2 Азфыстыты 16:1—14

16  Асӕ паддзах ӕртын ӕхсӕзӕм аз куы уыд, уӕд Израилы паддзах Ваасӕ+ Иудӕйы ныхмӕ рацыд ӕмӕ райдыдта Рамӕ фидар кӕнын+, цӕмӕй Иудӕйы паддзах Асӕйӕ рацӕуӕн дӕр макӕмӕн уыдаид ӕмӕ йӕм бацӕуӕн дӕр ма уыдаид+.  Уӕд Асӕ Йегъовӕйы хӕдзары+ хӕзнадонӕй ӕмӕ паддзахы хӕдзары+ хӕзнадонӕй ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин рахаста ӕмӕ сӕ арвыста Сирийы паддзах+ Венададӕн+. Венадад цард Дамаскы+. Арвыста сӕ ахӕм ныхасимӕ:  «Мӕ фыд ӕмӕ дӕ фыды ’хсӕн куыд уыди бадзырд, афтӕ нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ис бадзырд. Мӕнӕ дын ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕрвитын. Ацу ӕмӕ, Израилы паддзах Ваасӕимӕ+ цы бадзырд скодтай, уый фехал, цӕмӕй мемӕ мауал хӕца»+.  Венадад байхъуыста паддзах Асӕмӕ ӕмӕ йе ’фсӕдты хистӕрты арвыста, цӕмӕй Израилы горӕттимӕ схӕцыдаиккой. Ӕмӕ уыдон ныппырх кодтой Ийон+, Дан+, Авелмаим+ ӕмӕ, Неффалимы+ мыггагӕн сӕ горӕтты тыллӕг ӕфснайынӕн цыдӕриддӕр бынӕттӕ уыди+, уыдон.  Ваасӕ уый куы фехъуыста, уӕд Рамӕ нал фидар кодта, куыстытӕ баурӕдта+.  Паддзах Асӕ та Иудӕйы адӕмы се ’ппӕты дӕр ракодта+, ӕмӕ Рамӕйӕ+ ахастой, Ваасӕ горӕт кӕмӕй фидар кодта+, уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы дуртӕ ӕмӕ хъӕдтӕй фидар кӕнын райдыдта Гивӕ+ ӕмӕ Массифӕ+.  Уыцы рӕстӕг Иудӕйы паддзах Асӕмӕ ӕрбацыд цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Анани+ ӕмӕ йын загъта: «Дӕ ныфс дӕ Хуыцау Йегъовӕйыл нӕ+, фӕлӕ Сирийы паддзахыл+ кӕй сӕвӕрдтай, уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад дӕ къухӕй аирвӕзт.  Ефиопӕгтӕ+ ӕмӕ ливиӕгтӕ+ стыр ӕфсадимӕ не ’рбацыдысты ӕмӕ сӕм дуне бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ барджытӕ+ нӕ уыд? Фӕлӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтай, уый тыххӕй дын сӕ дӕ къухмӕ радта+.  Йегъовӕйы цӕстытӕ+ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр+, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса. Ды ацы хатт ӕнӕзонд ми бакодтай+, ӕмӕ уый тыххӕй амӕй фӕстӕмӕ демӕ хӕцдзысты»+. 10  Фӕлӕ Асӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕгмӕ тынг фӕхъыг, уыцы ныхӕсты тыххӕй йӕм йӕ маст рафыхт+, ӕмӕ йӕ ахӕстоны хъӕдын хъадаманты бакодта+. Уыцы рӕстӕг Асӕ ӕфхӕрын райдыдта+ иннӕ адӕмы дӕр. 11  Асӕйы хъуыддӕгты тыххӕй, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы+. 12  Асӕ паддзах ӕртын фарӕстӕм аз куы уыд, уӕд йӕ къӕхтӕй хъӕрзын райдыдта, ӕмӕ тынг фӕрынчын+. Ӕмӕ рынчынӕй дӕр Йегъовӕйы нӕ агуырдта+, фӕлӕ ӕххуыс агуырдта хосгӕнджытӕй+. 13  Ӕппынфӕстаг Асӕ йӕ фыдӕлтӕм баиу+. Асӕ амард, паддзах цыппор фыццӕгӕм аз куы уыд, уӕд. 14  Ӕмӕ йӕ бавӕрдтой+, Давиды горӕты йӕхицӕн цы стыр зӕппадз скъахта, уым+. Йӕ мард ын ӕрӕвӕрдтой хуыссӕны – уыцы хуыссӕн байдзаг кодтой бальзамы сойӕ+, стӕй, алыхуызон хӕрздӕф сойтӕ+ иумӕ схӕццӕгӕнгӕйӕ цы диссаджы хӕрздӕф сой скодтой+, уымӕй. Ӕмӕ йӕ номыл бирӕ хӕрздӕф кӕрдӕджытӕ ссыгътой+.

Фиппаинӕгтӕ