2 Азфыстыты 26:1—23

26  Уый фӕстӕ ӕгас Иудӕйы адӕм+ ӕхсӕрдӕсаздзыд Озийы*+ ракодтой ӕмӕ йӕ йӕ фыд Амасийы бӕсты+ паддзахӕй сӕвӕрдтой+.  Паддзах йӕ фыдӕлтӕм куы баиу, уый фӕстӕ Ози Елаф+ фӕстӕмӕ байста ӕмӕ йӕ ногӕй сарӕзта, ӕмӕ та уыцы горӕт Иудӕйы баци+.  Ози+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыд ӕхсӕрдӕс азы ӕмӕ фӕндзай дыууӕ азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Йехоли+ ӕмӕ уыд Иерусалимӕй.  Ози арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+, йӕ фыд Амаси куыддӕриддӕр кодта, афтӕ+.  Захарийы рӕстӕджы, ӕцӕг Хуыцауӕй тӕрсын ӕй чи ахуыр кодта+, уый рӕстӕджы, Ози архайдта, цӕмӕй Хуыцауы агуырдтаид+. Ӕмӕ, цалынмӕ Йегъовӕйы агуырдта, уӕдмӕ йын ӕцӕг Хуыцау арфӕ кодта+.  Ози ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыд+ ӕмӕ Гефы+, Иавнейы+ ӕмӕ Азоты+ къултӕ батыдта. Уый фӕстӕ Азотмӕ+ хӕстӕг ӕмӕ филистимӕгты зӕххыл горӕттӕ сарӕзта.  Ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау ӕххуыс кодта+ филистимӕгтимӕ, Гур-Ваалы цӕрӕг аравиӕгтимӕ+ ӕмӕ меунимӕгтимӕ+ хӕцынӕн.  Аммонӕгтӕ+ та Озийӕн фыстой хъалон+. Ӕмӕ йӕ кад+ айхъуыст суанг Египеты онг, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.  Стӕй ма Ози Иерусалимы Фисыны кулдуары раз+, Дӕлвӕзы кулдуары+ раз ӕмӕ Быцӕуы раз сарӕзта мӕсгуытӕ+ ӕмӕ сӕ сфидар кодта. 10  Мӕсгуытӕ+ ма сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, стӕй скъахта бирӕ доны дзыхъхъытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм тынг бирӕ фос уыди. Ӕмӕ афтӕ бакодта Шефелӕйы+ дӕр ӕмӕ уӕлвӕзы дӕр. Хӕхты ӕмӕ йын Кармилы та уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕнӕфсиры куыстгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта. 11  Уымӕй уӕлдай Озийӕн уыд, хӕстмӕ чи цыд, ахӕм ӕфсад. Къордтӕм+ гӕсгӕ хӕстонты банымадтой ӕмӕ ныффыстой+ писыр+ Йеиел ӕмӕ Маасейӕ. Уыцы дыууӕ лӕджы уыдысты Ананийӕйы дӕлбар+ – уый уыд паддзахы кънйӕзтӕй сӕ иу+. 12  Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+, хъӕбатыр+ ӕмӕ тыхджын хӕстонтӕ+, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. 13  Сӕ дӕлбар цы ӕфсад уыд, уым уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны. Уый уыд хъомысджын ӕфсад ӕмӕ паддзахӕн ӕххуыс кодта знагимӕ хӕцынӕн+. 14  Ози се ’ппӕтӕн дӕр, ӕнӕхъӕн ӕфсадӕн, ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ+, ӕрцытӕ+, згъӕрхудтӕ+ ӕмӕ згъӕрхӕдӕттӕ+, стӕй ӕрдынтӕ+ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн+. 15  Уымӕй уӕлдай ма Иерусалимы скодта хӕстон машинӕтӕ, скодтой сӕ дӕсны аразджытӕ. Ӕмӕ сӕ мӕсгуытыл+ ӕмӕ къулы фисынтыл сӕвӕрдта, цӕмӕй дзы фаттӕ ӕмӕ стыр дуртӕ ӕхстаиккой. Гъемӕ йӕ кад+ дардыл айхъуыст, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау ӕххуыс кодта ӕмӕ сси хъомысджын. 16  Фӕлӕ хъомысджын куы сси, уӕд йӕ зӕрдӕ схъал+, ӕмӕ йӕхи бабын кодта+. Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд, Йегъовӕйы кувӕндонмӕ бацыд, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл буд ссыгътаид+. 17  Уӕд сауджын Азари ӕмӕ Йегъовӕйы сауджынтӕ – ӕстай хъӕбатыр лӕджы – уайтагъд йӕ фӕдыл бацыдысты. 18  Уыдон паддзах Озийы размӕ ӕрлӕууыдысты+ ӕмӕ йын загътой: «Йегъовӕйӕн буд судзын дӕ хӕс нӕу+, Ози. Буд судзын сауджынты, Аароны фыртты хӕс у+, ӕвзӕрст* чи ’рцыд, уыдоны хӕс. Кувӕндонӕй рахиз! Ды сарӕзтай тӕригъӕд, ӕмӕ дын уый тыххӕй Йегъовӕ Хуыцауӕй кад нӕ уыдзӕн»+. 19  Фӕлӕ Ози мӕстӕй рафыхт+, йӕ къухы та уыд будсудзӕн+. Ӕмӕ сауджынтӕм йӕ маст куы ссыгъд, уӕд Йегъовӕйы хӕдзары будсудзӕн нывондхӕссӕны цур сауджынты раз йӕ ныхыл хъотыр+ фӕзынд+. 20  Хистӕр сауджын Азари ӕмӕ йӕм сауджынтӕ иууылдӕр куы бакастысты ӕмӕ йын йӕ ныхыл хъотыр куы федтой+, уӕд ӕй уырдыгӕй тагъд-тагъд ракодтой. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр тагъд кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕрцавта+. 21  Паддзах Ози+ йӕ мӕлӕты онг уыди хъотырджын. Ӕмӕ, хъотырджын кӕй уыд, уый тыххӕй цард хицӕн хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕстӕ нал ӕххӕст кодта+. Йегъовӕйы хӕдзармӕ йын хӕстӕг цӕуӕн нӕ уыд. Ӕмӕ йӕ фырт Иофам уыди паддзахы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон кодта. 22  Озийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та+, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, ныффыста пехуымпар Исай+, Амосы фырт+. 23  Ӕппынфӕстаг Ози йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой. Ӕрмӕст ӕй, паддзӕхтӕ ныгӕд кӕм уыдысты, уым нӕ баныгӕдтой, фӕлӕ уый ӕддейӕ цы быдыр уыд, уым+, уымӕн ӕмӕ, дам, хъотырджын у. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иофам+.

Фиппаинӕгтӕ

2Пд 14:21 у «Азари».
Комк. «сыгъдӕггонд».