Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | МАРИАМ

«Зарут Йегъовӕйӕн»!

«Зарут Йегъовӕйӕн»!

 Гыццыл чызг ӕрӕмбӕхст, цӕмӕй йӕ мачи фена ӕмӕ ӕдзынӕг кӕсы, хъӕз кӕм зайы, уыцырдӕм. Чызг змӕлгӕ дӕр нӕ кӕны, раст цыма улӕфгӕ дӕр нӕ кӕны, афтӕ. Нилы цӕугӕдон сабыргай йӕ рӕзты кӕлы. Рӕстӕг цӕуы, фӕлӕ чызг йӕ бынаты лӕууы ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йӕ алыварс бындзытӕ гуыв-гуывгӕнгӕ куыд ратӕх-батӕх кӕнынц, уый уынгӕ дӕр нӕ кӕны. Кӕдӕм кӕсы, уым ӕмбӕхст ис, дон кӕдӕм нӕ хъары, ахӕм чыргъӕд. Йӕ мидӕг та хуыссы йӕ гыццыл ӕфсымӕр. Чызг куы ахъуыды кӕны, сывӕллон уым иунӕгӕй кӕй ис, уӕд йӕ гыццыл зӕрдӕ фӕцӕйтоны. Фӕлӕ зоны, йӕ ныййарджытӕ раст кӕй бакодтой – ныр рӕстӕг ахӕм у, ӕмӕ сывӕллоны фервӕзын кӕнынӕн ӕндӕр мадзал нӕй.

 Уырдӕм ӕрбацӕуынӕн уыцы гыццыл чызджы хъӕбатырдзинад хъуыди. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр та ноджы фылдӕр хъӕбатырдзинад бахъӕудзӕн. Кӕд нырма гыццыл уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрын райдыдта диссаджы миниуӕг – уырнындзинад. Ӕмӕ уый рабӕрӕг, гыццыл фӕстӕдӕр цы ’рцыд, уымӕй. Уыцы миниуӕг ӕм уыд цӕрӕнбонты. Уырнындзинад ын ӕххуыс кодта суанг йӕ зӕронды бонты дӕр, йӕ адӕмы царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ стыр рӕдыд куы ’руагъта, уӕддӕр та йын уыцы миниуӕг баххуыс кодта. Чи уыд уыцы чызг? Ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Мариам хъомыл кодта уацары

 Библийы ацы хабар фыст кӕм ис, уым уыцы чызгӕн йӕ ном фыст нӕй. Фӕлӕ дызӕрдыггаг нӕу, уыцы чызг кӕй уыд Мариам, Амрам ӕмӕ Иохаведӕйы фыццаг сывӕллон. Амрам ӕмӕ Иохаведӕ уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ уыдысты цагъартӕ Египеты (Нымӕцтӕ 26:59). Чыргъӕды чи хуыссыд, уыцы сывӕллоны фӕстӕдӕр схуыдтой Моисей. Фӕлӕ ма Мариамӕн уыд ноджыдӕр иу ӕфсымӕр, Аарон. Уыцы рӕстӕг ыл цыди иу-3 азы. Мариамыл цас цыди, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй, фӕлӕ йыл, ӕвӕццӕгӕн, 10 азы дӕр нӕма цыд.

 Мариам тынг уӕззау рӕстӕджыты цард. Египетӕгтӕ дзуттӕгтӕй тарстысты, ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой ӕмӕ сӕ фыркуыстӕй мардтой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ уӕддӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Гъемӕ сӕ египетӕгтӕ ноджы тынгдӕр тӕрсын райдыдтой, ӕмӕ фыддӕр цыдӕр ӕрхъуыды кодтой: Египеты паддзах бардзырд радта, цӕмӕй-иу ноггуырд дзуттаг лӕппуты амардтаиккой. Фӕлӕ дыууӕ дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймаджы, Шифрӕ ӕмӕ Фуӕ, Египеты паддзах куыд загъта, афтӕ нӕ кодтой. Ӕмӕ-иу лӕппу куы райгуырд, уӕд-иу ӕй удӕгасӕй ныууагътой (Рацыд 1:8–22). Мариам сын сӕ уырнындзинады тыххӕй куыннӕ фехъуыстаид.

 Мариам ма уыдта, йӕ ныййарджытӕ Амрам ӕмӕ Иохаведӕ дӕр Хуыцауыл тынг кӕй ӕууӕндыдысты. Ӕртыккаг сывӕллон сын куы райгуырд – хуры тыны хуызӕн рӕсугъд лӕппу, уӕд ӕй ӕртӕ мӕйы фембӕхстой. Уыдон фараоны бардзырдӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ сывӕллоны фервӕзын кодтой (Дзуттӕгтӕм 11:23). Фӕлӕ сывӕллон ӕмбӕхсын ӕнцон нӕу, ӕмӕ сӕ хъуыди исты саразын. Иохаведӕ хъуамӕ сывӕллоны ахӕм бынатмӕ ахастаид, цӕмӕй йӕ исчи ссардтаид ӕмӕ йӕ схъомыл кодтаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы мад Хуыцауӕн куыд лӕгъстӕ кодтаид, йӕ гыццыл хъӕбулӕн чыргъӕд куы быдта, писийӕ йӕ куы сӕрста, цӕмӕй дзы дон ма бахъардтаид ӕмӕ йӕ стӕй Нилы цӕугӕдоны был куы ныууагъта, уӕд! Ӕмӕ Мариамӕн дӕр Иохаведӕ загътаид, цӕмӕй уым лӕууыдаид ӕмӕ кастаид, сывӕллон цы бауыдзӕн (Рацыд 2:1–4).

Мариам йе ’фсымӕры фервӕзын кодта

 Рӕстӕг цыд. Мариам ӕнхъӕлмӕ каст. Уалынмӕ йӕ хъустыл цавӕрдӕр уынӕр ауад. Кӕсы, ӕмӕ цалдӕр сылгоймаджы ӕрбацӕуы. Уыдон хуымӕтӕг египетӕгтӕ нӕ уыдысты. Иу дзы уыд фараоны чызг, иннӕтӕ та – йӕ лӕггадгӕнӕг-чызджытӕ, ӕмӕ Нилы цӕугӕдонмӕ сӕхи найынмӕ ӕрбацыдысты. Мариамӕн фыртӕсӕй йӕ зӕрдӕ йӕ риуӕй рацӕйгӕпп кодта. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды дӕр нӕ акодтаид, ӕмӕ фараоны чызг йӕ фыды ныхасы сӕрты ахиздзӕн ӕмӕ уыцы дзуттаг сывӕллоны фервӕзын кӕндзӕн. Уыцы рӕстӕг Мариам, ӕвӕццӕгӕн, тынг куывта.

 Хъӕзты ’хсӕн чыргъӕд фыццаг ауыдта фараоны чызг ӕмӕ йӕм йӕ лӕггадгӕнӕг-чызджы арвыста. Ӕмӕ, дарддӕр Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, «чыргъӕд куы байгом кодтой, уӕд кӕсы, ӕмӕ дзы сывӕллон, лӕппу. Сывӕллон куыдта». Фараоны чызг уайтагъд бамбӕрста, хабар цӕй мидӕг ис, уый: дзуттаг сылгоймӕгтӕй чидӕр йӕ сывӕллоны фервӕзын кӕнынмӕ хъавы. Фӕлӕ уыцы гыццыл рӕсугъд сывӕллоны куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта (Рацыд 2:5, 6). Уый бӕрӕг уыд йӕ цӕсгомӕй дӕр, ӕмӕ йӕ Мариам уайтагъд бафиппайдта. Чызг бамбӕрста, рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй равдыстаид, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дары. Гъемӕ йӕхи фӕхъӕбатыр кодта ӕмӕ фараоны чызгмӕ бацыд.

 Мах ӕй нӕ зонӕм, дзуттаг цагъар чызг паддзахы бинонтӕй искӕмӕ куы бацыдаид ӕмӕ йемӕ куы сныхас кодтаид, уӕд ын цы бакодтаиккой, уый. Фӕлӕ Мариам фараоны чызджы комкоммӕ бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ дын дзуттӕгтӕй дзидзидарӕг сылгоймаг ӕрбакӕнон, цӕмӕй дын ацы сывӕллоны схӕсса?» Уый уыд раст фарста. Фараоны чызг зыдта, ахӕм гыццыл сывӕллон схӕссын йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, хуыздӕр кӕй уыдзӕн, дзидзидарӕг сылгоймаг сывӕллонӕн йӕхи адӕмӕй куы уа, уӕд. Уый фӕстӕ лӕппуйы йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодтаид, йӕхицӕн дзы фырт скодтаид, схъомыл ӕй кодтаид ӕмӕ йын хорз ахуырад радтаид. Мариамӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ йӕ риуы уӕрыккау скафыд, фараоны чызг ын цы загъта, уый куы фехъуыста, уӕд: «Ацу, ӕрбакӕн» (Рацыд 2:7, 8).

Хъӕбатыр Мариам йӕ гыццыл ӕфсымӕры дардӕй хъахъхъӕны

 Мариам хӕдзармӕ азгъордта. Йӕ ныййарджытӕ фырмӕтӕй сӕхицӕн бынат нӕ ардтой. Чызг йӕ мадӕн хабар куыд цингӕнгӕ дзырдтаид, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Иохаведӕйы фидарӕй уырныдта, хъуыддаг афтӕ Йегъовӕйы фӕрцы кӕй рауад. Ӕмӕ Мариамимӕ фараоны чызгмӕ ацыд. Ӕвӕццӕгӕн, Иохаведӕ йӕ цин тыххӕй баурӕдта, фараоны чызджы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд: «Ахӕсс ацы сывӕллоны ӕмӕ мын ӕй схӕсс. Ӕз дын фиддзынӕн» (Рацыд 2:9).

 Уыцы бон Мариам йӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта. Базыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмыл кӕй тыхсы ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Стӕй хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад ӕрмӕст стыртӕм кӕнӕ нӕлгоймӕгтӕм кӕй нӕ вӕййы. Йегъовӕ хъусы йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй куывдтытӕ дӕр (Псалом 65:2). Не ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕ дӕр, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр – уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ацы уӕззау рӕстӕджыты.

Мариам уыд фӕразон хо

 Иохаведӕ йӕ гыццыл лӕппуйы хъомыл кодта. Мариам йе ’фсымӕрыл тынг ӕнувыд уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дзурын ахуыр кодта ӕмӕ тынг фӕцин кодта, сывӕллон фыццаг хатт Хуыцауы ном, Йегъовӕ, куы загъта, уӕд. Сывӕллон куы байрӕзт, уӕд ӕй фараоны чызгмӕ акодтой, ӕмӕ йӕ уый схуыдта Моисей (Рацыд 2:10). Лӕппу семӕ кӕй нал уыд, уый ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр масты хос куыннӕ уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, Мариамы тынг фӕндыд базонын, йе ’фсымӕр куы сыстыр уа, уӕд дзы цавӕр адӕймаг рауайдзӕн, уый. Цымӕ Египеты паддзахы хӕдзары цӕргӕйӕ Йегъовӕйы нӕ ферох кӕндзӕн?

 Рӕстӕг куы рацыд, уӕд алцыдӕр рабӕрӕг. Мариам йе ’фсымӕрӕй сӕрыстыр куыннӕ уыдаид, цавӕр адӕймаг дзы рауад, уый куы базыдта, уӕд. Кӕд Моисейӕн йӕ бон уыд фараоны хӕдзары йӕ удыдзӕбӕхӕн цӕрын, уӕддӕр ӕй бафӕндыд йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцыд. Египетаг лӕг дзуттаг цагъары куыд нӕмы, уый куы федта, уӕд египетаджы амардта. Моисей фӕтарст, йӕхи дӕр ын куы амарой, уымӕй, ӕмӕ Египетӕй алыгъд (Рацыд 2:11–15; Хъуыддӕгтӕ 7:23–29; Дзуттӕгтӕм 11:24–26).

 Уый фӕстӕ 40 азы дӕргъы Мариам йе ’фсымӕры тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, ницыуал фехъуыста. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Моисей цард Мадиамы ӕмӕ фыстӕ хызта (Рацыд 3:1; Хъуыддӕгтӕ 7:29, 30). Рӕстӕг цыд. Мариам зӕронд кодта ӕмӕ уыдта, йӕ адӕмы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕны.

Мариам – ус-пехуымпар

 Мариамыл, ӕвӕццӕгӕн, 80 азӕй фылдӕр цыд, Хуыцау йӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй Моисейы Египетмӕ куы арвыста, уӕд. Моисейы бӕсты хъуамӕ дзырдтаид Аарон. Ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры фараонмӕ бацыдысты, цӕмӕй йын загътаиккой, ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ауагътаид. Фӕлӕ сӕм фараон нӕ хъуыста, ӕмӕ та-иу ӕм ногӕй бацыдысты. Йегъовӕ Египетыл дӕс ӕфхӕрды иу иннӕйы фӕдыл ӕруагъта, фӕлӕ фараон уӕддӕр нӕ саст. Моисей ӕмӕ-иу Аарон фараонӕй куы рацыдысты, уӕд-иу Мариам, ӕвӕццӕгӕн, алы хатт дӕр сӕ фарсмӕ балӕууыд ӕмӕ-иу сын сӕ ныфс бафидар кодта. Йегъовӕ египетӕгтыл дӕсӕм ӕфхӕрд куы ’руагъта, уӕд сӕ фыццаггуырд фырттӕ иууылдӕр амардысты. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй израилӕгтӕ Египетӕй рацыдаиккой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Мариам йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, Моисеимӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд (Рацыд 4:14–16, 27–31; 7:1–12:51).

 Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ къӕппӕджы бахаудысты: разӕй уыд Сырх денджыз, фӕстейӕ та – египетӕгты ӕфсад. Уӕд Моисей йӕ лӕдзӕг Сырх денджызмӕ адардта, ӕмӕ денджыз фӕдих! Адӕм Моисеимӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл куы фӕцӕйцыдысты, уӕд Мариам Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр баууӕндыд. Мариам федта, Хуыцауӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у ӕмӕ йӕ алы ныхас дӕр кӕй сӕххӕст кӕны! (Рацыд 14:1–31).

 Адӕм денджызы иннӕ фарсмӕ дзӕбӕхӕй куы ахызтысты, фараон ӕмӕ йе ’фсад та доны бын куы фесты, уӕд Мариам федта, Йегъовӕ ӕппӕты хъомысджын ӕфсадӕй дӕр тыхджындӕр кӕй у. Фырцинӕй адӕм Йегъовӕйы кадӕн зарын райдыдтой. Уӕд Мариам дӕр сылгоймӕгты разӕй заргӕ рацыд: «Зарут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта. Бӕхы ӕд барӕг денджызы ныппӕрста» (Рацыд 15:20, 21; Псалом 136:15).

Мариам Сырх денджызы цур Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ израилаг сылгоймӕгты разӕй уӕлахизы зарӕг заргӕ рацыд

 Уыцы хабар Мариам цӕрӕнбонтӕм йӕ зӕрдыл бадардта. Ацы ран Библи Мариамы хоны пехуымпар. Уыцы кадӕй сылгоймӕгтӕй чи схайджын, уыдон цалдӕр йеддӕмӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ фыццаг уыди Мариам (Тӕрхонгӕнджыты 4:4; 2 Паддзӕхты 22:14; Исай 8:3; Лукайы 2:36).

 Афтӕмӕй нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ нӕм лӕмбынӕг кӕй кӕсы ӕмӕ кӕй аргъ кӕны, нӕ бон цы у, уый кӕй фӕаразӕм, фӕразон кӕй вӕййӕм ӕмӕ йӕ кӕй фӕкадджын кӕнӕм, уымӕн. Ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕви сылгоймӕгтӕ – не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у хъуыддагӕй ӕвдисын, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны ахӕм уырнындзинадӕн. Уый нын нӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕнӕмӕнгӕй раарфӕ кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 6:10; 11:6) Цӕй уӕдӕ Мариамы уырнындзинад фӕзмӕм!

Мариам ссӕрбӕрзонд

 Адӕймаг исты кадджын хӕс куы феххӕст кӕны, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы. Фӕлӕ ахӕм адӕймаг хъуамӕ къӕрцхъус уа. Израилӕгтӕ уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд се ’хсӕн ӕппӕты кадджындӕр сылгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, Мариам уыди. Мыййаг, уый тыххӕй ссӕрбӕрзонд кӕнӕ кадмондаг сси? (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Хъыгагӕн, рӕстӕгмӕ ссӕрбӕрзонд.

 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Моисеймӕ дардӕй ӕрцыд йӕ каис Иофор. Йемӕ уыдысты Моисейӕн йӕ ус Сепфорӕ ӕмӕ сӕ дыууӕ фырты. Моисей Сепфорӕйы ракуырдта, 40 азы Мадиамы куы цард, уыцы рӕстӕг. Уымӕй размӕ Сепфорӕ Мадиаммӕ ацыд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ цӕгат абӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕмӕ йӕ ныр йӕ фыд ӕрбакодта, израилӕгтӕ сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уырдӕм (Рацыд 18:1–5). Ахъуыды-ма кӕн, адӕм куыд сцымыдис уыдаиккой! Ӕвӕццӕгӕн, бирӕты фӕндыд фенын, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамонӕгӕй кӕй равзӕрста, уый бинойнаджы.

 Цымӕ Мариам дӕр йӕ чындзы ӕрцыдыл цин кодта? Фыццаг, чи зоны, о. Фӕлӕ стӕй сӕрбӕрзонддзинад йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ уадзын райдыдта. Чи зоны, фӕтарст, Сепфорӕ уымӕй кадджындӕр куы суа, уымӕй. Куыдфӕнды ма уыдаид, Мариам ӕмӕ Аарон йӕ кой кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ, арӕхдӕр куыд вӕййы, афтӕ уыцы ныхӕстӕ фӕстӕдӕр фыдкоймӕ рахызтысты. Фыццаг ӕрмӕст Сепфорӕйы кой кодтой. Хъуыр-хъуыр кодтой, зӕгъгӕ, дам, израилаг нӕу, Кушы бӕстӕйӕ *, дам, у. Фӕстӕдӕр та хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой Моисейыл дӕр. Мариам ӕмӕ Аарон дзырдтой: «Исты Йегъовӕ ӕрмӕст Моисейы уылты дзуры? Мах уылты дӕр нӕ дзуры?» (Нымӕцтӕ 12:1, 2).

Мариам хъотырӕй фӕрынчын

 Мариам ӕмӕ Аароны ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕ зӕрдӕты ӕвзӕр миниуджытӕ кӕй сӕвзӕрд. Моисеймӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой ӕмӕ фылдӕр бартӕм бабӕллыдысты. Цымӕ уым Моисей исты аххосджын уыд? Мыййаг, кадмондаг уыди ӕмӕ иннӕтӕн йӕхи хицау кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Моисеймӕ дӕр хъӕндзинӕдтӕ уыди. Фӕлӕ йӕ сӕрыстыр ӕмӕ сӕрбӕрзонд схонӕн нӕ уыд. Библийы фыст ис: «Зӕххыл... Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд». Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Мариам ӕмӕ Аарон раст нӕ уыдысты ӕмӕ тӕссаг фӕндагыл слӕууыдысты. Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕ та сӕм хъуыста» (Нымӕцтӕ 12:2, 3).

 Ӕвиппайды Йегъовӕ дыууӕ ’фсымӕр ӕмӕ хойӕн загъта, цӕмӕй ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбацыдаиккой. Мигъы хуызӕн цӕджындз ӕрцыд ӕмӕ цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыд. Уыцы цӕджындз ӕвдыста, Йегъовӕ уым кӕй уыд, уый. Йегъовӕ Мариам ӕмӕ Ааронӕн бауайдзӕф кодта: сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, Моисеимӕ куыд ӕнгом сты ӕмӕ йыл куыд тынг ӕууӕнды, уый. Ӕмӕ сӕ стӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд куыд бауӕндыдыстут мӕ лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ, Моисейы ныхмӕ, дзурын?» Мариам ӕмӕ Аарон, ӕвӕццӕгӕн, тынг фӕтарстысты. Моисейы ныхмӕ кӕй дзырдтой, уый Йегъовӕ афтӕ банымадта, цыма йын йӕхи ныхмӕ дзырдтой (Нымӕцтӕ 12:4–8).

 Амидингӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, Мариам уыди. Фыццаг уый райдыдта дзурын сӕ чындзы ныхмӕ ӕмӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕры дӕр йӕ зондыл акодта. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ дӕр ӕрмӕст Мариамы уый тыххӕй бафхӕрдта – хъотыр ыл бафтыдта. Уыцы ӕвирхъау низӕй Мариамы буар «митау урс адардта». Аарон уайтагъд йӕхи Моисейы раз ӕрныллӕг кодта ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн загътаид, ӕмӕ сын ныххатыр кодтаид. Аарон загъта: «Не ’нӕзондӕй цы сарӕзтам, уый нын тӕригъӕдыл ма банымай!» Моисей ӕцӕгдӕр тынг сӕрныллӕг уыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта: «О Хуыцау, курын дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн! Лӕгъстӕ дын кӕнын, сдзӕбӕх ӕй кӕн!» (Нымӕцтӕ 12:9–13). Моисей ӕмӕ Аарон сӕ хистӕр хойыл куыд тынг мӕт кодтой, уымӕй бӕрӕг у, бирӕ йӕ кӕй уарзтой, кӕд ӕм хъӕндзинӕдтӕ уыди, уӕддӕр.

Йегъовӕ Мариамӕн ныххатыр кодта

 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, ӕмӕ Мариам йӕ тӕригъӕдыл куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ӕй сдзӕбӕх кодта. Фӕлӕ загъта, цӕмӕй авд боны цардаид хибарӕй, цатырты ӕдде. Ӕвӕццӕгӕн, Мариам йӕхимӕ тынг ӕгад ӕркаст, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр федтой, Хуыцау ӕй кӕй бафхӕрдта. Фӕлӕ йын йӕ уырнындзинад баххуыс кодта. Мариам зыдта, йӕ Фыд, Йегъовӕ, раст кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй уарзы, ӕфхӕргӕ дӕр ӕй уый тыххӕй кӕй бакодта. Гъемӕ йын йӕ ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ авд боны цатырты ӕдде иунӕгӕй фӕцард, иннӕтӕ та йӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр равдыста уырнындзинад – йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ адӕмы ’хсӕнмӕ ӕрбаздӕхт (Нымӕцтӕ 12:14, 15).

 Йегъовӕ зонд амоны, кӕй уарзы, уыдонӕн (Дзуттӕгтӕм 12:5, 6). Ӕмӕ Мариамы дӕр бирӕ куы нӕ уарзтаид, уӕд ӕй йӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй нӕ бафхӕрдтаид. Кӕд Мариамӕн уыцы зондамынд ӕхсызгон нӕ уыд, уӕддӕр ӕй уый фервӕзын кодта. Сӕрныллӕгӕй зондамындмӕ байхъуыста, ӕмӕ та дзы Йегъовӕ райгонд уыд. Мариам фӕцард, израилӕгты балц ӕдзӕрӕг быдыры йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕды онг. Мӕлгӕ та акодта Цины ӕдзӕрӕг быдыры, Кадесы, 130 азы бӕрц ыл куы цыди, уӕд (Нымӕцтӕ 20:1) *. Ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ Мариамы йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй скадджын кодта. Йӕ пехуымпар Михейы уылты йӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй уӕ ссӕрибар кодтон. Уӕ разӕй уын арвыстон Моисейы, Аароны ӕмӕ Мариамы» (Михей 6:4).

Мариам йӕ уырнындзинады фӕрцы Йегъовӕйы зондамындмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста

 Мариамы цардӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Мах дӕр хъуамӕ, ӕнӕбон чи у, уыдоны хъахъхъӕнӕм ӕмӕ, дзурын цы хъӕуы, уый дзурын ма тӕрсӕм, Мариам гыццылӕй куыд кодта, афтӕ (Иаковы 1:27). Хъуамӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй иннӕтӕн цингӕнгӕ дзурӕм (Ромӕгтӕм 10:15). Хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕвзӕр миниуджытӕй – хӕлӕг кӕнынӕй ӕмӕ иннӕтӕм мӕсты кӕнынӕй (Ӕмбисӕндтӕ 14:30). Ӕмӕ нын Йегъовӕ зонд куы амона, уӕд-иу ын йӕ зондамындыл хъуамӕ сӕрныллӕгӕй сразы уӕм (Дзуттӕгтӕм 12:5). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕцӕгдӕр Мариамы уырнындзинад фӕзмдзыстӕм.

^ 21 абз. Сепфорӕйӕ, Кушы бӕстӕйӕ у, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Ефиопийӕ уыди. Ӕвӕццӕгӕн, Сепфорӕ дӕр иннӕ мадиамӕгтау Аравийӕ уыд.

^ 26 абз. Мариам, Аарон ӕмӕ Моисей амардысты куыдхистӕрӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу афӕдзы дӕргъы: фыццаг амард Мариам, уый фӕстӕ Аарон ӕмӕ фӕстагмӕ та Моисей.