Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 ЗАРӔГ

«Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут»

«Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут»

(Филиппӕгтӕм 1:10)

  1. 1. Куыд тынг хъӕуы мах абон ӕмбарын,

    Цы у ӕцӕг ӕмӕ раст,

    Цы у сӕйрагдӕр махӕн нӕ царды,

    Цӕуыл нын хъуамӕ уа баст!

    БАЗАРД

    Хорздзинад уарз, архай рӕстӕй,

    Алкӕд цӕмӕй

    Стыр цин Йегъовӕ Хуыцауӕн хӕссай,

    Арфуынӕг уай,

    Абон сӕйраг цы у, уый кӕнай.

  2. 2. Цы хъуамӕ уа ныр уымӕй сӕйрагдӕр,

    Цӕмӕй хорз хабар хӕссӕм

    Ӕмӕ, рӕстдзинад зонын кӕй фӕнды,

    Уый ’цӕг Хуыцаумӕ кӕнӕм?

    БАЗАРД

    Хорздзинад уарз, архай рӕстӕй,

    Алкӕд цӕмӕй

    Стыр цин Йегъовӕ Хуыцауӕн хӕссай,

    Арфуынӕг уай,

    Абон сӕйраг цы у, уый кӕнай.

  3. 3. Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр цы у, уый

    Кӕндзыстӕм мах алы бон.

    Хуыцауы фарн уӕд хъахъхъӕндзӕн махӕн

    Нӕ зӕрдӕтӕ ’мӕ нӕ зонд.

    БАЗАРД

    Хорздзинад уарз, архай рӕстӕй,

    Алкӕд цӕмӕй

    Стыр цин Йегъовӕ Хуыцауӕн хӕссай,

    Арфуынӕг уай,

    Абон сӕйраг цы у, уый кӕнай.