Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сымах «ссыгъдӕг стут»

Сымах «ссыгъдӕг стут»

«[Сымах] ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг стут» (1 КОР. 6:11).

1. Нееми Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕд цавӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ базыдта? (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ИЕРУСАЛИМЫ цӕрджытӕ ныхас кӕнынц, горӕты цы хабӕрттӕ цӕуы, ууыл. Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм ӕндӕрбӕстаг адӕймагӕн рахицӕн кодтой кувӕндоны уӕттӕй сӕ иу. Левиттӕ сӕ хӕстӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Дзуттӕгты разамонджытӕ Йегъовӕйӕн кувыны бӕсты сабатбонты базары хъуыддӕгтӕ кӕнынц. Израилӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цард баиу кодтой, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыдонимӕ. Ацы ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ Нееми базыдта, Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕд (Неем. 13:6).

2. Израилӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг адӕм куыд систы?

2 Израилӕгтӕ уыдысты Хуыцауы адӕм. Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ сразы сты Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Уыдон загътой: «Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм» (Рац. 24:3). Хуыцау сӕ ссыгъдӕг кодта, ома сӕ иннӕ адӕмтӕй рахицӕн кодта, цӕмӕй йе ’взӕрст адӕм суыдаиккой. Цӕй стыр кад сӕм ӕрхауд! Уымӕй 40 азы куы рацыд, уӕд сын Моисей уыцы хабар сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм. Уӕ Хуыцау Йегъовӕ, зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм» (Дык. з. 7:6).

3. Нееми Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕд дзуттӕгтӕн сӕ уырнындзинад цы уавӕры уыди?

3 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ сӕ ныхасӕн хицау нӕ разындысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ се ’хсӕн алкӕддӕр уыд. Фӕлӕ дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы сыгъдӕг адӕм кӕй сты, уый дзургӕ цы кодтой, ӕндӕр Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кодтой. Нееми Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уымӕй сӕдӕ азы раздӕр дзуттӕгтӕ Вавилонӕй ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. Фӕлӕ сӕ ныр Хуыцауы хъуыддӕгтӕ айрох сты.

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр сыгъдӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа?

4 Израилӕгтӕ куыд уыдысты, афтӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сты, Хуыцау йӕхицӕн кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм адӕм. Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр сты сыгъдӕг, ома сӕ Йегъовӕ рахицӕн кодта, цӕмӕй йын лӕггад кӕной (Рарг. 7:9, 14, 15; 1 Кор. 6:11). Израилӕгтӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг нал уыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Фӕлӕ махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй йыл ахӕм хабар ӕрцӕуа. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр сыгъдӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа? Ацы статьяйы равзардзыстӕм, Неемийы чиныджы 13 сӕрӕй цы цыппар хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм, уыдон: 1) хъуамӕ «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй» нӕхи хизӕм; 2) хъуамӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ахъаз кӕнӕм; 3) Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын хъуамӕ уа ӕппӕты сӕйраг; 4) чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый хъуамӕ ма рох кӕнӕм. Уӕдӕ сыл иугай аныхас кӕнӕм.

«ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔЙ» ДӔХИ ХИЗ

Нееми Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста? (кӕс 5, 6 абзацтӕ)

5, 6. Елиашив ӕмӕ Тови чи уыдысты? Елиашив ӕмӕ Тови ӕрдхӕрдтӕ цӕмӕн суыдаиккой?

5 Бакӕс Неемийы 13:4–9. Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс дуне йедзаг у чъизи хъуыддӕгтӕй. Ӕркӕсӕм Елиашив ӕмӕ Товийы хабармӕ. Елиашив уыд хистӕр сауджын, Тови та уыди аммонаг ӕмӕ Иудейӕйы архайдта персайнаг паддзахы номӕй. Нееми Иерусалимы къултӕ куы цалцӕг кодта, уӕд ӕй Тови ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хъыгдардтой (Неем. 2:10). Аммонӕгтӕн Йегъовӕйы кувӕндонмӕ цӕуыны бар нӕ уыд (Дык. з. 23:3). Уӕдӕ хистӕр сауджын Елиашив Товийӕн кувӕндоны хӕрӕндоны бынат цӕмӕн радта?

6 Тови уыд Елиашивы ӕрдхорд. Товийы ус ӕмӕ йӕ фырт Йегъохананы ус дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Товимӕ хорз цӕстӕй кастысты (Неем. 6:17–19). Елиашивы фырты фырттӕй сӕ иуӕн йӕ ус уыди Самарийы хицау Санаваллаты чызг, ӕмӕ Санаваллат та уыд Товийы хорз ӕмбӕлттӕй иу (Неем. 13:28). Хистӕр сауджын Елиашив Товиимӕ афтӕ ӕнгом баст кӕй уыд, ӕвӕццӕгӕн ын йӕ зондмӕ дӕр уый тыххӕй хъуыста, кӕд уыцы адӕймаг израилаг нӕ уыд ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цыд, уӕддӕр. Фӕлӕ Нееми Товийы дзауматӕ иууылдӕр хӕрӕндонӕй ӕддӕмӕ ракалдта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд.

7. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕтӕ цы аразынц, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты дарддӕр дӕр сыгъдӕг уой?

7 Мах нӕхи снывонд кодтам Йегъовӕйӕн, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ ууыл уӕм иузӕрдион. Хуыцауы раст закъӕттӕм гӕсгӕ куы нал цӕрӕм, уӕд йӕ цӕсты сыгъдӕг нал уыдзыстӕм. Уӕдӕ хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ макуы фехалӕм, суанг, нӕ бинонтыл ӕнувыд кӕй стӕм, уый тыххӕй дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы кӕнӕ сӕхи куыд фӕнды, афтӕ нӕ фӕархайынц, фӕлӕ, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ (1 Тим. 5:21). Уыдон сӕхи хизынц, Хуыцауӕй сӕ чи адард кӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй (1 Тим. 2:8).

8. Дзырд ӕмбӕлттыл куы цӕуа, уӕд не ’ппӕт дӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

8 Макуы нӕ рох кӕнӕд уый, ӕмӕ «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33). Чи зоны, ӕмӕ нын «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ» уой нӕ хиуӕттӕй дӕр чидӕртӕ. Елиашив дӕр израилӕгтӕн фыццаг фӕзминаг уыд, уымӕн ӕмӕ Нееми Иерусалимы къултӕ куы цалцӕг кодта, уӕд ын алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кодта (Неем. 3:1). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй фӕстӕдӕр Елиашивӕн Товийы тыххӕй ӕмӕ иннӕты тыххӕй йӕ зондахаст фӕивта, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг нал уыд. Уӕдӕ хъуамӕ нӕхицӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, цӕмӕй нӕ разӕнгард кӕной хорз хъуыддӕгтӕм, зӕгъӕм, Библи кӕсынмӕ, ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ нӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм нӕ бинонтӕ куы фӕразӕнгард кӕнынц, уӕд сын уӕлдай тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм.

ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАГӔН АХЪАЗ КӔН

9. Кувӕндоны цавӕр уавӕртӕ уыд? Нееми цы сарӕзта уыцы уавӕртӕ сраст кӕныны тыххӕй?

9 Бакӕс Неемийы 13:10–13. Куыд зыны, афтӕмӕй, Нееми Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕдмӕ, зӕгъӕн ис, кувӕндонмӕ мысайнӕгтӕ нал хастой. Ӕмӕ уый тыххӕй левиттӕн сӕ бон нал уыд сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ сӕ бахъуыди сӕ быдыртӕ кусын, цӕмӕй сӕ бинонты фӕдардтаиккой. Хабар афтӕ кӕй рауад, уый тыххӕй Нееми аххосджын кодта, дӕсӕм хай ӕмбырд кӕнын кӕй бар уыд, уыцы хицӕутты. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, адӕмӕй дӕсӕм хай не ’мбырд кодтой кӕнӕ та-иу ӕй кувӕндонмӕ нӕ арвыстой. Иудзырдӕй, сӕ хӕстӕ не ’ххӕст кодтой (Неем. 12:44). Гъемӕ Нееми батыхст, цӕмӕй та дӕсӕм хай ӕмбырдгонд цыдаид. Уый равзӕрста ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгты ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта кувӕндоны къӕбицгӕстӕй, цӕмӕй-иу левиттӕн сӕ хӕйттӕ лӕвӕрдтаиккой.

10, 11. Нӕ бон куыд у Хуыцауы хъуыддагӕн ахъаз кӕнын?

10 Ацы хабарӕй истӕуыл ахуыр кӕнӕм? О, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, адӕймагӕн стыр кад кӕй у, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уымӕй Йегъовӕйы хъуыддагӕн хай кӕнын (Ӕмб. 3:9). Хуыцауы хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй куы феххуыс кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн фӕдӕттӕм, ӕнӕуи дӕр йӕхи цы у, уый (1 Аз. 29:14–16). Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕ мысайнаг афтӕ гыццыл у, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы не скадджын кӕндзынӕн. Фӕлӕ нӕм цы ис, уый кӕд Хуыцауӕн зӕрдиагӕй дӕттӕм, уӕд ӕй ӕхсызгонӕй айсдзӕн (2 Кор. 8:12).

11 Бирӕ азты дӕргъы иу стыр бинонтӕ сӕхимӕ къуыри иу хатт къӕбӕр хӕрынмӕ хуыдтой, сӕрмагонд пионертӕй чи лӕггад кодта, ахӕм ацӕргӕ ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Кӕд уыцы бинонты аст сывӕллоны уыд, уӕддӕр мад афтӕ загъта: «Дӕс тӕбӕгъмӕ ма дыууӕ бафтауай, уый цас диссаг у?» Къуыри иу хатт искӕй фӕхонай, уый, чи зоны, адӕймагмӕ стыр хъуыддаг ма фӕкӕса, фӕлӕ уыцы пионертӕ ахӕм уазӕгуарзондзинады тыххӕй тынг бузныг уыдысты. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕ фысымтӕн стыр арфӕдзинад разындысты. Уыцы пионертӕ-иу радзырдтой алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕ ӕмӕ-иу сывӕллӕтты разӕнгард кодтой, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цыдаиккой. Фӕстӕдӕр уыцы сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтой.

12. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

12 Неемийы хабарӕй ма зондӕн райсӕн цы ис? Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уой фӕзминаг. Афтӕмӕй уыдон ӕххуыс кӕндзысты ӕмбырды иннӕтӕн дӕр. Уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг у апостол Павел. Уый Хуыцауы хъуыддагӕн ахъаз кодта ӕмӕ уый фӕдыл иннӕтӕн дӕр хорз разамынд лӕвӕрдта. Зӕгъӕм, Павел ӕмбырдтӕн радта цалдӕр хорз уынаффӕйы мысайнӕгты фӕдыл (1 Кор. 16:1–3; 2 Кор. 9:5–7).

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН ДЫН ӔППӔТЫ СӔЙРАГ УӔД

13. Израилӕгтӕ сабатбонӕн кӕй нӕ аргъ кодтой, уый цӕмӕй уыди бӕрӕг?

13 Бакӕс Неемийы 13:15–21. Бирӕ ӕхца бакусыныл ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕныныл куы суӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ сабыргай Йегъовӕйӕ адард уӕм. Рацыды 31:13 стихмӕ гӕсгӕ, сабатбон израилӕгтӕн хъуамӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаид, Йегъовӕйы сыгъдӕг адӕм кӕй сты, уый. Уыцы бон-иу хъуамӕ сӕ бинонтимӕ иумӕ Хуыцаумӕ куывтаиккой ӕмӕ йын йӕ Закъоныл хъуыды кодтаиккой. Фӕлӕ, Неемийы рӕстӕджы чи цард, уыдонӕй кӕмӕндӕрты сабат иннӕ бонтӕй уӕлдай нал уыд – уыцы бон дӕр-иу кодтой сӕхи куыстытӕ. Нееми уыдӕттӕ куы федта, уӕд ӕхсӕзӕм бон изӕрырдӕм, цалынмӕ сабат нӕ райдыдта, уӕдмӕ, горӕты кулдуӕрттӕ сӕхгӕнын кодта, ӕндӕрбӕстаг базаргӕнджыты та атардта.

14, 15. а) Ӕхца кусыныл куы суӕм, уӕд уый тӕссаг цӕмӕн у? ӕ) Хуыцауы ӕнцойадмӕ нӕ бон куыд у бацӕуын?

14 Неемийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зӕгъӕм, ууыл, ӕмӕ ӕхца кусыныл хъуамӕ ма суӕм. Науӕд тӕссаг у, Хуыцауы хъуыддаг нын сӕйраг куы нал уа, уӕлдайдӕр та, нӕ куыст нӕ зӕрдӕмӕ куы цӕуа, уӕд. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, дыууӕ хицауы цагъар уай, уый гӕнӕн нӕй. (Бакӕс Матфейы 6:24.) Нееми ӕхцайӕ цух нӕ уыд ӕмӕ ма йӕ бон уыд ноджыдӕр бакусын. Фӕлӕ цымӕ Иерусалимы йӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кодта? (Неем. 5:14–18). Тирӕгтимӕ ӕмӕ иннӕ базаргӕнджытимӕ базары хъуыддӕгтӕ кӕныны бӕсты ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кодта йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы номӕн кад хаста. Афтӕ абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ дӕттынц ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнынӕн, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй се ’мчырыстӕттӕ уарзынц. Уый фӕрцы Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис уарзондзинад ӕмӕ фарн, стӕй цӕрынц ӕдасӕй (Йез. 34:25, 28).

15 Кӕд чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр Павел загъта: «Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ» (Дзут. 4:9, 10). Чырыстӕттӕн сӕ бон у Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын, Йегъовӕмӕ куы хъусой ӕмӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд. Цымӕ дӕ бинонтӕн дӕр иумӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг хъуыддӕгтӕ сты? Чи зоны, нӕ куысты хицау кӕнӕ не ’мкусджытӕ не ’мбарынц, ацы хъуыддӕгтӕ ахсджиаг кӕй сты. Ӕмӕ сын уӕд, чи зоны, бахъӕуа бӕлвырд ӕмӕ фидарӕй бамбарын кӕнын, нӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ нын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй сты. Уый абарӕн ис, Нееми тирӕгты куыд атардта ӕмӕ горӕты кулдуӕрттӕ куыд сӕхгӕдта, уыимӕ. Нееми афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ уыд сӕйрагдӕр. Хуыцауы сыгъдӕг адӕм кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Куыд цӕрын, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мын ӕппӕты сӕйраг кӕй у, уый?» (Матф. 6:33).

ЧЫРЫСТОН КӔЙ ДӔ, УЫЙ МА РОХ КӔН

16. Неемийы рӕстӕджы израилӕгтӕн, Хуыцауы сыгъдӕг адӕм кӕй сты, уый ферох кӕнынӕй тӕссаг цӕмӕн уыди?

16 Бакӕс Неемийы 13:23–27. Неемийы рӕстӕджы израилаг нӕлгоймӕгтӕ сӕхицӕн ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ куырдтой. Нееми Иерусалимы фыццаг хатт куы уыд, уӕд хистӕр лӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр гӕххӕттыл сӕ къух ӕрфыссын кодта, израилӕгтӕ сӕхицӕн мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй устытӕ кӕй нӕ курдзысты, уый фӕдыл (Неем. 9:38; 10:30). Фӕлӕ Иерусалиммӕ дыккаг хатт куы ’рцыд, уӕд федта, дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ уӕддӕр ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ кӕй куырдтой. Уымӕй уӕлдай, гыццыл ма, ӕмӕ, Хуыцауы сыгъдӕг адӕм кӕй сты, уый дӕр ферох кодтаиккой! Ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕй сын цы сывӕллӕттӕ уыди, уыдон дзуттагау нӕдӕр кӕсын зыдтой, нӕдӕр дзурын. Уыцы сывӕллӕттӕ куы сыстыр уыдаиккой, уӕд цымӕ сӕхи израилӕгтыл нымадтаиккой? Ӕви сӕхи нымадтаиккой азотӕгтыл, аммонӕгтыл ӕмӕ моавӕгтыл? Дзуттаг ӕвзаг куы нӕ зыдтаиккой, уӕд Хуыцауы Закъон ӕмбӕрстаиккой? Йегъовӕйы куыд хъуамӕ базыдтаиккой ӕмӕ сӕ куыд хъуамӕ бафӕндыдаид, цӕмӕй йын лӕггад кодтаиккой? Сӕ мадӕлтау мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг не суыдаиккой? Уыцы уавӕрмӕ ӕнцад кӕсӕн нӕ уыд, ӕмӕ Нееми дӕр ӕвӕстиатӕй бацархайдта хъуыддаг сраст кӕныныл (Неем. 13:28).

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы хорз ӕмбӕлттӕ суой (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

17. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ уой?

17 Абон мах хъуамӕ нӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууой. Ныййарджытӕ, ахъуыды-ма кӕнут ахӕм фарстатыл: уӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» хорз дзурынц? (Соф. 3:9). Цымӕ, цӕуыл фӕдзурынц, уымӕй бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕй кӕсынц? Ӕви ацы дунейы зондыл цӕуынц? Мыййаг ӕй куы бафиппайат, уыцы хъуыддаджы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын кӕй хъӕуы, уӕд-иу уӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн рӕстӕг хъӕуы, уӕлдайдӕр та дӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ куы къуылымпы кӕной, уӕд. Ацы дуне уӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй Хуыцаумӕ ма хъусой. Уӕдӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр уӕ сывӕллӕттӕн фӕразонӕй ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы хорз ӕмбӕлттӕ суой (Дык. з. 6:6–9). Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕнут, цӕмӕн у хорз, Хӕйрӕджы дунейӕ кӕй хицӕн кӕнӕм, уый (Иоан. 17:15–17). Ӕмӕ архайут сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл.

18. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ныййарджытӕй хуыздӕр сӕ сывӕллӕтты ничи баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы сывӕллон дӕр йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕндзӕн, Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ, ныййарджытӕ, сымахӕй дӕр бирӕ аразгӕ у. Хъуамӕ уӕ сывӕллӕттӕн уат фӕзминаг, стӕй сын бӕлвырд ӕмбарын кӕнат, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм цы хауы ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уый. Уӕ сывӕллӕтты сымахӕй хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕной. Цӕмӕй чырыстон фӕндагыл слӕууой ӕмӕ, чырыстӕттӕ кӕй сты, уый ма рох кӕной, уый тыххӕй сӕ уе ’ххуыс ӕнӕмӕнг хъӕуы. Уӕвгӕ та нӕ алкӕй дӕр хъӕуы нӕ чырыстон «уӕлӕдарӕс» хъахъхъӕнын, ома Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ нӕ удыхъӕды, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ фидар кӕнын (Рарг. 3:4, 5; 16:15).

ЙЕГЪОВӔ НӔ ӔРХЪУЫДЫ КӔНДЗӔН ӔМӔ НЫН «ЙӔ ЦӔСТ ХОРЗДЗИНАД БАУАРЗДЗӔН»

19, 20. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ӕрхъуыды кӕна ӕмӕ нын «йӕ цӕст хорздзинад бауарза», уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

19 Неемийы рӕстӕджы чи цард, уыцы пехуымпар, Малахи, загъта: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй... фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг» (Мал. 3:16, 17). Хуыцау никуы ферох кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы ӕмӕ йын йӕ ном чи уарзы, уыдоны (Дзут. 6:10).

20 Нееми Йегъовӕмӕ куывта: «О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн ӕмӕ-иу мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд» (Неем. 13:31). Уый фӕндыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ лӕггад ма ферох кодтаид. Кӕд мах дӕр ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй нӕхи хизӕм, Хуыцауы хъуыддагӕн ахъаз кӕнӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын ӕппӕты сӕйраг у ӕмӕ, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый нӕ рох кӕнӕм, уӕд Хуыцау махӕн дӕр нӕ нӕмттӕ йӕ зӕрдылдарӕн чиныджы ныффысдзӕн. Уӕдӕ-иу «нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм, уырнындзинады фидар стӕм ӕви нӕ» (2 Кор. 13:5). Ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг адӕмӕй уӕм, уӕд нӕ уый ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ нын «йӕ цӕст хорздзинад бауарздзӕн».