Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЙДИАН 12–14

Алкӕй цардыл дӕр чи фӕзындзӕн, уыцы бадзырд

Алкӕй цардыл дӕр чи фӕзындзӕн, уыцы бадзырд

12:1–3; 13:14–17

  • Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый фӕрцы Йесойӕн ӕмӕ 144 минӕн бар ис, цӕмӕй уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕ уой.

  • Уыцы бадзырд йӕ тыхы, ӕвӕццӕгӕн, бацыд нӕ эрӕйы размӕ 1943 азы, Авраам Ханааны зӕхмӕ цӕугӕйӕ Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уӕд.

  • Уыцы бадзырд йӕ тыхы уыдзӕн, цалынмӕ уӕларвон Паддзахад Хуыцауы знӕгты се ’ппӕты дӕр нӕ фесафа ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕгонд не ’рцӕуой, уӕдмӕ.

Йегъовӕ Авраамӕн раарфӕ кодта, фидар уырнындзинад ын кӕй уыд, уый тыххӕй. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ цардӕй куы ӕвдисӕм, уӕд нӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Авраамимӕ цы бадзырд арӕзт ӕрцыд, уый фӕрцы?