Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?

Библийы сӕйраг хабар цы у?

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Базон, зӕххыл ӕппӕты зындгонддӕр чиныг Библийы тыххӕй иуӕй-иу цымыдисаг хабӕрттӕ.

1 СӔР

Сфӕлдисӕг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕнты

Адӕм зӕххыл куыд фӕзындысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта?

2 СӔР

Дзӕнӕты цӕрыны бар сын нал уыд

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

3 СӔР

Доны хъаймӕт

Ӕвзӕрдзинад зӕххыл куыд апарахат? Ной Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уый куыд равдыста?

4 СӔР

Хуыцау Авраамимӕ скодта бадзырд

Авраам Ханаанмӕ цӕмӕн алыгъд? Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

5 СӔР

Йегъовӕ раарфӕ кодта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн

Йегъовӕ Авраамӕн Исахъы нывондӕн кӕй хӕссын кодта, уымӕй йӕ адӕмӕн цы бамбарын кӕнын фӕндыд? Иаков йӕ мӕлӕты размӕ цы загъта?

6 СӔР

Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

Адӕмӕн ӕмӕ зӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон у сбӕлвырд кӕнын, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа. Уыцы хабар Иовы чиныгӕй куыд у бӕрӕг?

7 СӔР

Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта

Хуыцау Израилы адӕмы Моисейы уылты куыд ссӕрибар кодта? Израилӕгтӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнын цӕмӕн райдыдтой?

8 СӔР

Израилы адӕм бацыдысты Ханаанмӕ

Израилӕгтӕ Ханааны зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд Йегъовӕ Иерихоны цӕрӕг Раавы ӕмӕ йӕ бинонты цӕмӕн фервӕзын кодта?

9 СӔР

Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтой

Израилӕгттӕ сӕхицӕн паддзах куы ӕрдомдтой, уӕд Йегъовӕ паддзахӕй равзӕрста Саулы. Ӕмӕ уӕд уый фӕстӕ Саулы бӕсты Давиды цӕмӕн сӕвӕрдта паддзахӕй?

10 СӔР

Зондджын паддзах Соломон

Соломоны стыр зонд цӕмӕй бӕрӕг уыд? Соломон йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй сивта, уый йӕ цӕмӕ ’ркодта?

11 СӔР

Хуыцауы фӕндӕй фыст зарджытӕ нын сты удӕнцой ӕмӕ зонды хос

Кӕцы псаломтӕй у бӕрӕг, Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны, чи йӕ уарзы, уыдонӕн? Соломоны зарӕджы чиныджы паддзах цы равдыста?

12 СӔР

Хуыцау дӕтты зонд, цӕмӕй амондджын уӕм

Базон, Хуыцау Ӕмбисӕндты ӕмӕ Екклесиасты чингуыты цы уынаффӕтӕ ныффыссын кодта, уыдон царды куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс Хуыцауыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй.

13 СӔР

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ

Израилы паддзахад дыууӕ хицӕн паддзахадыл куыд адих?

14 СӔР

Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты

Хуыцауы пехуымпартӕ цавӕр хабӕрттӕ хъусын кодтой? Ам дзы дзырд цӕуы цыппарыл.

15 СӔР

Пехуымпар федта цӕстылуайӕн фидӕны тыххӕй

Данел Мессийӕйы тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы базыдта?

16 СӔР

Чырысти зӕхмӕ ӕрцыд

Йесо Мессийӕ кӕй у, уый Хуыцау зӕдты уылты ӕмӕ Аргъауӕг Иоанны уылты куыд раргом кодта? Йегъовӕ йӕхӕдӕг куыд бамбарын кодта, йӕ Фырт Мессийӕ кӕй у, уый?

17 СӔР

Чырысти адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Чырысти сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъусын кодта? Куыд равдыста, разамынд рӕстӕй кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Паддзах кӕй уыдзӕн, уый?

18 СӔР

Чырысти арӕзта диссӕгтӕ

Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон цӕуыл дзурӕг сты?

19 СӔР

Чырысти раргом кодта фидӕны хабӕрттӕ

Чырысти йӕ апостолтӕн цы хабӕртты кой ракодта, уыдон цӕуыл дзурӕг сты?

20 СӔР

Йесо Чырыстийы амардтой

Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ бындур цавӕр ног бӕрӕгбонӕн ӕрӕвӕрдта?

21 СӔР

Чырысти райгас!

Чырыстийӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд базыдтой, Хуыцау ӕй кӕй райгас кодта, уый?

22 СӔР

Апостолтӕ хъусын кодтой ныфсджынӕй

Фӕндзайӕм боны рӕстӕг цы ’рцыд? Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕ се знӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты?

23 СӔР

Хорз хабар бирӕ рӕтты хъуыстгонд цыди

Павел Листрӕйы къуылых лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд цы ’рцыд? Павел Роммӕ куыд бахауд?

24 СӔР

Апостол Павелы фыстӕджытӕ ӕмбырдтӕм

Павел чырыстон ӕмбырды тыххӕй цы ныффыста? Цы загъта зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй?

25 СӔР

Уырнындзинад, хӕрзӕгъдау цард ӕмӕ уарзондзинад

Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын? Адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы кӕй уарзы, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

26 СӔР

Зӕххыл та ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт!

Библийы цы ахсджиаг хабар ис, уый Раргомады чиныгыл куыд фӕуд кӕны?

Библийы ахсджиаг хабар. Цыбыртӕй

Йегъовӕ гыццылгай куыд раргом кодта, Йесо кӕй уыдзӕн Мессийӕ ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый?

Библийы рӕстӕгамонӕн схемӕ

Кӕс, Библи фыст хабӕрттӕй чи кӕд ӕрцыд, уый ӕвдисӕг схемӕ; фенӕн дзы ис, н. э. размӕ 4026 азӕй суанг н. э. 100 азы онг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон.