хабар сын куы фӕдзурӕм, уӕд-иу сын, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Библийӕ стих бакӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы хабар Хуыцауы Ныхасӕй у. Мах зонӕм, нӕхӕдӕг куыдфӕнды хорз ма дзурӕм, уӕддӕр Библийы фыст ныхӕсты стырдӕр тых ис (Дзут. 4:12).

16, 17. а) Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, хиуылхӕцгӕ кӕй стӕм ӕмӕ нӕ маст уромын кӕй зонӕм? ӕ) Цы нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ саразӕм?

16 Не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ зондахаст. Арфуынӕг куы уӕм, уӕд зындзинӕдты рӕстӕг хиуылхӕцгӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ «маст уромын» зондзыстӕм (Иак. 1:19). Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй бамбарӕм, афтӕ цӕмӕн загъта кӕнӕ афтӕ цӕмӕн бакодта. Ӕмӕ нын уый фӕстӕ ӕнцондӕр вӕййы, цӕмӕй йын ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ йӕм ма мӕсты кӕнӕм (Ӕмб. 19:11). Арфуынӕг куы уӕм, уӕд ма ӕмбаргӕ дӕр уыдзыстӕм. Мах зонӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Стӕй уый дӕр рох кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ, цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уый мах, чи зоны, зонгӕ дӕр нӕ кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ сӕм лӕмбынӕг фӕхъусӕм ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд семӕ сразы вӕййӕм (Фил. 4:5).

17 Нӕ цард. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый ахӕм стыр кад у, ӕмӕ йын абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм, ӕмӕ нӕ бон уа нӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ саразын. Йегъовӕ нын царды фыццаг бынаты кӕй ис ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ бон у нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн дӕттын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 6:33; 24:14).

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕнусон царды фӕндагыл цӕуӕм ӕмӕ дӕ фидар фӕнд цы у?

18 Куыд ӕхсызгон нын у, Йесойы диссаджы миниуджытӕй иуӕй-иуты тыххӕй фылдӕр кӕй базыдтам! Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, цы стыр ӕххуыс нын уыдзӕн, йӕ иннӕ миниуджыты тыххӕй дӕр ын фылдӕр куы базонӕм ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, уый куы фенӕм. Цӕй уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд, цӕмӕй Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд дарддӕр дӕр ӕнусон царды фӕндагыл цӕудзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

^ 2 абз. 1 Петры 1:8, 9 стихты фыст ныхӕстӕ хауынц, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Фӕлӕ Петры ныхӕстӕ ахӕссӕн ис, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕм дӕр.

^ 9 абз. Фӕлварӕнты рӕстӕг хъӕбатырдзинад чи равдыста, уыдоны цӕвиттонтӕ кӕс 2000 азы 1 декабры «Сторожевая башня»-йы, 24–28 фӕрстӕ ӕмӕ 2003 азы 22 апрелы «Пробудитесь!»-ы.