Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 УРОК

Зӕрдиагӕй дзур

Зӕрдиагӕй дзур

Ромӕгтӕм 12:11

НЫСАН: Зӕрдиагӕй куы дзурай, уӕд хъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайдзынӕ ӕмӕ сӕ архайынмӕ баразӕнгард кӕндзынӕ.

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН

  • Ӕрмӕг дӕ зӕрдӕмӕ арф айс. Дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, цы дзурдзынӕ, уый куыд ахсджиаг у, ууыл. Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд ӕй зӕрдиагдӕрӕй дзурдзынӕ.

  • Хъусджытыл хъуыды кӕн. Цы кӕсдзынӕ кӕнӕ цы амондзынӕ, уый иннӕтӕн цы пайда уыдзӕн, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у ӕрмӕг афтӕ радзурын, цӕмӕй хъусджытӕ бамбарой, цы пайда сын ӕрхӕсдзӕн, уый.

  • Дӕ ныхас цардӕгас уӕд. Зӕрдиагӕй дзур. Де уӕнгты змӕлд уӕд, ӕнӕуи куыд вӕййы, афтӕ ӕмӕ дӕ цӕсгомы змӕлдӕй де ’нкъарӕнтӕ ӕвдис.