Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут. Библийы кӕй кой ис, уыдон цӕстыты раз слӕууынц

Ацы рубрикӕйы дзырд цӕуы, Библийы кӕй тыххӕй фыст ис ӕмӕ йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ сылгоймӕгтыл a. Сӕ цӕвиттонтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ уырнындзинад бафидар уа ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахсдӕр уай.

Ис ма ноджыдӕр иу рубрикӕ «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» ӕмӕ дзы ис видеороликтӕ. Уыцы видеороликтӕй фылдӕр базондзынӕ, Библийы цы иузӕрдион адӕймӕгты кой ис, уыдоны тыххӕй.

a Цӕмӕй-иу хабӕрттӕ дӕ цӕстытыл хуыздӕр ауайын кӕнай ӕмӕ-иу дӕхи уыцы заманы фӕхатай, уый тыххӕй ацы рубрикӕйы статьяты ис, Библийы кӕй тыххӕй нӕй фыст, ахӕм лыстӕгдзинӕдты кой. Уыдӕттӕ ныффыссыны размӕ бакодтой стыр иртасӕн куыст, цӕмӕй дзы Библимӕ, стӕй истори ӕмӕ археологимӕ гӕсгӕ алцыдӕр раст уыдаид.

Дунейы фӕзындӕй Доны хъаймӕты онг

Авел. Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»

Кӕд Библийы Авелы тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕд йӕ уырнындзинады тыххӕй цы ис базонӕн?

Енох. «Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»

Мыййаг дын бинонтӕ даринаг ис? Искуы ахӕм уавӕры бахаудтӕ, ӕмӕ раст цы у, уый тыххӕй дзургӕйӕ дӕ фидар фӕлӕууын бахъуыди? Кӕд о, уӕд дын Енохы уырнындзинад бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдзӕн фӕзминаг.

Ной. Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ

Ной ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты? Нау аразгӕйӕ Ной фидар уырнындзинад куыд равдыстой?

Ной. Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд аирвӕзтысты, адӕмы историйы ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕджы?

Доны хъаймӕтӕй Египетӕй рацӕуыны онг

Аврам. «Уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн... сӕ фыд»

Аврам йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куыд ӕвдыста? Цӕмӕй дӕ фӕндид Аврамы уырнындзинад бафӕзмын?

Саррӕ. «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»

Египеты фараоны кънйӕзтӕ федтой, Саррӕ ӕмбисонды рӕсугъд кӕй уыд. Стӕй цы ӕрцыд, уый дӕ дисы бафтаудзӕн.

Ревеккӕ. Чызг загъта: «Цӕуын»

Уырнындзинадӕй уӕлдай Ревеккӕмӕ уыд ӕндӕр диссаджы миниуджытӕ дӕр.

Иосиф. «Зонут, мӕ фыны цы федтон?»

Кӕнгӕ ныййарджытӕ кӕнӕ кӕнгӕ сывӕллӕттӕ цы бинонты ис, уыдон Иосифы хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц.

Иосиф. «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»

Иосиф цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ Потифары ус ма фӕрӕдийын кодтаид?

Иосиф. «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»

Иосиф афтӕ хъӕбатырӕй Египеты сӕндарты хистӕры, дзулгӕнджыты хистӕры ӕмӕ фараоны фынтӕ цӕмӕн райхӕлдта? Иосиф иу боны мидӕг ахӕстонӕй паддзахы галуанмӕ куыд бахауд?

Иосиф. «Исты ӕз Хуыцау дӕн?»

Дӕ бинонтӕ кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнынц, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕуынц кӕнӕ кӕрӕдзийӕ сӕ удхӕссӕг уынынц? Кӕд, о, уӕд дын Иосифы хабар баххуыс кӕндзӕн.

Иов. «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!»

Иовы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн, зын уавӕры-иу куы бахауӕм кӕнӕ нӕ уырнындзинад ӕндӕр исты хуызы фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд?

Иов. Йегъовӕ йын йӕ мӕстытӕ ферох кӕнын кодта

Иовы уырнындзинад куы фӕзмӕм, уӕд Хӕйрӕг мӕстӕй мӕлдзӕн, Йегъовӕйы уарзӕгой зӕрдӕ та цинӕй райдзӕн!

Мариам. «Зарут Йегъовӕйӕн»!

Ус-пехуымпар Мариам Сырх денджызы цур сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕмӕ израилаг сылгоймӕгты разӕй уӕлахизы зарӕг заргӕ рацыд. Мариам нын фӕзминаг у йӕ хъӕбатырдзинадӕй, йӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй.

Египетӕй куы рацыдысты, уӕдӕй Израилы фыццаг паддзахы хицаудзинады онг

Раав. Йӕ хъуыддӕгты фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыд

Раавы хабарӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны? Йӕ уырнындзинад нын фӕзминаг цӕмӕй у?

Деворӕ. «Израилӕн мадау ӕххуысмӕ... сыстадтӕн»

Деворӕйы уырнындзинад ӕмӕ нын йӕ хъӕбатырдзинад фӕзминаг куыд сты?

Руф. «Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн»

Руф йӕ бинонты ӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууадзынмӕ цӕттӕ цӕмӕн уыди? Йегъовӕ Руфӕн цӕй тыххӕй аргъ кодта?

Руф. «Диссаджы сылгоймаг»

Вооз Руфы кӕй ракуырдта, уымӕн стыр нысаниуӕг цӕмӕн ис? Ӕцӕг бинонтӕ кӕй ис схонӕн, уый нын Руф ӕмӕ Ноемины хабар куыд ӕвдисы?

Аннӕ. Йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕн раргом кодта

Аннӕмӕ-иу афтӕ каст, ӕмӕ нал бафӕраздзӕн, фӕлӕ-иу ахӕм уӕззау уавӕрты дӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы бафӕрӕзта.

Самуил. «Стыр кодта Йегъовӕйы раз»

Самуил иннӕ сывӕллӕттӕй уӕлдай куыд схъомыл? Цатыры лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фидар кодта?

Самуил. Кӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл, уӕддӕр уыд иузӕрдион

Алчидӕр нӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы, цӕйдӕр тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййӕм. Самуил куыд изӕрдион у, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Израилы фыццаг паддзахы хицаудзинадӕй Чырыстийы райгуырды онг

Ионафан. «Йегъовӕйӕн... йӕ бон у фервӕзын кӕнын»

Ионафан йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ знаджы ӕфсӕддон къорды ныхмӕ рацыд ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз.

Давид. «Ацы хӕст Йегъовӕйы хӕст у»

Давид Голиафыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз? Давиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Давид ӕмӕ Ионафан. «Зӕрдӕйӕн... адджын сси»

Алыхуызон уавӕрты чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон кары чи уыд, уыцы дыууӕ адӕймаджы хорз ӕмбӕлттӕ цӕй фӕрцы ссисты? Ӕмбӕлттӕ агургӕйӕ дын сӕ цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

Авигейӕ. Архайдта ӕмбаргӕйӕ

Авигейӕ Навалы хуызӕн ӕвзӕр лӕгимӕ цӕргӕйӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Илийа. Тох кодта раст дины сӕрыл

Библийы ахуырӕдтимӕ разы чи нӕу, ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд уаид Илийайы бафӕзмын?

Илийа. Уыди къӕрцхъус ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зыдта

Пехуымпар Илийа Хуыцаумӕ кувын кӕй уарзта ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕй зыдта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

Илийа. Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта

Илийа йӕхимӕ афтӕ тынг цӕмӕн ныхъхъуыста, ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт куырдта?

Илийа. Кӕронмӕ фидар фӕлӕууыд

Илийа фидар кӕй фӕлӕууыд, уый махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ зындзинӕдты рӕстӕг ма фӕцудӕм.

Ионӕ. Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр

Ионӕйау искуы тарстӕ, Йегъовӕ дын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй? Ионӕйы хабарӕй ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕмӕ стыр фӕразондзинад кӕй ис ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у, ууыл.

Ионӕ. Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл

Ионӕйы хабар нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн?

Есфир. Хуыцауы адӕмы сӕрыл рахӕцыд

Цӕмӕй Есфирау удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм, уый тыххӕй хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад.

Есфир. Архайдта ӕмбаргӕйӕ, хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ

Есфир Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй удуӕлдайӕ куыд архайдта?

Чырыстийы райгуырдӕй апостолты мӕлӕты онг

Марийӕ. «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

Зӕд Гавриил Марийӕйӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй куы раппӕлыд, уӕд Марийӕ йӕхи куыд дардта? Ноджыдӕр ма цавӕр хорз миниуджытӕ равдыста?

Марийӕ. «Хъуыдытӕ кодта, уый цы уа, зӕгъгӕ»

Марийӕйыл Вифлеемы цы хабар ӕрцыд, уый фӕрцы ноджы тынгдӕр райдыдта ӕууӕндын Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл.

Марийӕ. Йӕ зӕрдӕйы кардау чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕрӕзта

Чырыстийы мад Марийӕйы цӕвиттон нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, зӕрдӕйы «кардау» чи ахызт, уыцы мастӕн бафӕразӕм.

Иосиф. Уыди фӕзминаг фыд

Иосиф йӕ бинонты куыд хъахъхъӕдта? Марийӕйы ӕмӕ Йесойы Египетмӕ цӕмӕн акодта?

Марфӕ. «Уырны мӕ»

Марфӕ диссаджы уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый йе ’фсымӕры мӕлӕты рӕстӕг куыд равдыста?

Марийӕ Магдалинӕ. «Ӕз Хицауы федтон!»

Уыцы иузӕрдион сылгоймаджы Йесо ахӕм кадӕй схайджын кодта, цӕмӕй иннӕтӕн хорз хабар радзырдтаид.

Петр. Тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ

Дызӕрдыг хъуыдытӕ тынг тӕссаг сты, адӕймагмӕ уырнындзинад нал вӕййы. Фӕлӕ кӕд Петр, Йесойы фӕдыл ацӕуа ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кодта, уӕддӕр раст уынаффӕ рахаста.

Петр. Фӕлварӕнты уыд иузӕрдион

Петрӕн йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад куыд баххуыс кодтой йӕ рӕдыдыл басӕттынӕн?

Петр. Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын

Йесо Петрӕн куыд бамбарын кодта, хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый? Йесо Петрӕн ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кодта, уый куыд равдыста?

Тимофей. «Мӕ уарзон ӕмӕ мӕ иузӕрдион хъӕбул нӕ Хицауы хъуыддаджы»

Тимофейӕ, ӕфсӕрмыгӕнаг лӕппуйӕ, хорз цӕстдарӕг куыд рауад?