Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 СӔРГОНД

Йегъовӕ ныхас кодта Самуилимӕ

Йегъовӕ ныхас кодта Самуилимӕ

Хистӕр сауджын Илийӕн уыд дыууӕ фырты, Офни ӕмӕ Финеес. Уыдон Йегъовӕйы цатыры лӕггад кодтой сауджынтӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ не ’ххӕст кодтой ӕмӕ адӕмӕн ӕвзӕр уыдысты. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ куы ’рбахастой, уӕд-иу Офни ӕмӕ Финеес дзидзайы хуыздӕр хӕйттӕ сӕхицӕн ныууагътой. Илий зыдта, йӕ дыууӕ фырты цытӕ кусынц, уый, фӕлӕ ницы арӕзта. Цымӕ сын Йегъовӕ се ’взӕр митӕм ӕнцад касти?

Самуил Офни ӕмӕ Финеесӕй бирӕ кӕстӕр уыди, фӕлӕ уый уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Йегъовӕ Самуилӕй уыд райгонд. Иухатт ӕхсӕвы Самуилмӕ чидӕр йӕ номӕй фӕдзырдта. Уӕд Самуил фехъал, Илиймӕ балыгъд ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ дӕн!» Фӕлӕ йын Илий загъта: «Ӕз дӕм куы нӕ дзырдтон. Цу, схуысс». Самуил дӕр ацыд ӕмӕ схуыссыд, ӕмӕ та ногӕй уыцы хъӕлӕс фехъуыста. Илиймӕ бацыд, фӕлӕ та йӕ уый фӕстӕмӕ арвыста. Самуил уыцы хъӕлӕс ӕртыккаг хатт куы фехъуыста ӕмӕ та Илиймӕ куы бацыд, уӕд Илий бамбӕрста, Самуилмӕ Йегъовӕ кӕй дзырдта. Ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ та ногӕй уыцы хъӕлӕс куы фехъусай, уӕд-иу ын зӕгъ: «Дзур, Йегъовӕ. Дӕ лӕггадгӕнӕг дӕм хъусы».

Самуил фӕстӕмӕ ацыд ӕмӕ схуыссыд. Ӕмӕ та йӕм чидӕр фӕдзырдта: «Самуил! Самуил!» Самуил загъта: «Дзур, дӕ лӕггадгӕнӕг дӕм хъусы». Йегъовӕ йын загъта: «Илийӕн зӕгъ, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ бинонты дӕр кӕй бафхӕрдзынӕн. Йӕ дыууӕ фырты мӕ цатыры цытӕ кусынц, уый зоны, фӕлӕ ницы аразы». Иннӕ бон райсомӕй Самуил цатыры дуар байгом кодта, алы бон дӕр куыд кодта, афтӕ. Фӕлӕ тарсти, Йегъовӕ йын цы загъта, уый хистӕр сауджын Илийӕн радзурын. Илий йӕм фӕдзырдта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ лӕппу, Йегъовӕ дын цы загъта? Мацы мӕ басусӕг кӕн». Ӕмӕ йын уӕд Самуил алцыдӕр радзырдта.

Самуил рӕзыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ алкӕддӕр ӕххуыс кодта. Ӕнӕхъӕн Израилы адӕм иууылдӕр зыдтой, Йегъовӕ Самуилы пехуымпарӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй равзӕрста, уый.

«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Екклесиаст 12:1)