Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

34 ЗАРӔГ

Цӕрын рӕстӕй

Цӕрын рӕстӕй

(Псалом 26)

  1. 1. О ме Скӕнӕг, Йегъовӕ, фехъус мӕ.

    Дӕ раз’ цӕрын рӕстӕй, ’мӕ ме скаст у дӕумӕ.

    Ныккӕс мын арф мӕ зӕрдӕмӕ, цӕмӕй

    Дӕ разы уон сыгъдӕг ’мӕ райгонд уай мӕнӕй.

    БАЗАРД

    Куы зӕгъон, уӕд мӕнӕн мӕ фидар фӕнд –

    Мӕ царды алы бон дӕ раз’ рӕстӕй цӕрон.

  2. 2. Мӕнгардӕй ӕз ӕдзухдӕр дард лӕууын.

    Рӕстдзинад фауӕгӕй ’цӕг ме сӕфт ӕз уынын.

    Фыдгӕнӕг чи у, уыдонау мӕнӕн

    Ды ма фесаф мӕ цард, лӕгъстӕ кӕнын дӕуӕн.

    БАЗАРД

    Куы зӕгъон, уӕд мӕнӕн мӕ фидар фӕнд –

    Мӕ царды алы бон дӕ раз’ рӕстӕй цӕрон.

  3. 3. Ӕз уарзын тынг дӕуӕн дӕ рухс хӕдзар.

    Дӕуӕн лӕггад кӕнын, дӕ номыл у мӕ цард.

    Де ’нувыд уарзт у тынг зынаргъ мӕнӕн.

    Мӕ арфӕйы ныхас, мӕ зарӕг у дӕуӕн!

    БАЗАРД

    Куы зӕгъон, уӕд мӕнӕн мӕ фидар фӕнд –

    Мӕ царды алы бон дӕ раз’ рӕстӕй цӕрон.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 25:2.)