2 Азфыстыты 5:1—14

5  Ӕппынфӕстаг Соломон арӕзт фӕци, Йегъовӕйы хӕдзарӕн ӕй саразын цы хъуыди, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Ӕмӕ, йӕ фыд Давид цыдӕриддӕр снывонд кодта+, уыдон – ӕвзист, сызгъӕрин ӕмӕ алыхуызон мигӕнӕнтӕ – ӕрбахаста ӕмӕ сӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта+.  Уый фӕстӕ Соломон Израилы хистӕр лӕгты+ ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕрты+, Израилы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты+ се ’ппӕты дӕр, Иерусалиммӕ ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын+ Давиды горӕтӕй+, ома Сионӕй+, рахастаиккой+.  Ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр паддзахмӕ бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты+.  Израилы хистӕр лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты+, ӕмӕ левиттӕ бадзырды чырын ахастой+.  Уыдон хастой бадзырды чырын+, ӕмбырды цатыр+ ӕмӕ, цатыры цыдӕриддӕр табуйаг дзауматӕ+ уыд, уыдон. Хастой сӕ левит-сауджынтӕ+.  Паддзах Соломон ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕм, чи йӕм ӕрӕмбырд ӕмӕ бадзырды чырыны раз йемӕ чи уыд, уыдон, нывондӕн+ хастой фыстӕ ӕмӕ галтӕ – уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыд.  Стӕй сауджынтӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын бахастой йӕ бынатмӕ, хӕдзары рӕбинаг+ уатмӕ, ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ+, ӕмӕ йӕ херувимты базырты бын ӕрӕвӕрдтой+.  Гъемӕ херувимты базыртӕ ӕдзухдӕр уыдысты, бадзырды чырын кӕм лӕууыд, уыцы бынаты сӕрмӕ, ӕмӕ херувимтӕ сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой бадзырды чырын ӕмӕ йӕ хъилтӕ+.  Фӕлӕ хъилтӕ уыдысты даргъ ӕмӕ сӕ кӕрӕттӕ зындысты, рӕбинаг уаты разӕй чи уыд, уыцы уатмӕ, Сыгъдӕг бынатмӕ, ӕддӕмӕ та нӕ зындысты. Абоны онг дӕр уым сты+. 10  Бадзырды чырыны уыди ӕрмӕстдӕр дыууӕ къӕйдуры+. Уыцы къӕйдуртӕ дзы нывӕрдта Моисей Хоривы+, Израилы фырттӕ Египетӕй куы рацыдысты+ ӕмӕ Йегъовӕ семӕ бадзырд+ куы скодта, уӕд. 11  Ӕмӕ сауджынтӕ сыгъдӕг бынатӕй рацыдысты,– сауджынтӕй уым чидӕриддӕр уыди, уыдон, кӕцыфӕнды къордӕй+ ма уыдаиккой, се ’ппӕт дӕр сӕхи ссыгъдӕг кодтой+. 12  Асафы+, Еманы+ ӕмӕ Идифуны+ къордтӕй, сӕ фырттӕй ӕмӕ се ’фсымӕртӕй чи уыд, уыцы левиттӕ+ – зарӕггӕнджытӕ, зынаргъ хъуымацӕй конд уӕлӕдарӕсы, лӕууыдысты нывондхӕссӕнӕн скӕсӕнырдыгӕй ӕрхуы тӕбӕгътимӕ+, хъисфӕндыртимӕ+ ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ+. Сӕ разы ма лӕууыд сӕдӕ дыууын сауджыны ӕмӕ уадындзтӕй уасыдысты+. 13  Ӕмӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ ӕмӕ йын арфӕ кӕнгӕйӕ уадындзты зӕлтӕ ӕмӕ зарӕггӕнджыты хъӕлӕстӕ куы баиу сты+ ӕмӕ ӕмхуызонӕй куы райхъуыстысты, ӕмӕ уадындзты уастмӕ, ӕрхуы тӕбӕгъты ӕмӕ музыкалон инструментты цагъдмӕ Йегъовӕйы кадӕн+ куы ныззарыдысты+, «уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт»+, зӕгъгӕ, уӕд Йегъовӕйы+ хӕдзар мигъӕй байдзаг+. 14  Ӕмӕ уыцы мигъы+ тыххӕй сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыд уым лӕууын ӕмӕ лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй+.

Фиппаинӕгтӕ