Екклесиаст 7:1—29

7  Хорз ном хуыздӕр у зынаргъ сойӕ+, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ мӕлӕты бон хуыздӕр у йӕ райгуырды бонӕй+.  Куывд цы хӕдзары ис, уырдӕм цӕуыны бӕсты фӕлтау, зиан цы хӕдзары ис, уырдӕм цу+, уымӕн ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ кӕрон уымӕ цӕуы. Ӕмӕ, удӕгас чи у, уый йӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса.  Худынӕй хъыг кӕнын хуыздӕр у+, уымӕн ӕмӕ адӕймаг ӕнкъард куы вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ хуыздӕр кӕны+.  Зондджын адӕймаджы зӕрдӕ вӕййы зианджын хӕдзары+, ӕнӕзонды зӕрдӕ та – хъӕлдзӕгдзинад кӕм ис, уым+.  Ӕнӕзонды зарджытӕм хъусыны бӕсты+ фӕлтау зондджыны уайдзӕфмӕ хъус+.  Уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонды чыр-чыр, аджы бын судзгӕ пыхсытӕ куыд къӕрццытӕ кӕной, уымӕй уӕлдай нӕу+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы.  Ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ зондджын адӕймаг дӕр ӕнӕзонд ми бакӕны+, ӕмӕ лӕвӕрттӕ+ адӕймаджы зӕрдӕ халгӕ кӕнынц+.  Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдайӕнӕй хуыздӕр у+. Ӕмӕ фӕразон адӕймаг хуыздӕр у сӕрбӕрзондӕй+.  Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у+, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты+. 10  Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди+, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ уый зондджын адӕймаджы+ ныхас нӕу. 11  Зондджынӕн бынтӕ куы баззайа, уӕд уый хорз у. Ӕмӕ зонд пайда хӕссы, хуры рухс чи уыны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+. 12  Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны+, ӕхца йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ+. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ зонд хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ сӕ хицауӕн йӕ цард хъахъхъӕнынц+. 13  Акӕс-ма ӕцӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕм+: кӕй бон у, зылын цы скодта, уый сраст кӕнын?+ 14  Хорз бон дыл куы скӕна, уӕд араз хорздзинад+, фыдбон дыл куы скӕна, уӕд та дӕ зӕрдыл дар, ацы бон дӕр ӕцӕг Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы бон куыд сфӕлдыста, афтӕ+, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый базонын+. 15  Алцыдӕр федтон мӕ ницӕйаг царды+. Рӕстгӕнӕг цӕры рӕстӕй, фӕлӕ уӕддӕр фесӕфы+, фыдгӕнӕг та аразы фыдхъуыддӕгтӕ, фӕлӕ цӕры+. 16  Ӕгӕр раст ма у+ ӕмӕ дӕхицӕй ӕгӕр зондджын ма араз+. Дӕхи цӕмӕн сафыс?+ 17  Фыдхъуыддӕгтыл ма бафт+ ӕмӕ ӕнӕзонд ма у+. Афонӕй раздӕр ингӕнмӕ цӕмӕн хъуамӕ бацӕуай?+ 18  Хуыздӕр у, цӕмӕй фыццаг фӕдзӕхстыл* фидар хӕцай, фӕлӕ дыккаг* дӕр ма ныууадз+, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уый хызт уыдзӕн ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕй+. 19  Зондджын адӕймаг зонды фӕрцы у, горӕт чи хъахъхъӕны, дӕс ахӕм хъомысджын разамонӕгӕй дӕр тыхджындӕр+. 20  Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы+. 21  Адӕм цы дзурынц, уыдон се ’ппӕт дӕ зӕрдӕмӕ ма ис+, цӕмӕй ма фехъусай, дӕ лӕггадгӕнӕг дӕ фыдкой куыд кӕны, уый+. 22  Дӕ зӕрдӕ йӕ зоны: ды дӕхӕдӕг дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ кодтай иннӕты фыдкой+. 23  Ӕппӕт адӕттӕ бафӕлвӕрдтон зондӕй. Мӕхицӕн загътон: «Суыдзынӕн зондджын». Фӕлӕ уӕддӕр зонд дард уыди мӕнӕй+. 24  Цы уыди, цы ’рцыди, ууыл зонд не ’ххӕссы, у тынг арф. Чи йӕ раиртасдзӕн?+ 25  Мӕ зӕрдӕ уымӕ сарӕзтон+, цӕмӕй базонон, раиртасон ӕмӕ ссарон зонд+, цӕмӕй алцӕй тыххӕй дӕр базонон, афтӕ цӕмӕн рауайы+, стӕй ӕдылы ми фыддзинад кӕй у ӕмӕ ӕнӕзонддзинад ӕрра кӕй у, уый+. 26  Ӕмӕ базыдтон: мӕлӕтӕй фыддӕр у+, цуаноны хызӕй уӕлдай чи нӕу, ахӕм сылгоймаг. Йӕ зӕрдӕ у кӕсагахсӕн хыз, йӕ къухтӕ – хъадамантӕ+. Йӕхи дзы чи бахиза, уымӕй ӕцӕг Хуыцау уыдзӕн райгонд, кӕй ӕрцахса, уый та аразы тӕригъӕд+. 27  «Ӕз бамбӕрстон иу хъуыддаг,– загъта адӕмы ӕмбырдгӕнӕг+.– Иу хъуыддаг иннӕйы фӕдыл иртӕстон, цӕмӕй ӕппӕт дӕр бамбӕрстаин ӕмӕ хатдзӕг скодтаин+ – 28  рагӕй дӕр уымӕ бӕллыд мӕ уд, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон. Мин нӕлгоймаджы ’хсӕн ссардтон иу раст нӕлгоймаг+, фӕлӕ мин сылгоймаджы ’хсӕн иу раст сылгоймаг дӕр не ссардтон+. 29  Ӕрмӕст уый бамбӕрстон, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау адӕмы сфӕлдыста рӕстгӕнджытӕй+, фӕлӕ уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты бирӕ ӕндӕр фӕндтыл»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома, 16 ст. цы фыст ис, уый.
Ома, 17 ст. цы фыст ис, уый.