Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Нойы ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар ӕцӕг у ӕви таурӕгъ у?

Нойы ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар ӕцӕг у ӕви таурӕгъ у?

Дзуапп Библийӕ

 Доны хъаймӕт кӕй уыд, уый ӕцӕг хабар у. Хуыцау Доны хъаймӕт рауагъта, цӕмӕй ӕвзӕр адӕмы фесӕфтаид. Фӕлӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй нау сарӕзтаид, ӕмӕ хорз адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ фервӕзтаиккой (Райдиан 6:11–20). Доны хъаймӕт кӕй уыд, ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ уыцы хабар фыст ис Библийы – «Хуыцауы комытӕфӕй фыст» чиныджы (2 Тимофеймӕ 3:16).

 Ӕцӕг хабар ӕви таурӕгъ?

 Библийӕ бӕрӕг у, Ной ӕцӕгдӕр кӕй цард ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар таурӕгъ кӕй нӕу, фӕлӕ ӕцӕг хабар кӕй у.

  •   Библийы фысджытӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, Ной ӕцӕгдӕр кӕй цард, ууыл. Зӕгъӕм, Библийы фысджытӕ Ездрӕ ӕмӕ Лука, дӕсны историктӕ, Нойы ном ныффыстой Израилы адӕмы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты (1 Азфыстыты 1:4; Лукайы 3:36). Матфей ӕмӕ Лука сӕ Евангелиты ныффыстой, Чырысти Нойы ӕмӕ Доны хъаймӕты тыххӕй цы загъта, уый (Матфейы 24:37–39; Лукайы 17:26, 27).

     Пехуымпар Йезекил ӕмӕ апостол Павел дӕр Нойы цӕвиттонӕн ӕрхастой йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ, рӕстгӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй (Йезекил 14:14, 20; Дзуттӕгтӕм 11:7). Ной ӕцӕгдӕр куы нӕ цардаид, уӕд нӕ цымӕ Библийы фысджытӕ разӕнгард кодтаиккой, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм? Уӕдӕ нын Ной ӕмӕ иннӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ фӕзминаг уый тыххӕй сты, ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр цардысты (Дзуттӕгтӕм 12:1; Иаковы 5:17).

  •   Библийы Доны хъаймӕты тыххӕй фыст ис бӕлвырд хабӕрттӕ. Библийы Доны хъаймӕты хабар, аргъӕуттӕ цы ныхӕстӕй райдайынц, зӕгъӕм, «раджыма-раджы», зӕгъгӕ, афтӕ нӕ райдайы. Библийы фыст ис, Доны хъаймӕтимӕ баст хабӕрттӕ кӕцы аз, кӕцы мӕй ӕмӕ кӕцы бон ӕрцыдысты, уый (Райдиан 7:11; 8:4, 13, 14). Уымӕй уӕлдай ма дзы фыст ис, Ной цы нау сарӕзта, уый цӕйас уыд (Райдиан 6:15). Ӕппӕт уыдӕттӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Библийы Доны хъаймӕт, цыма таурӕгъ у, афтӕ фыст кӕй нӕу, фӕлӕ ӕцӕг хабар куыд фыст вӕййы, афтӕ.

 Хуыцау Доны хъаймӕт цӕмӕн рауагъта?

 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Доны хъаймӕты размӕ «адӕм бынысӕфт... фесты» (Райдиан 6:5). Ноджыдӕр ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕхх... ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци», уымӕн ӕмӕ фыдмитӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй байдзаг (Райдиан 6:11; Иудӕйы 6, 7).

 Библи зӕгъы, уыцы фыдхъуыддӕгтӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕр зӕдты аххосӕй кӕй цыдысты. Уыдон уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй зӕххон чызджытимӕ цардаиккой. Уыцы зӕдтӕн райгуырд сывӕллӕттӕ, нефилимтӕ. Уыдон сӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕн стыр зиантӕ ӕрхастой ӕмӕ сын бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой (Райдиан 6:1, 2, 4). Гъемӕ Хуыцау сфӕнд кодта зӕххӕй фыддзинад фесафын, цӕмӕй йыл цардаид хорз адӕм ӕмӕ сыл ӕвзӕрырдӕм мачи ӕндӕвтаид (Райдиан 6:6, 7, 17).

 Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уый адӕм зыдтой?

 О, зыдтой. Хуыцау Нойӕн загъта, Доны хъаймӕт рауадзинаг кӕй у, уый. Стӕй ма йын загъта, кӕй йӕ хъӕуы нау саразын, цӕмӕй йӕ бинонты ӕмӕ цӕрӕгойты фервӕзын кӕна (Райдиан 6:13, 14; 7:1–4). Ной адӕмы фӕдзӕхста, бӕллӕх сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ хъуыстой (2 Петры 2:5). Библийы фыст ис: «Нымады дӕр [сӕм] ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта» (Матфейы 24:37–39).

 Нау цыхуызӕн уыд?

 Нау уыд стыр цыппӕрдигъон асыччы хуызӕн. Йӕ дӕргъ уыди 134 метры бӕрц, йӕ уӕрх 22 метры бӕрц, йӕ бӕрзӕнд та 13 метры бӕрц a. Уыди чъиубӕласӕй конд ӕмӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр уыди писийӕ сӕрст. Уыди дзы ӕртӕ уӕладзыджы ӕмӕ хицӕн бынӕттӕ, фӕрсырдыгӕй та – дуар. Уӕлейӕ дзы цармӕ ӕввахс, ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ, уыди рудзгуытӕ дӕр. Науӕн йӕ сӕр та, ӕвӕццӕгӕн, астӕуӕй уыди гыццыл хӕрдмӕ къуыпп, цӕмӕй дон бынмӕ калдаид (Райдиан 6:14–16).

 Нойы нау саразынӕн цас рӕстӕг бахъуыд?

 Нойы нау саразынӕн цас рӕстӕг бахъуыд, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ йын ууыл, ӕвӕццӕгӕн, ацыд цалдӕр дӕсазы. Нойыл цыд 500 азӕй фылдӕр, йӕ фыццаг фырт куы райгуырд, уӕд. Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд та йыл цыд 600 азы (Райдиан 5:32; 7:6) b.

 Хуыцау Нойӕн куы загъта, цӕмӕй нау сарӕзтаид, уӕд йе ’ртӕ фырты стыртӕ уыдысты ӕмӕ сын бинойнӕгтӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ, Нойӕн йӕ фыццаг фырт куы райгуырд, уӕдӕй, нау аразын куы райдыдта, уӕдмӕ рацыдаид 50–60 азы (Райдиан 6:14, 18). Уӕдӕ нау саразынӕн, ӕвӕццӕгӕн, бахъуыд 40–50 азы.

a Науӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд Библийы амынд сты ӕлмӕринты. «Дзуттаг ӕлмӕрин уыди 44, 45 см.». («The Illustrated Bible Dictionary», Ног рауагъд, 3 хай, 1635 фарс.)

b Нойы хуызӕн адӕм цас цардысты, уый базоныны тыххӕй кӕс 2010 азы 1 декабры «Сторожевая башня», статья «Действительно ли в библейские времена люди жили очень долго?».