Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 УРОК

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн

Райдиан 15:5

НЫСАН: Нывтӕй ӕмӕ видеороликтӕй пайда кӕн, цӕмӕй иннӕтӕ ахсджиаг хъуыдытӕ хуыздӕр бамбарой ӕмӕ сӕ ӕнцонтӕй бахъуыды кӕной.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр кӕй фӕрцы арӕхсдзынӕ, ахӕм цӕстуынгӕ ӕрмӕг-иу ссар. Хъусджытӕн се ’ргом здах лыстӕг хабӕрттӕм нӕ, фӕлӕ ахсджиаг хъуыдытӕм. Уый тыххӕй пайда кӕн нывтӕй, таблицӕтӕй, картӕтӕй ӕмӕ, рӕстӕг чи амоны, уыцы таблицӕтӕй. Бацархай, цӕмӕй ӕрмӕст цӕстуынгӕ ӕрмӕг ма бахъуыды кӕной, фӕлӕ сӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уый дӕр.

  • Бацархай, цӕмӕй хъусджытӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕг уыной.