Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ды та «Фыстад ӕмбарыс»?

Ды та «Фыстад ӕмбарыс»?

«[Йесо] сын сӕ зонд бынтондӕр байгом кодта, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой» (ЛУК. 24:45).

1, 2. Йесо куы райгас, уыцы бон йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд бафидар кодта?

ЙЕСОЙЫ ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ фӕцӕйцыдысты, Иерусалимӕй 11 километры бӕрц кӕмӕ хъуыд, уыцы хъӕумӕ. Йесойы кӕй амардтой, ууыл тынг маст кодтой, уымӕн ӕмӕ, кӕй райгас, уый нӕма зыдтой. Уалынмӕ сӕм Йесо ӕрбаиу ӕмӕ йӕ фӕндаг семӕ акодта. Ӕмӕ сын «Моисейы чингуытӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй се ’ппӕтӕй дӕр райдыдта ӕмбарын кӕнын, ӕппӕт Фыстады йӕхи тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ» (Лук. 24:13–15, 27). Уӕд сӕ зӕрдӕтӕ сӕ риуы ссыгъдысты ӕмӕ сӕ стыр ныфс бацыд, уымӕн ӕмӕ сын Йесо «Фыстад... бамбарын кодта» (Лук. 24:32).

2 Растдӕр уыцы бон изӕрӕй уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты. Апостолтимӕ куы фембӕлдысты, уӕд сын радзырдтой, цы хабар сыл ӕрцыд, уый. Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕзынд Йесо. Апостолтӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ сӕ фыццаг уырнгӕ дӕр нӕ бакодта, уый ӕцӕгдӕр Йесо кӕй у. Библийы фыст ис, куыд сӕ бафидар кодта, уый тыххӕй: «[Йесо] сын сӕ зонд бынтондӕр байгом кодта, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой» (Лук. 24:45).

3. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ иуӕй-иу хатт нӕ ныфс цӕмӕн асӕтты, фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

3 Хатт мах дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтау цӕуылдӕр фӕмаст кӕнӕм. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр, чи зоны, иуӕй-иу хатт нӕ ныфс асӕтты, зӕгъӕм, уацамынды нӕм куы нӕ байхъусынц, уӕд (1 Кор. 15:58). Кӕнӕ та нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон размӕ нӕ цӕуынц. Чидӕртӕ та сӕ, чи зоны, Йегъовӕйы бынтондӕр ныууадзынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа? Зӕгъӕм, Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ хорз куы ’мбарӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фӕсномыг ныхасмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ бон дзы зондӕн райсын цы у, уый.

ФЫНӔЙ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ТАУӔГ

4. Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕджы тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны?

4 Бакӕс Марчы 4:26–29. Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕджы тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны? Тауӕг амоны хорз хабар хъусынгӕнджытӕм, мыггаг та – сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнынц, уымӕ. Иннӕ адӕмау, тауӕг дӕр ӕхсӕвы фынӕй фӕкӕны, бонӕй та сысты. Мыггаг фӕрӕзы цасдӕр рӕстӕг – тауӕг ӕй куы байтыдта, уӕдӕй суанг хуымгӕрдӕнтӕм. Уыцы рӕстӕг «мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы», ӕмӕ рӕзгӕ та фӕкӕны «йӕхӕдӕг» ӕмӕ «сабыргай». Раст афтӕ адӕймагӕн дӕр йӕ уырнындзинад «сабыргай» рӕзы, ома Йегъовӕмӕ сабыргай ӕввахс кӕны. Йӕ уырнындзинад куы сырӕзы ӕмӕ йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы бафӕнды, уӕд «ратты тыллӕг» – Йегъовӕйӕн йӕхи снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд райсы.

5. Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас Йесо цӕмӕн радзырдта?

5 Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? Фӕндыд ӕй, цӕмӕй ӕмбарӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыцы адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинады мыггаг Йегъовӕ кӕй рӕзын кӕны (Хъуыд. 13:48; 1 Кор. 3:7). Мах мыггаг байтауӕм ӕмӕ йыл дон фӕкӕнӕм, фӕлӕ йӕ тыхӕй кӕнӕ тагъддӕр сырӕзын кӕнӕм, уый нӕ бон нӕу. Йесойы фӕсномыг ныхасы цы тауӕджы кой ис, уыйау мах дӕр нӕ зонӕм, рӕстдзинады мыггаг куыд фӕрӕзы, уый. Мах нӕ царды хабӕрттӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ, адӕймаджы зӕрдӕйы уыцы мыггаг куыд фӕрӕзы, уый хатгай нӕдӕр бафиппайӕм. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд мыггаг дыргъ ратты. Ӕмӕ уӕд уыцы ног ахуыргӕнинаг хуымгӕрдӕны немӕ ӕмгуыст кӕнын райдайы (Иоан. 4:36–38).

6. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад куыд рӕзы, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

6 Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ ӕмбарӕм уый, ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ уырнындзинад куыд тагъд рӕздзӕн, ууыл махӕн нӕ бар нӕ цӕуы. Бонзонгӕ куы уӕм, уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн донаргъуыд тыхӕй нӕ исын кӕндзыстӕм. Махӕн нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй адӕймагӕн ӕххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ уый дӕр ӕмбарӕм, алчи йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны, Хуыцауӕн йӕхи снывонд кӕндзӕн ӕви нӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕймаг йӕхи снывонд кӕна, уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Пс. 51:12; 54:6; 110:3).

7, 8. а) Фынӕй чи кӕны, уыцы тауӕджы тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй ма ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

7 Дыккаджы та уый, ӕмӕ, ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ хъуыды куы ӕмбарӕм, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, нӕ фыдӕбон уайтагъд тыллӕг кӕй не ’рхӕссы, уый тыххӕй. Хъуамӕ уӕм фӕразон (Иак. 5:7, 8). Кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый сарӕзтам, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинады мыггаг нӕ сырӕзт, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕвзӕр ахуыргӕнджытӕ стӕм. Йегъовӕ уыцы мыггаг сырӕзын кӕны, ивындзинӕдтӕ аразынмӕ цӕттӕ чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм сӕрныллӕг адӕймаджы зӕрдӕйы (Матф. 13:23). Уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй донаргъуыд цалӕй райстой, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма барӕм, ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ стӕм ӕви нӕ. Йегъовӕ дӕр уымӕ нӕ кӕсы – уый аргъ кӕны нӕ фыдӕбонӕн. (Бакӕс Лукайы 10:17–20; 1 Коринфӕгтӕм 3:8.)

8 Ӕртыккаг уый, ӕмӕ, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уый мах нӕ уынӕм. Зӕгъӕм, иу миссионерӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы бинонтӕ иу афон загътой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ суой. Ӕфсымӕр сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, фыццаг уал сӕ тамако кӕй хъуамӕ ныууадзой. Ӕмӕ йын афтӕ куы загътой, цалдӕр мӕйы размӕ йӕ ныууагътам, зӕгъгӕ, уӕд тынг бадис кодта. Уыцы бинонтӕ бамбӕрстой, сусӕгӕй дӕр куы дымой, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ кӕй уындзӕн, стӕй зыдтой, Хуыцау цӕстмӕмитӕй йе сӕфт кӕй уыны. Ӕмӕ сӕхицӕн загътой, кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йӕхи раз дӕр дымдзыстӕм, кӕнӕ нӕ тамако бынтондӕр ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ. Уыцы бинонтӕ ахӕм стыр ивындзинад кӕй скодтой, уый тыххӕй не ’фсымӕр зонгӕ дӕр нӕ кодта. Фӕлӕ уыдон, Йегъовӕйы кӕй бауарзтой, уый фӕрцы раст уынаффӕ рахастой.

КӔСАГАХСӔН ХЫЗ

9. Йесо хызы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны?

9 Бакӕс Матфейы 13:47–50. Йесо хызы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны? Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый Йесо абарста, денджызы стыр кӕсагахсӕн хыз кӕй баппарынц, уыимӕ. Ахӕм хызы руаджы бирӕ «алыхуызон кӕсӕгтӕ» куыд ӕрцахсынц, афтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы дӕр алыхуызон адӕмыхӕттытӕй милуангай адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уый (Ис. 60:5). Ӕмӕ уый бӕрӕг у, алы аз дӕр нӕ конгресстӕм ӕмӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ цас адӕм ӕрбацӕуы, уымӕй. Бирӕтӕ сӕ вӕййынц «хорз кӕсаг», ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайынц. Чидӕртӕ та сӕ вӕййынц, «чи нӕ бӕззы», ахӕм «кӕсаг». Йегъовӕ разы кӕмӕй уа, ахӕм алчи нӕ разыны.

Матфейы 13:47–50 стихтӕ куы бакӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, нӕ рӕстӕгмӕ куыд хауынц, ууыл

Хорз хабар кӕй зӕрдӕмӕ фӕцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты (кӕс 9–12 абзацтӕ)

10. Йесо хызы тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

10 Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? Хорз кӕсаг ӕвзӕр кӕсагӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый, стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн фӕстаг тӕрхон хаст кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ нӕ амоны. Уый амоны, ацы фыддунейы фӕстаг бонты дӕргъы цы цӕуы, уымӕ. Йесо бамбарын кодта, хорз хабар кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уыдонӕй алчи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй нӕ райдайдзӕн. Не ’мбырдтӕм чи цӕуы кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй бирӕты сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын нӕ фӕнды (1 Пад. 18:21). Чидӕртӕ та ӕмбырдтӕм ӕппындӕр нал цӕуынц. Сӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыцы ӕрыгӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы нӕ бауарзынц. Йесо бамбарын кодта, уынаффӕ алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ рахӕсса. Раст уынаффӕ чи рахӕссы, уыдон Йегъовӕйы цӕсты сты «зынаргъ хӕзнатӕ» (Аг. 2:7).

11, 12. а) Хызы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

11 Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыцы адӕймаджы кӕнӕ дӕ сывӕллоны Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бафӕндыд. Йесойы фӕсномыг ныхас куы ’мбарӕм, уӕд ахӕм уавӕрты ӕгӕр нӕ маст кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Чи зоны, нӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтам, цӕмӕй сын рӕстдзинад бауарзын кӕнӕм. Фӕлӕ, адӕймаг Библи ахуыр кӕныныл кӕй сразы кӕнӕ йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕмӕнг Йегъовӕйы хӕлар суыдзӕн. Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕй куы нӕ фӕнда, уӕд йӕ лӕггадгӕнӕг не суыдзӕн.

12 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, рӕстдзинад чи ныууагъта, уыдонӕн фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхыны бар нал ис? Кӕнӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, ныронг йӕхи Йегъовӕйӕн чи не снывонд кодта, уыдон уыцы къахдзӕф никуы скӕндзысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ ахӕм адӕмӕн фадат ис, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. Йегъовӕ сӕм сиды: «Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн» (Мал. 3:7). Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй дӕр. (Бакӕс Лукайы 15:11–32.)

СӔФТ ФЫРТ

13. Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны?

13 Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый цы нысан кӕны? Ацы фӕсномыг ныхасы цы фӕлмӕнзӕрдӕ фыды кой ис, уый амоны нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ. Йӕ бынтӕ чи бахордта, уыцы фырт та амоны, чырыстон ӕмбырд чи ныууадзы, уыцы адӕммӕ. Уыдон свӕййынц Хӕйрӕджы дунейӕ – Йегъовӕйӕ дард чи у ӕмӕ «дард бӕстӕйы» хуызӕн чи у, уыцы дунейӕ (Еф. 4:18; Кол. 1:21). Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд уыцы адӕмӕй чидӕртӕ бамбарынц, стыр рӕдыд кӕй сарӕзтой, ӕмӕ сӕ бафӕнды фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын. Уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй вӕййынц ӕмӕ, цы сарӕзтой, ууыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кӕнынц, уый тыххӕй сын Йегъовӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй бацин кӕны (Ис. 44:22; 1 Пет. 2:25).

14. Йесо сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

14 Йесо ацы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта? Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ чи ныууагъта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой. Ацы фӕсномыг ныхасы фыд алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ дардта, йӕ фырт кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ууыл. Ӕмӕ иу бон йӕ фырт ӕцӕгдӕр куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй фыд дардӕй ауыдта ӕмӕ йӕ размӕ азгъордта. Фыды фӕндыд, цӕмӕй йӕ фырт бамбӕрстаид, тынг ыл кӕй цин кӕны. Рӕстдзинад чи ныууагъта, уыдоны ацы фӕсномыг ныхас хъуамӕ баразӕнгард кӕна, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой. Чи зоны, Йегъовӕйӕ тынг адард сты ӕмӕ сын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын зын у, стӕй ӕфсӕрмы дӕр кӕнынц. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у – фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхой, уӕд Йегъовӕ дӕр, Йесо дӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр тынг цин кӕндзысты (Лук. 15:7).

15, 16. а) Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ. ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

15 Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы базыдтам, уый нын цы пайда хӕссы? Мах хъуамӕ фӕзмӕм нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы. Исчи фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ куы ’рбаздӕха, уӕд хъуамӕ «ӕгӕр раст» ма уӕм ӕмӕ йыл зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм. Науӕд тӕссаг уыдзӕн, нӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйӕ куы адард уӕм (Еккл. 7:16). Ацы фӕсномыг ныхасӕй ма ахуыр кӕнӕм ноджыдӕр иу хъуыддагыл: ӕмбырд чи ныууагъта, уыдонӕй алкӕй дӕр хъуамӕ нымайӕм «сӕфт фысыл», ома, чи адзӕгъӕл, фӕлӕ йӕ бон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын кӕмӕн у, ахӕмыл (Пс. 119:176). Уӕдӕ, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, фӕлӕ кӕй нӕ ацух кодтой, ахӕм адӕймагыл куы фембӕлӕм, уӕд цымӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй йын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕнӕм? Кӕнӕ, кӕй ацух кодтой, ахӕм адӕймагыл куы фембӕлӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕвӕстиатӕй фӕхабар кӕндзыстӕм, цӕмӕй йын уыдон баххуыс кӕной? Кӕд Йесойы фӕсномыг ныхас хорз ӕмбарӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр афтӕ бакӕндзыстӕм.

16 Ӕмбырдмӕ чи ’рбаздӕхт, уыдон тынг аргъ кӕнынц Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн, стӕй сӕм ӕмбырд цы уарзондзинад равдыста ӕмӕ сын цы ӕххуыс бакодта, уымӕн дӕр. 25 азы дӕргъы ӕмбырдӕй цух чи уыд, иу ахӕм ӕфсымӕр зӕгъы: «Ногӕй та ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ циныл цин ӕфты, уымӕн ӕмӕ мӕ Йегъовӕ „ног хъарутӕ бауагъта“ (Хъуыд. 3:19). Ӕмбырды мын алчидӕр ӕххуыс кӕны, ӕмӕ йӕ уынын, куыд тынг мӕ уарзынц! Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ сты, Хуыцау мын кӕй балӕвар кодта, уыцы бинонтӕ». Иу ӕрыгон хо фондз азы дӕргъы ӕмбырдтӕм нал цыди, фӕлӕ стӕй ӕрбаздӕхт. Уыцы хо дзуры: «Мӕ бон уын ӕй зӕгъын дӕр нӕу, куыд ӕхсызгон мын уыди, Йесо кӕй кой кодта, уыцы уарзондзинад мӕхиуыл куы бавзӕрстон, уӕд. Йегъовӕйы организацийы уай, уый абарӕн дӕр ницӕимӕ ис!»

17, 18. а) Ацы ӕртӕ фӕсномыг ныхасӕй зондӕн райсӕн цы ис? ӕ) Нӕ фидар фӕнд цы у?

17 Уӕдӕ ацы ӕртӕ фӕсномыг ныхасӕй зондӕн райсӕн цы ис? Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон размӕ куыд тагъд цӕудзысты, ууыл нӕ бар кӕй нӕ цӕуы. Уыцы хъуыддаг Йегъовӕйӕ кӕнгӕ у. Дыккаг уый, ӕмӕ афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, стӕй ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ кӕд чидӕр Йегъовӕйы ныууагъта, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс макуы асӕтта ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, уыцы адӕймаг фӕстӕмӕ никуыуал ӕрбаздӕхдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ахӕм адӕм куы ’рбаздӕхынц, уӕд-иу сыл нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйау зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм.

18 Цӕй уӕдӕ нӕ алчи дӕр дарддӕр дӕр агурӕд зонындзинӕдтӕ, ӕмбарындзинад ӕмӕ зонд. Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Ацы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны? Библийы фыст цӕмӕн ӕрцыд? Мӕ бон куыд у, ацы фӕсномыг ныхасы цы хъуыды ис, уымӕ гӕсгӕ архайын? Йегъовӕ ӕмӕ дзы Йесойы тыххӕй цы базыдтон?» Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Йесойы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый кӕй ӕмбарӕм.