Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | САРРӔ

Хуыцау загъта, паддзӕхтӕ дзы кӕй рацӕудзӕн

Хуыцау загъта, паддзӕхтӕ дзы кӕй рацӕудзӕн

САРРӔ йӕ куыстытӕ фӕуагъта ӕмӕ дардмӕ акаст. Сӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ хорз амындтӕм гӕсгӕ зӕрдӕрухсӕй архайдтой, ӕмӕ куыстуарзаг Саррӕ дӕр семӕ фыдӕбон кодта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, хъуыдыты куыд ацыд, афтӕмӕй йӕ фӕллад къухтӕ куыд ӕууӕрста. Чи зоны, кӕм цардысты, уыцы цатыр ӕмпъызта. Сӕгъы хъуынӕй конд дӕрзӕг хъуымац бирӕ азты дӕргъы хурмӕ ӕмӕ къӕвдамӕ йӕ хуыз сивта. Уый Саррӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цатырты бирӕ рӕстӕг кӕй цӕрынц. Бон изӕрырдӕм акъул, ӕмӕ хуры тынтӕ сызгъӕринау ӕрттывтой. Саррӕ каст, Авраам * райсомӕй кӕцырдӕм ацыд, уыцырдӕм ӕмӕ йе ’рбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ касти. Йӕ сӕрыхицау уӕлвӕзӕй куы разынд, уӕд йӕ цӕсгомыл цины мидбылхудт анхъӕвзт.

Авраам йӕ бинонты ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты Евфраты цӕугӕдоны сӕрты Ханаанмӕ куы ’ркодта, уымӕй рацыд дӕс азы. Саррӕ уыди йӕ сӕрыхицауы фарсмӕ, кӕд сӕм уыцы дард балцы цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый нӕ зыдта, уӕддӕр. Фӕлӕ зыдта, Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд, уым Авраамӕн ахсджиаг бынат кӕй уыди – хъуамӕ йын рацыдаид байзӕддӕгтӕ ӕмӕ суыдаиккой стыр адӕм. Цымӕ дзы Саррӕйӕн та цы бынат уыд? Цот ын нӕ цыд, цӕугӕ та йыл кодта 75 азы ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд куыд хъуамӕ сӕххӕст уа? Мӕн хуызӕн усӕй Авраамӕн цот куыд хъуамӕ рацӕуа?» Кӕй мӕт кодта ӕмӕ йын ӕнхъӕлмӕ кӕсын зын кӕй уыд, уый бамбарӕн ис.

Мах дӕр иуӕй-иу хатт, чи зоны, фӕфӕнды базонын, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уый. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та дзырд, тынг цӕмӕ бӕллӕм, ууыл куы цӕуа, уӕд. Ацы диссаджы сылгоймаджы уырнындзинадӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«ЙЕГЪОВӔ МЫН ЗӔНӔГ НӔ ДӔТТЫ»

Авраамы бинонтӕ Египетӕй ӕрӕджы рацыдысты (Райдиан 13:1–4). Сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Вефилӕй (ханаайнӕгтӕ йӕ хуыдтой Луз) скӕсӕнырдӕм хӕхбӕсты. Уыцы бӕрзонд ранӕй Саррӕ уыдта Зӕрдӕвӕрд зӕххы стыр хай. Зындысты йӕм ханаайнӕгты хъӕутӕ ӕмӕ, бӕлццӕттӕ дард бӕстӕтӕм цы фӕндӕгтыл цыдысты, уыдон. Фӕлӕ уыцы бынӕттӕ йӕ райгуырӕн горӕты хуызӕн нӕ уыдысты. Саррӕ схъомыл Месопотамийы, горӕт Уры, ныртӕккӕ кӕм уыдысты, уырдыгӕй 1 900 километры дарддӕр. Уыцы хъӕздыг горӕты ныууагъта йӕ хиуӕтты, цы базартӕ дзы уыд, уыдон ӕмӕ йӕ хорз хӕдзар – йӕ сӕр уыд фидар ӕрмӕгӕй ӕмбӕрзт, йӕ алыварс уыд къултӕ амад, ӕмӕ дзы суанг дон дӕр цыд! Фӕлӕ кӕд нӕ цӕстытыл ауади, цыма Саррӕ скӕсӕнмӕ ӕнкъардӕй кӕсы ӕмӕ йӕ райгуырӕн хӕдзары йӕ хорз цард тынг мысы, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы иузӕрдион сылгоймаджы нӕ зонӕм.

Дӕ хъус-ма ӕрдар, иу-2 000 азы фӕстӕ апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныффыста, уымӕ. Саррӕ ӕмӕ Авраамы уырнындзинадыл куы дзырдта, уӕд загъта: «Цы ранӕй рацыдысты, уый куы мысыдаиккой, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр» (Дзуттӕгтӕм 11:8, 11, 15). Нӕдӕр Саррӕ ӕмӕ нӕдӕр Авраам, фӕстейы цы ныууагътой, ууыл нӕ фӕсмон кодтой. Фӕсмойнаг хъуыдытӕн сӕ зӕрдӕйы бынат куы скодтаиккой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзармӕ, Урмӕ, аздӕхтаиккой. Фӕлӕ уӕд ӕнӕхай фӕуыдаиккой, Йегъовӕ сӕ цы кады аккаг скодта, уымӕй. Уӕд сӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркодтаид ӕмӕ сӕ уырнындзинад милуангай адӕмӕн фӕзминаг нӕ уыдаид.

Саррӕйӕн йӕ каст фӕстӕмӕ нӕ уыд, фӕлӕ размӕ. Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр уыд йӕ цардӕмбалы фарсмӕ. Ӕххуыс ын кодта цатыртӕ исынӕн, сӕ фосы рӕгъӕуттимӕ ӕндӕр ранмӕ цӕуынӕн ӕмӕ ног бынӕтты цатыртӕ ӕвӕрынӕн. Уый фӕстӕ дӕр-иу зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ-иу сӕ царды цыдӕртӕ фӕивта, фӕлӕ-иу Саррӕ уӕддӕр фидар фӕлӕууыд. Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ ногӕй Авраамӕн загъта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый, фӕлӕ та Саррӕйы кой не скодта! (Райдиан 13:14–17; 15:5–7).

Ӕппынфӕстаг Саррӕ ахъуыды кодта, кӕй ӕрцыд рӕстӕг, цы сфӕнд кодта, уый тыххӕй Авраамӕн радзурынӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Саррӕйы цӕсгомыл йӕ мидхъуырдухӕнтӕ куыд бӕрӕг дардтаиккой, ацы ныхӕстӕ куы загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Йегъовӕ мын зӕнӕг нӕ дӕтты». Уый фӕстӕ Авраамӕн загъта, йӕ лӕггадгӕнӕг Агары йын усӕн кӕй дӕтты, цӕмӕй йын уымӕй цот рацӕуа. Ахъуыды-ма кӕн, Саррӕ йӕ лӕгӕн уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ын куыд зын уыдаид. Гӕнӕн ис, йӕ фӕнд махмӕ ӕнахуыр фӕкӕса, фӕлӕ уыцы рӕстӕг нӕлгоймагӕн йӕ бон уыд дыккаг ус, кӕнӕ номылус, ӕрхӕссын, цӕмӕй йын зӕнӕг цыдаид *. Мыййаг, Саррӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уый хорз мадзал у, цӕмӕй Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ Авраамӕй стыр адӕм рацӕуа? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Саррӕ цӕттӕ уыд уыцы хъуыддаг саразынмӕ. Авраам та куыд бакодта? Библийы фыст ис, Саррӕмӕ кӕй байхъуыста (Райдиан 16:1–3).

Цымӕ афтӕ бакӕнынмӕ Саррӕйы Йегъовӕ сразӕнгард кодта? Нӕ, Саррӕ цы сфӕнд кодта, уымӕй бӕрӕг у, хъуыддагмӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕй каст. Уый афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕвзӕрста уыцы зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у уыцы хъуыддаг ӕндӕрхуызон аскъуыддзаг кӕнын. Ӕмбӕрста йӕ, йӕхӕдӕг цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзардзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕндӕй зыны, хиуарзондзинадӕн ӕм йӕ кой дӕр кӕй нӕ уыд. Ацы дунейы адӕмӕн сӕхи фӕндтӕй ахсджиагдӕр ницы вӕййы. Фӕлӕ Саррӕ куыд удуӕлдай адӕймаг уыд, уый дисы ӕфтауы. Махӕн дӕр Хуыцауы фӕндтӕ нӕхи фӕндтӕй сӕйрагдӕр куы уой, уӕд афтӕмӕй Саррӕйы уырнындзинад фӕзмдзыстӕм.

«НӔ, ДЫ ХУДТӔ»

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Агар Авраамӕй басывӕрджын. Ӕвӕццӕгӕн, Агар афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын сывӕллон кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй йын Саррӕйӕ, йӕ хицауӕй, фылдӕр кад кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ӕнӕзӕнӕг Саррӕйӕн уый куыд зын уыдаид! Авраам Саррӕйӕн бар радта, цӕмӕй, куыд ӕй фӕндыд, афтӕ бакодтаид ӕмӕ йӕ Хуыцау дӕр бауагъта Агары ӕфхӕрын, фӕлӕ йӕ куыд ӕфхӕрдта, уый бӕрӕг нӕу. Агарӕн райгуырд лӕппу, Измаил, стӕй бирӕ азтӕ рацыд (Райдиан 16:4–9, 16). Уый фӕстӕ хабӕрттӕ райдайынц, Йегъовӕ сын цы фехъусын кодта, уымӕй. Уӕд Саррӕйыл цыди 89 азы, Авраамыл та – 99 азы. Ӕмӕ цӕй диссаджы хабар фехъуыстой!

Хуыцау та ногӕй йӕ хӕлар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгты йын кӕй сбирӕ кӕндзӕн. Стӕй ма йын Хуыцау йӕ ном дӕр аивта. Уӕдмӕ йӕ зыдтой Аврамӕй. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ ном фӕивта ӕмӕ йӕ схуыдта Авраам, ома «бирӕ адӕмты фыд». Ӕмӕ ныр Йегъовӕ фыццаг хатт раргом кодта, Саррӕйӕн йӕ фӕнды цы бынат ис, уый. Хуыцау уымӕн дӕр фӕивта йӕ ном. Раздӕр хуынди Сарӕ, ома «хъуырхъуыргӕнаг», ӕмӕ йӕ ныр та зонӕм Саррӕйӕ. Ном Саррӕ цы нысан кӕны? Паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ бамбарын кодта, уыцы диссаджы сылгоймагӕн ахӕм ном цӕмӕн равзӕрста: «Ӕз ын раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын уымӕй ратдзынӕн фырт. Раарфӕ йын кӕндзынӕн, ӕмӕ уымӕй рацӕудзӕн бирӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ адӕмты паддзӕхтӕ» (Райдиан 17:5, 15, 16).

Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, ома ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаиккой, уый хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Саррӕйы фырты уылты! Хуыцау уыцы лӕппуйӕн радта ном Исахъ, нысан кӕны «худын». Авраам фыццаг хатт куы фехъуыста, Саррӕ сывӕллон йӕхӕдӕг кӕй ныййардзӕн, уӕд «дӕлгоммӕ ӕрхауд, [ӕмӕ] ныххудт» (Райдиан 17:17). Авраам бадис кодта ӕмӕ тынг бацин кодта (Ромӕгтӕм 4:19, 20). Цымӕ Саррӕ та?

Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Авраамы цатырмӕ ’рбацыд ӕртӕ ӕнӕзонгӕ нӕлгоймаджы. Уый уыди боны тӕккӕ тӕвды, ӕмӕ сӕ уыцы ацӕргӕ ус ӕмӕ лӕг уайтагъд мидӕмӕ бахуыдтой. Авраам Саррӕйӕн загъта: «Рӕвдздӕр, ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕртӕ къусы райс, хыссӕ азмӕнт ӕмӕ дзултӕ акӕн». Уӕды заманты уазӕджы суазӕг кӕнын гыццыл хъуыддаг нӕ уыди. Авраам куыстытӕ иууылдӕр йӕ бинойнаджы бар нӕ бакодта. Ауади ӕмӕ род аргӕвста, стӕй ӕрцӕттӕ кодта бирӕ хӕринаг ӕмӕ нуазинаг (Райдиан 18:1–8). Уыцы «нӕлгоймӕгтӕ» Йегъовӕйы зӕдтӕ разындысты! Апостол Павелӕн, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар уыди йӕ хъуыдыйы, афтӕ куы ныффыста: «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый. Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой» (Дзуттӕгтӕм 13:2). Дӕ бон у Авраам ӕмӕ Саррӕйы диссаджы уазӕгуарзондзинад бафӕзмын?

Саррӕ уыд уазӕгуарзон

Зӕдтӕй иу Авраамӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрд йӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кодта, зӕгъгӕ, Саррӕйӕн лӕппу райгуырдзӕн, уӕд Саррӕ цатыры уыди ӕмӕ сӕм уырдыгӕй хъуыста. Уыцы кары ма йын сывӕллон кӕй уыдзӕн, уый йӕм афтӕ ӕнахуыр фӕкаст, ӕмӕ йӕхинымӕр бахудт ӕмӕ загъта: «Ай мӕнӕ зӕронд куы бадӕн, уӕд ма мӕм ахӕм амонд кӕцӕй кӕсы? Стӕй мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у». Фӕлӕ зӕд Саррӕйы бафарста: «Йегъовӕйы бон цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?» Саррӕ фӕтарст ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци, ӕмӕ уым диссагӕй ницы уыд. Саррӕ загъта: «Ӕз нӕ худтӕн». Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Нӕ, ды худтӕ» (Райдиан 18:9–15).

Цымӕ Саррӕ кӕй бахудт, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕм фаг уырнындзинад нӕ уыд? Нӕ. Библийы фыст ис: «Саррӕйӕн дӕр, кӕд уыцы кары нал уыд, ӕмӕ йын сывӕллон райгуыра, уӕддӕр, йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг рацӕуа, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн» (Дзуттӕгтӕм 11:11). Саррӕ Йегъовӕйы зыдта, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый кӕй сӕххӕст кӕны. Ахӕм уырнындзинад махӕй алкӕй дӕр хъӕуы. Хъуамӕ архайӕм, Библи чи ныффыссын кодта, уыцы Хуыцауы хуыздӕр базоныныл. Уӕд бамбардзыстӕм, Саррӕмӕ ахӕм уырнындзинад хуымӕтӕджы кӕй нӕ уыд. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алы хатт дӕр хицау разыны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕна, ӕнхъӕл куыд нӕ уӕм, суанг афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ уый дисы бафтауа кӕнӕ нӕм худӕг фӕкӕса!

«БАЙХЪУС ӔМ»

Йегъовӕ Саррӕйӕн йӕ диссаджы уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта

Саррӕйыл 90 азы куы цыд, уӕд ыл ӕрцыд, цӕрӕнбонты кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы цины хабар. Йӕ сӕдӕаздзыд цардӕмбалӕн, тынг кӕй уарзта, уымӕн, ныййардта фырт! Авраам сывӕллоны схуыдта Исахъ, ома «худын», Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм Саррӕйы фӕллад, фӕлӕ цинӕйдзаг цӕсгом, афтӕ куы загъта: «Хуыцау мӕ фырцинӕй фӕхудын кодта, ӕмӕ ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр мемӕ худдзӕн» (Райдиан 21:6). Дзырд дӕр ыл нӕй, Хуыцау ын ахӕм диссаджы лӕвар кӕй скодта, уый йын йӕ царды фӕстаг бонмӕ циндзинад кӕй хаста. Фӕлӕ ма йыл уый стыр хӕс дӕр ӕвӕрдта.

Исахъыл фондз азы куы цыди, уӕд ӕй дзидзийӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ йын уый фӕдыл стыр куывд скодтой. Библийы кӕсӕм, Саррӕ кӕй федта, Агары 19-аздзыд лӕппу Измаил гыццыл Исахъӕй кӕй хынджылӕг кӕны, ӕмӕ йӕ уый мӕты ӕфтыдта. Уый ӕнӕуи хынджылӕг нӕ уыд. Фӕстӕдӕр апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста, Измаил Исахъы ӕфхӕргӕ кӕй кодта. Саррӕ ӕмбӕрста, Измаил хылкъахӕн кӕй кодта, уый йӕ лӕппуйӕн зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. Саррӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ тыхсти, ӕмӕ Исахъ йӕ лӕппу уыд, фӕлӕ зыдта, Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд, уым ын ахсджиаг бынат кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕхи фӕныфсджын кодта ӕмӕ Авраамӕн комкоммӕ загъта, цӕмӕй Агары ӕмӕ Измаилы арвыстаид (Райдиан 21:8–10; Галатӕгтӕм 4:22, 23, 29).

Авраам уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы кӕсӕм: «Авраамӕн тынг хъыг уыди, йӕ фырты тыххӕй йын афтӕ кӕй загъта, уый». Авраам йӕ фырт Измаилы уарзта, ӕмӕ ууыл куыд хъуамӕ сразы уыдаид?! Фӕлӕ Йегъовӕ уыдта, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый ӕмӕ Саррӕйы сӕрыл рахӕцыд. Хуыцау Авраамӕн загъта: «Саррӕ дын лӕппуйы ӕмӕ цагъар-сылгоймаджы тыххӕй цы загъта, ууыл ма маст кӕн. Байхъус ӕм, уымӕн ӕмӕ дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн». Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Агар ӕмӕ йӕ лӕппу цух кӕй ницӕмӕй ӕййафдзысты. Ӕмӕ йӕм Авраам дӕр байхъуыста (Райдиан 21:11–14).

Саррӕ Авраамӕн уыд хорз цардӕмбал ӕмӕ диссаджы ӕххуысгӕнӕг. Авраамы цы фехъусын фӕндыд, ӕрмӕст уыдӕттӕ-иу ын нӕ дзырдта. Куы-иу бамбӕрста, цавӕрдӕр хъуыддаг йӕ бинонтыл ӕмӕ сӕ фидӕныл кӕй фӕзындзӕн, уӕд-иу йӕ сӕрыхицауимӕ ӕргом аныхас кодта. Ӕргом кӕй ныхас кодта, уый ууыл дзурӕг нӕ уыди, ӕмӕ йӕ лӕджы ницӕмӕ дардта. Апостол Петр,– уымӕн дӕр уыд бинойнаг,– фӕстӕдӕр ныффыста, сӕрыхицауӕн куыд аргъ кӕнын хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Саррӕ фӕзминаг кӕй у (1 Коринфӕгтӕм 9:5; 1 Петры 3:5, 6). Саррӕ куы ницы загътаид, уӕд уыдаид зӕгъӕн, ӕмӕ Авраамӕн нӕ аргъ кӕны, ӕмӕ уый та Авраамӕн дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕн дӕр тынг зынаргъ слӕууыдаид. Саррӕ фӕлмӕнӕй загъта, цы зӕгъын хъуыди, уый.

Моймӕдзыд сылгоймӕгтӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Саррӕйы цӕвиттон. Саррӕйӕ ахуыр кӕнынц сӕ лӕгтимӕ ӕргом ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын. Иуӕй-иу сылгоймӕгты, чи зоны, фӕфӕнды, Йегъовӕ Саррӕйы сӕрыл куыд рахӕцыд, афтӕ-иу уыдоны сӕрыл дӕр рахӕца. Фӕлӕ уӕддӕр Саррӕйы уырнындзинадӕй, уарзондзинадӕй ӕмӕ фӕразондзинадӕй ахуыр кӕнынц.

Кӕд ацы сылгоймаджы тыххӕй Йегъовӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уымӕй рацӕудзӕн паддзӕхтӕ, уӕддӕр йӕхицӕн кад нӕ агуырдта. Саррӕ 127-аздзыдӕй куы амард, уӕд ыл Авраам «тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл» (Райдиан 23:1, 2) *. Тынг мысыд йӕ уарзон бинойнаджы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ Хуыцау дӕр уыцы иузӕрдион сылгоймаджы кӕй мысы ӕмӕ йӕ зӕххыл дзӕнӕты цӕрынӕн кӕй райгас кӕндзӕн. Саррӕмӕ ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад чи фӕзмы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр фидӕны ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ (Иоанны 5:28, 29).

^ 3 абз. Раздӕр сӕ нӕмттӕ уыдысты Аврам ӕмӕ Сарӕ, фӕлӕ сын фӕстӕдӕр Хуыцау сӕ нӕмттӕ фӕивта. Ацы статьяйы пайда кӕндзыстӕм, адӕм сӕ фылдӕр цы нӕмттӕй зонынц, уыдонӕй.

^ 10 абз. Йегъовӕ цасдӕр рӕстӕг бар лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу нӕлгоймагӕн цалдӕр усы ӕмӕ номылустытӕ уыдаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесо Чырыстийы уылты бинонты цардӕн ногӕй ӕрӕвӕрдта, райдианы Едемы цӕхӕрадоны цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый, ома адӕймагӕн иу цардӕмбал кӕй хъуамӕ уа (Райдиан 2:24; Матфейы 19:3–9).

^ 25 абз. Библийы цы сылгоймӕгты кой ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Саррӕйы тыххӕй ис фыст, куы амард, уӕд ыл цал азы цыд, уый.