Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕнг хуызы ӕвдыст чиныг

Мӕнг хуызы ӕвдыст чиныг

Мӕнг хуызы ӕвдыст чиныг

«Зӕхх йӕ сӕмӕны алыварс ӕмӕ Хуры алыварс дывӕр зылд кӕй кӕны, уыцы теори у мӕнг, ӕмӕ ӕххӕстӕй дзуры Сыгъдӕг Фыстады ныхмӕ». Афтӕ загъта Ромаг католикон аргъуаны Индексон совет 1616 азы декреты1. Ӕцӕг Библи зонадон фактты ныхмӕ дзуры? Кӕнӕ йӕ миййаг мӕнг хуызы ӕвдисынц?

ЗЫМӔДЖЫ 1609/1610 азты Галилео Галилей, йӕ ног ӕрымысгӕ телескоп сарӕзта уӕларвмӕ ӕмӕ раргом кодта цыппар спутничы, кӕцытӕ планетӕ Юпитеры алыварс зылдысты. Галилео цы федта, уый фӕцудын кодта ӕппӕтфӕткон цӕстӕнгас, ӕппӕт уӕларвон буӕрттӕ Зӕххы алыварс кӕй зилынц. Раздӕр, уал 1543 азы, польшӕйаг астроном, Николай Коперник равӕрдта теори, планетӕтӕ иуылдӕр Хуры алыварс кӕй зилынц. Галилео йӕ сбӕлвырд кодта, куыд зонадон факт, афтӕ.

Фӕлӕ католикон динамонджытӕн уый мӕнг ахуырад уыд. Аргъуан бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нымадта Зӕхх Дун-дунейы центрыл2. Уыцы зондахаст бындуриуӕг кодта Библийы стихты комкоммӕ ӕмбарынадыл, кӕцы дзуры, Зӕхх кӕй у ӕвӕрд «фидар бындурыл: нӕ фӕцуддзӕн уый ӕнустӕй ӕнустӕм» (Псалом 103:5). Галилеомӕ фӕдзырдтой Роммӕ, цы ран инквизицийы раз ӕрлӕууыд. Карз ӕрфарсты уылты йӕ сразы кодтой, цӕмӕй йе ссардтытыл бавдисӕн кӕна, ӕмӕ йӕ царды иннӕ рӕстӕг арвыста хӕдзарон ахӕсты.

Галилеойы мӕлӕтӕй 350 аз куы рацыд, уӕд, 1992 азы Католикон аргъуан фӕстагмӕ басаст, уый раст кӕй уыд, ууыл3. Фӕлӕ кӕд Галилео раст уыд, уӕд Библи сайдтаид?

Библийы скъуыддзӕгты ӕцӕг нысаниуӕджы райхӕлд

Галилео нымадта, Библи раст кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ зонадон ссардтытӕ хицӕн библион стихты ӕппӕтфӕткон хатындзинӕдты ныхмӕ дзурын куы райдыдтой, уӕд йӕ хъуыды загъта, ома ӕвӕццӕгӕн, динамонджытӕ уыцы скъуыддзӕгты ӕцӕг мидис не ’мбарынц. Фӕстагмӕ уый ныффыста: «Дыууӕ ӕцӕгады кӕрӕдзи ныхмӕ никуы вӕййынц»4. Уый дзырдта раст зонадон терминтӕ Библийы хуымӕтӕг ныхӕсты ныхмӕ кӕй не сты. Фӕлӕ динамонджыты нӕ фӕндыд ууыл сразы уын. Библийы разагъдты Зӕххы тыххӕй комкоммӕ кӕй хъуыд ӕмбарын, ууыл лӕууыдысты фидарӕй. Уый фӕстиуӕгӕн ӕрмӕст Галилеойы ссардтытӕ нӕ аиуварс кодтой, фӕлӕ ма уыцы библион разагъдты ӕцӕг мидис дӕр нӕ бамбӕрстой.

Ӕцӕгдӕр нын раст зондахаст хъуамӕ бацамона, Библи куы фӕдзуры «зӕххы цыппар фисыныл», уӕд уый кӕй нӕ нысан кӕны, Библийы фысджытӕ Зӕхх ӕцӕгӕй цыппар фиссынон кӕй ӕнхъӕлдтой (Раргомад 7:1). Библи фыст у хуымӕтӕг адӕмы ӕвзагыл, арӕх дзы пайда кӕнынц метафорон разагъдтӕй. Уымӕ гӕсгӕ Библи куы фӕдзуры, Зӕххӕн кӕй ис «цыппар фисыны», фидар «бындуртӕ», «цӕджындзты бынтӕ» ӕмӕ «фисыны дур», уӕд уый нӕ дӕтты зӕххы зонадон афыст; бӕрӕг у, уый дӕр кӕй пайда кӕны метафорон разагъдтӕй, мах ӕрвылбоны ныхасы куыд фӕдзурӕм, афтӕ a (Исай 24:18; Иов 38:6, АМТ).

Биограф Л. Геймонат йӕ чиныг «Галилео Галилей»-йы банысан кодта: «Цыбырзонд динамонджытӕ, кӕцыты фӕндыд Библион уынаффӕты бындурыл зонадӕн арӕн скӕнын, баххуыс сты ӕрмӕстдӕр Библийы ӕууӕнк фесафынӕн»5. Афтӕ дӕр ӕрцыд. Ӕцӕгдӕр, зонадӕн ӕнӕзонд арӕн скодтой, Библийӕн йӕхимидӕг цы дзырдӕуыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ динамонджытӕ сӕхӕдӕг Библи куыд хатыдысты.

Ахӕм хуызы абон дӕр динон фундаменалисттӕ Библи зыгъуыммӕ кӕнынц, фидарӕй куы фӕдзурынц, Зӕхх ӕхсӕз суткӕмӕ кӕй ӕрцыд фӕлдыст (Царды Райдиан 1:3—31). Ахӕм цӕстӕнгас нӕдӕр зонад фидар кӕны, нӕдӕр Библи. Куыд ӕрвылбоны ныхасы, афтӕ Библийы дӕр, дзырд «бон» у бирӕнысанон ӕмбарынад, кӕцы нысан кӕны рӕстӕджы ӕхсӕнуӕттӕ алыхуызон дӕргъвӕтиндзинадимӕ. Дзуттаг дзырд, кӕцы Библийы тӕлмац у дзырд «бонӕй», гӕнӕн ис нысан кӕна «дӕргъвӕтин рӕстӕг»6. Уымӕ гӕсгӕ нӕй библион бындур, цӕмӕй фидарӕй дзурӕм, сфӕлдыстады алы бон дӕр кӕй уыд 24 сахаты бӕрц. Ацы фактты ныхмӕвӕрд ахуырадӕй, фундаменталисттӕ Библи ӕвдисынц мӕнг хуызы. (Кӕс ма 2 Петры 3:8.)

Ӕгас историйы дӕргъы динамонджытӕ арӕх зыгъуыммӕ кодтой Библи. Ӕркӕсӕм ма ноджыдӕр, чырыстон дунейы динтӕ мӕнг хуызы куыд ӕвдисынц Библийы цӕстӕнгас.

Динӕй мӕнг хуызы ӕвдыст

Арӕх Библийы фӕдыл цӕуӕм, зӕгъгӕ, чи фӕдзуры, уыдон сӕ архайдӕй чиныджы репутаци халынц, кӕцыйӕн сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдон аргъ кӕнынц. Чырыстӕттӕ кӕй хонынц, уыдон Хуыцауы номӕй кӕрӕдзийы туг калынц. Фӕлӕ Библи Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм сиды, цӕмӕй ‘кӕрӕдзи уарзой’ (Иоанны 13:34, 35; Матфейы 26:52).

Иуӕй-иу сауджынтӕ стигъынц аргъуанмӕ цӕуджыты, сӕ фыдӕбонӕй ссаргӕ ӕхцатӕ расайгӕйӕ, ӕмӕ ӕппындӕр Библийы амындмӕ гӕсгӕ нӕ архайынц: «Лӕвар райстат, лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8; 1 Петры 5:2, 3).

Бӕрӕг у, кӕй нӕй тӕрхонгӕнӕн Библийыл, ӕрмӕст дзы цитатӕтӕ чи хӕссы, кӕнӕ афтӕ чи дзуры, уымӕ гӕсгӕ цӕрын, уыдон ныхӕстӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Чи зоны, уыцы аххосагмӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ адӕймаджы бафӕнда базонын, цӕуыл цӕуы дзырд Библийы ӕмӕ цӕмӕн у уый диссаджы чиныг.

[Фиппаинаг]

a Цӕвиттонӕн, абон ахӕм астрономтӕ дӕр кӕцытӕ алцыдӕр ӕмбарынц комкоммӕ, сӕ ныхасы фӕзӕгъынц Хур, стъалытӕ ӕмӕ стъалгуыппарты «скастыл» ӕмӕ «аныгуылдыл», кӕд ӕцӕгӕй Зӕхх кӕй зилы, ӕрмӕстдӕр уый аххосӕй зыны афтӕ, цымӕ уыдон змӕлынц.

[Ныв 4 фарсыл]

Галилеойы дыууӕ телескопы.

[Ныв 5 фарсыл]

Галилео инквизиторты раз.