Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 СӔР

Хорз хабар бирӕ рӕтты хъуыстгонд цыди

Хорз хабар бирӕ рӕтты хъуыстгонд цыди

Апостол Павел бирӕ рӕтты хъусын кодта хорз хабар

ПАВЕЛ чырыстон дин куы райста, уӕд зӕрдиагӕй райдыдта хъусын кӕнын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Кӕд раздӕр йӕхӕдӕг чырыстӕтты ӕфхӕрдта, уӕд ын ныр та йӕхи карзӕй ӕфхӕрдтой. Апостол Павел йӕхиуыл нӕ ауӕрста – цалдӕр хатты дард балцы ацыд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтаид. Уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм райдианы цы фӕнд уыди, уый.

Йӕ фыццаг балцы рӕстӕг Павел Листрӕйы сдзӕбӕх кодта, йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ къуылых чи уыд, ахӕм нӕлгоймаджы. Адӕм уый куы федтой, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой, Павел ӕмӕ йе ’мбал Варнавӕ хуыцӕуттӕ сты, зӕгъгӕ. Нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ дӕр сын хъавыдысты, фӕлӕ сӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ тыххӕйты баурӕдтой. Фӕстӕдӕр знӕгты ардыдӕй уыцы адӕм Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй мардӕнхъӕлӕй рахастой. Фӕлӕ Павел нӕ амард ӕмӕ та фӕстӕдӕр Листрӕмӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты бафидар кодтаид.

Дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чырыстон дин чи райста, уыдон хъуамӕ Моисейы Закъонӕй иуӕй-иу фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной. Апостол Павел ацыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй апостолтӕн ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъуыддаг бамбарын кодтаид. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ’ххуысӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдтӕм писмотӕ ныффыстой ӕмӕ сын ныффӕдзӕхстой, цӕмӕй мӕнгхуыцӕуттӕн ма куывтаиккой, ма хордтаиккой туг ӕмӕ хӕдмӕл фосы дзидза, стӕй сӕхи хызтаиккой хӕтындзинадӕй. Уыцы фӕдзӕхстытӕ «ахсджиаг» уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр чырыстӕтты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъуыди (Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29).

Йӕ дыккаг балцы рӕстӕг Павел уыди горӕт Верийы (ныртӕккӕ ис Грецийы). Цы дзуттӕгтӕ дзы царди, уыдон зӕрдиагӕй байхъуыстой Хуыцауы ныхасмӕ ӕмӕ алы бон Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой, зӕгъгӕ нын цы дзуры, уыдӕттӕ раст сты ӕви нӕ. Фӕлӕ та ацы хатт дӕр знӕгтӕ Павелы ныхмӕ карзӕй рацыдысты ӕмӕ йӕ бахъуыд Афинтӕм алидзын. Уым хъусын кодта ахуыргонд адӕмӕн. Павел афинӕгтӕн куыд уӕзданӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ хъусын кодта, стӕй куыд дзырдарӕхст уыд, уымӕй фӕзминаг у.

Апостол Павел йе ’ртыккаг балцы фӕстӕ ӕрцыд Иерусалиммӕ. Кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ адӕмы сызмӕстой, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ йӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ сӕ къухӕй фервӕзын кодтой. Уый фӕстӕ сбӕрӕг, Павел Ромы паддзахады цӕрӕг кӕй уыд, ӕмӕ йын уый фӕрцы фӕстӕдӕр фадат фӕци, цӕмӕй йӕ хъуыддаг равзарыны тыххӕй ромаг хицау Феликсы раз ӕрлӕууыдаид. Дзуттӕгтӕн сӕ бон не сси Павелы ныхмӕ иу бӕлвырдгӕнӕн дӕр ӕрхӕссын. Цӕмӕй йӕ йе знӕгты къухмӕ ма радтаиккой, уый тыххӕй Павел ӕндӕр ромаг хицау Фестӕн загъта: «Ӕз домын кесӕры тӕрхон!» Уӕд ын Фест загъта: «Кесӕрмӕ ацӕудзынӕ» (Хъуыддӕгтӕ 25:11, 12).

Павелы науыл арвыстой Италимӕ, цӕмӕй йын уым стӕрхон кодтаиккой. Фӕлӕ фӕндагыл тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ сӕ нау ныппырх. Уый тыххӕй Павелы бахъуыд зымӕг Мальтӕйы арвитын. Ӕппынфӕстаг Роммӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым хӕдзар баххуырста ӕмӕ дзы царди дыууӕ азы. Кӕд Павел ахст уыд, уӕддӕр зӕрдиагӕй хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, чидӕриддӕр ӕм цыд, уыдонӕн.

Хъуыддӕгты чиныг 11:22–28:31.