ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Февраль 2015

Ацы брошюрӕйы ис, 2015 азы 6 апрелӕй 3 маймӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Диссаджы лӕвар Японийӕн

Японийы рауагътой ног чиныг «Библи – Матфейы фыст хорз хабар». Ацы чиныг куыд конд у? Цӕмӕн ӕй рауагътой?

Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут

1 Петры 2:21 фыст ис, Йесойы къахвӕдтыл кӕй хъуамӕ цӕуӕм. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уӕм?

Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг ут

Библийы фӕрцы нӕ бон у базонын, Йесойӕн цавӕр удыхъӕд ис, уый. Ӕркӕсӕм-ма, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр ӕмӕ арфуынӕг уӕм, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм.

Дӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг кӕнын ма бауадз!

Мах зонӕм, абон зӕххыл хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕй нӕй. Цымӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уацамынды ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайӕм?

Адӕмтӕ цӕттӕ уыдысты «Йегъовӕйы тыххӕй... базонынмӕ»

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы цы бантыст? Иннӕ рӕстӕджытимӕ абаргӕйӕ сын уӕд уыцы куыст кӕнын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы уыд?

Йегъовӕ нын разамынд дӕтты, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕнӕм

Нӕ рӕстӕджыты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной?

Кӕсджыты фарстатӕ

Нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, парфюмеримӕ аллергийӕ кӕмӕн ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн? Хо йӕ сӕрыл сӕрбӕттӕн кӕд хъуамӕ ныккӕна?

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Тынг ахсджиаг рӕстӕг»

«Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй фыст уыд, зӕгъгӕ, уый у «тынг ахсджиаг рӕстӕг», ӕмӕ журналрауадзджытӕ кӕсджыты разӕнгард кодтой уыцы хабар бӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕрымысӕн изӕр раздӕр куыд бӕрӕг кодтой?