Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хъуыды фӕивын дӕ хъӕуы ӕви нӕ?

Дӕ хъуыды фӕивын дӕ хъӕуы ӕви нӕ?

ӔРЫГОН Ӕвдисӕнтӕ сфӕнд кодтой иумӕ кинотеатрмӕ ацӕуын. Скъолайы иууылдӕр иу кинойы кой кӕнынц, тынг, дам, у. Кинотеатрмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд афишӕтыл федтой хӕцӕнгӕрзты ӕмӕ ӕрдӕгбӕгънӕг сылгоймӕгты нывтӕ. Цымӕ куыд бакӕндзысты? Баззайдзысты ӕмӕ киномӕ бакӕсдзысты ӕви ацӕудзысты?

Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ арӕх уыцы уынаффӕтӕй кӕнгӕ вӕййы, Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕви дзы адард уыдзыстӕм. Исты хъуыддаг лыг кӕнгӕйӕ, чи зоны, фыццаг дӕхицӕн зӕгъай, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ стӕй уыцы хъуыддагыл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнай, уӕд, чи зоны, дӕ хъуыды фӕивай. Мыййаг, уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ дӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын нӕу? Ӕви, зондӕй кӕй архайыс, ууыл?

Дӕ хъуыды кӕд хъуамӕ ма фӕивай

Йегъовӕйы кӕй бауарзтам, уый нӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй йын нӕхи снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм. Мах ын дзырд радтам, иузӕрдион ыл кӕй уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхас ма фӕсайӕм. Фӕлӕ не знаг, Сайтан Хӕйрӕг, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзӕн, цӕмӕй нӕ фӕрӕдийын кӕна (Рарг. 12:17). Мах аскъуыддзаг кодтам, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ хъуыды куы фӕивӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, нӕ цард кӕй фесафдзыстӕм, уымӕй.

Иу-2 600 азы размӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор скодта стыр сызгъӕрин гуымиры ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йын алчидӕр бакуывтаид. Паддзахы коммӕ чи нӕ бакастаид, уый судзгӕ пецы баппӕрстаиккой. Фӕлӕ ӕртӕ ӕрыгон лӕппуйы, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго, куывтой Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцыдаид, ахӕм хъуыддаг саразын. Гъемӕ паддзахы бардзырдмӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй судзгӕ пецы баппӕрстой. Йегъовӕ сӕ диссаджы хуызы фервӕзын кодта. Фӕлӕ уыдон мӕлӕтыл дӕр разы уыдысты, цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтаиккой (Дан. 3:1–27).

Ӕркӕсӕм-ма пехуымпар Данелы цӕвиттонмӕ дӕр. Данел, куыд ахуыр уыд, афтӕ бон ӕртӕ хатты Хуыцаумӕ куывта, кӕд ӕй зыдта, ӕмӕ йӕ исчи куы фена, уӕд ӕй домбӕйтты дзыхъхъы ныппардзысты, уӕддӕр. Данел йӕ хъуыды нӕ фӕивта,– дарддӕр дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кодта,– ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Йегъовӕ «фервӕзын кодта домбӕйтты дзӕмбытӕй» (Дан. 6:1–27).

Нӕ рӕстӕджы дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цӕрынц, Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Африкӕйы иу скъолайы ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕ тырысайӕн нӕ бакуывтой, ӕмӕ сӕм бартхъирӕн кодтой, скъолайӕ уӕ атӕрдзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр уыцы горӕтмӕ ӕрцыд ахуырады министр ӕмӕ уыцы Ӕвдисӕнтимӕ аныхас кодта. Уыдон нӕ фӕтарстысты ӕмӕ йын сӕ хъуыды уӕзданӕй бамбарын кодтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм уыцы хъуыддаджы тыххӕй ничиуал ницы фӕдзуры ӕмӕ сын Хуыцауы закъӕттӕ ничиуал халын кӕны.

Ӕркӕсӕм ма Джозефы хабармӕ дӕр. Йӕ бинойнаг ракӕй рынчын уыд, ӕмӕ иуафон ӕвиппайды бавзӕр ӕмӕ фӕзиан. Джозеф зианимӕ баст хабӕртты фӕдыл цы уынаффӕ рахаста, уыимӕ йӕ хӕстӕджытӕ разы уыдысты. Фӕлӕ йӕ бинойнаджы хӕстӕджытӕ Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ зианы кӕндтӕ бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ скӕнын фӕндыд. Уыцы ӕгъдӕуттӕй та кӕцыдӕртӕ Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ уыдысты. Джозеф загъта: «Ӕз сын куы нӕ разы кодтон, уӕд мӕ сывӕллӕтты ’рдӕм фесты, цӕмӕй уыдоны уӕддӕр сразы кодтаиккой. Фӕндыд ма сӕ, цӕмӕй нӕ хӕдзары ӕхсӕвбадӕнтӕ скодтаиккой. Фӕлӕ сын ӕз загътон, кӕд уӕ исты аразын фӕнды, уӕд ӕй ӕндӕр искуы саразут. Цӕуыл ӕууӕндын, стӕй мӕ бинойнаг дӕр цӕуыл ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕвбадӕнтӕ раст кӕй не сты, уый зыдтой ӕмӕ ӕппынфӕстаг аскъуыддзаг кодтой, ӕндӕр ран сӕ кӕй скӕндзысты.

Уыцы зын рӕстӕг Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдтон, цӕмӕй йын йӕ ныхасы сӕрты ма ахызтаиккам. Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ кӕд нӕ хиуӕттӕ нӕ ныхмӕ уыдысты, уӕддӕр нӕ бон баци фидар фӕлӕууын». Джозеф ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ сӕ хъуыды фӕивтаиккой ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уый сӕрты ахызтаиккой, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой.

Дӕ хъуыды фӕивын дӕ бон кӕд у

Нӕ эрӕйы 32 азы Йесо Сидоны бӕстӕйы куы уыд, уӕд ын иу финикийаг сылгоймаг балӕгъстӕ кодта, хӕйрӕджытӕ мын мӕ чызджы удхарӕй марынц, ӕмӕ-ма йын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Кӕд ын бирӕ лӕгъстӕ кодта, уӕддӕр ӕм уый ницы дзырдта. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз ӕрвыст дӕн ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ». Фӕлӕ йын сылгоймаг уӕддӕр лӕгъстӕ кодта, ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Сывӕллӕттӕн сӕ къӕбӕр сӕ дзыхӕй ратонай ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн аппарай, уый раст нӕу». Уыцы сылгоймаг дарддӕр цы загъта, уымӕй бӕрӕг уыди, фидар уырнындзинад ӕм кӕй уыд. «Уый афтӕ у, Хицау,– загъта сылгоймаг.– Фӕлӕ къӕбылатӕ дӕр фӕхӕрынц, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон». Ӕмӕ уӕд Йесо йӕ хъуыды фӕивта ӕмӕ йын йӕ чызджы сдзӕбӕх кодта (Матф. 15:21–28).

Йесо-иу уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ хъуыды кӕй фӕивта, уымӕй фӕзмыдта Йегъовӕйы. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ сызгъӕрин родӕн кувын куы райдыдтой, уӕд Йегъовӕ загъта, фесафдзынӕн сӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Моисей адӕмы тыххӕй куы балӕгъстӕ кодта, уӕд Йегъовӕ йӕ фӕнд фӕивта (Рац. 32:7–14).

Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау апостол Павел дӕр цӕттӕ уыди йӕ хъуыды фӕивынмӕ. Йӕ фыццаг уацамындон балцы йемӕ уыдысты Варнавӕ ӕмӕ Марк. Фӕлӕ сӕ Марк ӕрдӕгфӕндагыл ныууагъта. Ӕмӕ уый тыххӕй Павелы нал фӕндыди Марчы йемӕ уацамындон балцыты кӕнын. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр Павел федта, Марк фӕлтӕрдджын чырыстон кӕй сси ӕмӕ йын стыр ӕххуыс кӕй уыдзӕн. Павел Тимофейӕн загъта: «Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс ӕхсызгонӕй хъӕуы» (2 Тим. 4:11).

Ацы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Суанг ма Йегъовӕ дӕр, кӕд ӕххӕст у, уӕддӕр иуӕй-иу хатт йӕ хъуыды фӕивы, уымӕн ӕмӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕразон ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау. Мах та стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ уый тыххӕй уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй-иу, гӕнӕн куы уа, уӕд нӕ хъуыды фӕивӕм. Зӕгъӕм, искӕмӕн йӕ уавӕрты тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд, чи зоны, уыцы адӕймаджы тыххӕй дӕ хъуыды фӕивай.

Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уый фӕдыл дӕр нӕ хатгай нӕ хъуыды фӕивын фӕхъӕуы. Цасдӕр рӕстӕг Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ донаргъуыд райсыныл фӕстӕ фӕкӕнынц. Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ та, кӕд сӕ сӕ уавӕртӕ фӕамонынц, уӕддӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдайынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Йе та ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ нӕ фӕтырнынц, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ суой (1 Тим. 3:1). Мыййаг дӕ ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы фӕдыл дӕ хъуыды фӕивын нӕ хъӕуы? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕ разы ахӕм нысӕнттӕ ӕвӕрай ӕмӕ-иу дӕ къухы дӕр бафтой. Уӕдӕ, цымӕ, хорз нӕ уаид, дӕ зондахаст куы фӕивис ӕмӕ Хуыцауӕн ӕмӕ иннӕтӕн удуӕлдайӕ куы лӕггад кӕнис?

Куы хъӕуа, уӕд-иу дӕ хъуыды куы фӕивай, уӕд арфӕгонд ӕрцӕудзынӕ

Африкӕйы Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Эллӕ, дзуры: «Вефилмӕ фыццаг куы ’рцыдтӕн, уӕд афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ дзы бирӕ нӕ бафӕраздзынӕн. Тынг мӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, фӕлӕ мӕ бинонтыл афтӕ ахуыр уыдтӕн, ӕмӕ сӕ фыццаг рӕстӕг тынг мысыдтӕн! Фӕлӕ-иу мӕ, кӕимӕ цардтӕн, уыцы хо бафидар кодта, ӕмӕ иубон загътон, зӕгъын, баззайдзынӕн. Ныр Вефилы лӕггад кӕнын дӕс азы ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, мӕ бон цас у, уыйбӕрц рӕстӕг мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ ӕххуыс кӕнон».

Дӕ хъуыды кӕд хъуамӕ фӕивай

Хатт та ӕнӕмӕнг вӕййы, цӕмӕй нӕ хъуыды фӕивӕм. Зӕгъӕм, Каин йе ’фсымӕрмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕм «тынг смӕсты». Хуыцау федта, Каины зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕнд кӕй фӕзынд ӕмӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ маст баурӕдтаид. Хуыцау ын загъта, «тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл», зӕгъгӕ. Фӕлӕ Каин йӕ хъуыды ӕмӕ йӕ зондахаст нӕ фӕивта ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй бафӕдзӕхста, уый ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ уый ӕркодта тынг ӕвзӕр хъуыддагмӕ – Каин йе ’фсымӕры амардта! (Райд. 4:2–8).

Каин йӕ хъуыды куы фӕивтаид, уӕд хабар куыд рауадаид?

Зондзонӕн ма нын у паддзах Озийы хабар дӕр. Райдианы Ози «арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» ӕмӕ уыди Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын. Фӕлӕ стӕй, хъыгагӕн, ссӕрбӕрзонд. Ози кувӕндонмӕ бацыд, цӕмӕй буд ссыгътаид, кӕд уый бар ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн уыди, уӕддӕр. Сауджынтӕ йын загътой, дӕуӕн уый бар нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ Ози йӕ хъуыды фӕивта? Нӕ, Ози «мӕстӕй рафыхт» ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ дӕр бафхӕрдта – хъотыр ыл бафтыдта (2 Аз. 26:3–5, 16–20).

Ӕцӕгдӕр, хатт нӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы нӕ хъуыды фӕивын. Ӕркӕсӕм-ма, нӕ рӕстӕджы чи ’рцыд, иу ахӕм хабармӕ. Ӕфсымӕр Иоаким донаргъуыд райста 1955 азы, фӕлӕ йӕ 1978 азы ӕмбырдӕй ацух кодтой. 20 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд йӕ хъуыды фӕивта – ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт. Хистӕр нӕлгоймаг ӕй куы бафарста, афтӕ бирӕ рӕстӕг цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кастӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын Иоаким загъта: «Мӕсты кодтон, стӕй сӕрбӕрзонд уыдтӕн. Тынг фӕсмон кӕнын, уыйбӕрц рӕстӕг кӕй ницы арӕзтон. Кӕд мӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рӕстдзинад кӕй амонынц».

Мах дӕр, чи зоны, искуы бахъӕуа, куыд хъуыды кӕнӕм кӕнӕ куыд архайӕм, уыцы хъуыддаджы исты фӕивын. Ӕмӕ-иу афтӕ куы бакӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзӕн (Пс. 34:8).