Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

90 СӔРГОНД

Йесо Голгофӕйы амард

Йесо Голгофӕйы амард

Сауджынты хистӕртӕ Йесойы акодтой ромаг хицау Пилаты галуанмӕ. Пилат сӕ бафарста: «Ацы адӕймаджы цавӕр хъуыддаджы аххосджын кӕнут?» Уыдон ын загътой: «Йӕхи паддзах хоны!» Уӕд Пилат Йесойы бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах дӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу».

Уый фӕстӕ Пилат Йесойы арвыста Иродмӕ, Галилейӕйы хицаумӕ, цӕмӕй йын уый дӕр йӕ хъуыддагмӕ ӕркастаид. Фӕлӕ Ирод Йесомӕ ницы аххос ссардта, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Пилатмӕ арвыста. Уӕд Пилат адӕмӕн загъта: «Нӕдӕр Ирод, нӕдӕр ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтам. Ӕз ӕй суӕгъд кӕндзынӕн». Фӕлӕ адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Амар ӕй! Амар ӕй!» Ӕфсӕддонтӕ Йесойы ехсӕй фӕнадтой, стӕй йыл тутӕ кӕнын ӕмӕ йӕ тымбылкъухӕй цӕвын райдыдтой. Уый фӕстӕ йын йӕ сӕрыл сындзытӕй быд кадыхуд ӕркодтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кӕнын райдыдтой: «Ӕгас нӕм цу, дзуттӕгты Паддзах!» Пилат та ногӕй адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!» Гъемӕ Пилат ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой.

Уыдон Йесойы акодтой, Голгофӕ чи хуынд, уыцы бынатмӕ. Уым ӕй зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххостой ӕмӕ стӕй уыцы хъӕд зӕххы ныссагътой. Йесо Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц». Адӕм та Йесойӕ хынджылӕг кодтой: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи фервӕзын кӕн! Ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!»

Йӕ фӕйнӕ фарс цы дыууӕ фыдгӕнӕджы байтыгътой, уыдонӕй йын иу загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо йын загъта: «Ды уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты». Фӕссихор бӕстӕ баталынг, ӕмӕ ӕртӕ сахаты дӕргъы уыди талынг. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цалдӕрӕй уым уыдысты, ӕмӕ се ’хсӕн уыд йӕ мад Марийӕ дӕр. Йесо Иоаннӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Марийӕйӕн ӕххуыс кодтаид, йӕхи мадӕн куыд ӕххуыс кодтаид, афтӕ.

Фӕстагмӕ Йесо загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» Ӕмӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул, ӕмӕ амард. Раст уыцы рӕстӕг зӕхх тынг нынкъуысыд. Кувӕндоны Сыгъдӕг бынаты ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты ’хсӕн цы ӕмбӕрзӕн уыд, уый та уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци. Ӕфсӕддон хицау уыдӕттӕ фенгӕйӕ загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд».

«Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы „о“» (2 Коринфӕгтӕм 1:20)