Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ХУЫЦАУ ДЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫ?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай

«Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд» (ИОАННЫ 6:44).

ИУӔЙ-ИУТӔ УУЫЛ ЦӔМӔН ДЫЗӔРДЫГ КӔНЫНЦ. Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма дзы тынг дард сты. Мӕнӕ цы зӕгъы Кристинӕ, алы къуыри дӕр аргъуанмӕ чи цыд, иу ахӕм сылгоймаг Ирландийӕ: «Хуыцауы тыххӕй зыдтон, алцыдӕр уый кӕй сфӕлдыста, фӕлӕ, чи уыд, уый нӕ зыдтон. Ӕввахс ӕм кӕй дӕн, уый иу хатт дӕр нӕ банкъардтон».

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ЦЫ ФЫСТ ИС. Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ нӕ ныууадзы. Хуыцау ныл куыд тыхсы, уый равдисынӕн Йесо ӕрхаста ахӕм фӕсномыг ныхас: «Искӕмӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ дзы иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн?» Уымӕй цы зӕгъинаг уыд? «Афтӕ мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матфейы 18:12–14).

Уыцы «гыццылтӕй» алчидӕр Хуыцауӕн зынаргъ у. «Чи адзӕгъӕл», уый Хуыцау куыд фӕагуры? Статьяйы райдианы стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ ӕрбакӕны.

Абон адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕмӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕттӕм чи цӕуы ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый чи дзуры?

Куыд ӕрбакӕны Хуыцау йӕхимӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы? Н. э. фыццаг ӕнусы Хуыцау Чырыстийы ахуыргӕнинаг Филиппы ефиопаг хицаумӕ арвыста, цӕмӕй, Библийӕ цы пехуымпарад каст, уый йын бамбарын кодтаид (Хъуыддӕгтӕ 8:26–39). Фӕстӕдӕр Хуыцау апостол Петры арвыста ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилимӕ, уымӕн ӕмӕ Корнилий Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр куывта ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Хъуыддӕгтӕ 10:1–48). Апостол Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты дӕр Хуыцау арвыста, горӕт Филиппты ӕддейӕ цы цӕугӕдон уыд, уырдӕм. Уым фембӕлдысты «Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл», йӕ ном хуынди Лидийӕ, «ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта» (Хъуыддӕгтӕ 16:9–15).

Хуыцау, чи йӕ агуры, уыдонӕн фадат ратты, цӕмӕй йӕ базоной. Абон адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕмӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕттӕм чи цӕуы ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый чи дзуры? Бирӕтӕ зӕгъдзысты: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Ахъуыды-ма кӕн, мыййаг сӕ Хуыцау уый тыххӕй не ’рбарвыста, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суай? Дӕ хорзӕхӕй, Хуыцаумӕ скув, цӕмӕй дӕ бафӕнда, ӕмӕ йӕ хӕлар суай *.

^ 8 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд бакӕс видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» сайты www.jw.org/os.