Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Фидӕны цы уыдзӕн, уый исчи зоны?

Фидӕны цы уыдзӕн, уый исчи зоны?

Фидӕныл не ’ппӕт дӕр фӕхъуыды кӕнӕм. Фӕфӕнды нӕ базонын, нӕхимӕ дӕр ӕмӕ, кӕй уарзӕм, уыдонмӕ дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм: «Цымӕ нӕ сывӕллӕттӕ махӕй хуыздӕр нӕ цӕрдзысты?» Кӕнӕ: «Зӕхх фесӕфдзӕн?» Йе та: «Цӕмӕй мӕ цард фӕхуыздӕр уа, уый тыххӕй мӕ исты аивын хъӕуы?» Ацы фарстатӕн нӕ дзуапп зонын кӕй фӕнды, уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ цард сабыр ӕмӕ ӕдас уа. Фидӕны цы уыдзӕн, уый бӕлвырдӕй куы зониккам, уӕд ӕм нӕхи бацӕттӕ кӕниккам.

Уӕдӕ нӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Цымӕ уый исчи зоны? Аналитикты ныхӕстӕй кӕд цыдӕртӕ сӕххӕст вӕййы, уӕддӕр бирӕ нӕ. Фӕлӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр Хуыцау зоны, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ» (Исай 46:10). Цымӕ уый ӕцӕг у?

ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔ ИУУЫЛДӔР СӔХХӔСТ ВӔЙЙЫНЦ?

Чи зоны ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ-иу Хуыцау раджы заманты цы загъта, уыдӕттӕ-иу сӕххӕст сты ӕви нӕ, уый мӕн цӕмӕн хъӕуы? Зӕгъӕм, бафиппайдтай, боныхъӕд чи иртасы, уыдонӕй иу, цавӕр боныхъӕд уыдзӕн, уый бирӕ рӕстӕджы дӕргъы алы хатт дӕр раст кӕй фӕзӕгъы. Уыцы адӕймаг райсомы боныхъӕды тыххӕй цы зӕгъа, уымӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъус ӕрдардзынӕ. Уӕдӕ куы базонай, Хуыцау-иу цы загъта, уыдӕттӕ-иу раджы заманты лыстӕг хабӕртты онг кӕй сӕххӕст сты, уӕд дӕ бафӕнддзӕн базонын, фидӕны тыххӕй та цы зӕгъы, уый.

Рагон Ниневийы къул цалцӕггондӕй

СТЫР ГОРӔТ ПЫРХГОНД ӔРЦЫД.

Зӕгъӕм, чидӕр загъта, цалдӕр ӕнусы дӕргъы адӕмы историйыл тынг чи ӕндӕвта, уыцы стыр горӕт тагъд пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Раст ахӕм пехуымпарад загъта горӕт Ниневийы тыххӕй Хуыцауы минӕвӕрттӕй иу (Софони 2:13–15). Историктӕ та цы зӕгъынц? Нӕ эрӕйы размӕ 7 ӕнусы, Хуыцау ацы пехуымпарад куы загъта, уымӕй иу-15 азы фӕстӕдӕр, вавилойнӕгтӕ ӕмӕ мидиӕгтӕ Ниневимӕ бабырстой ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау загъта, Ниневи «ӕдзӕрӕг ӕмӕ хус бӕстӕ фестын кӕндзынӕн», зӕгъгӕ. Цымӕ йӕ ныхас сӕххӕст? О. Горӕт ӕмӕ, йӕ алыварс цы хъӕутӕ уыд, уыдон иу-500 квадратон километры кӕй ахстой, уымӕ гӕсгӕ исчи ахъуыды кодтаид, зӕгъгӕ, знӕгтӕ горӕтыл бацауӕрддзысты, цӕмӕй дзы исты хуызы спайда кӕной. Фӕлӕ дзы уыдон дур дурыл нал ныууагътой. Цымӕ хабӕрттӕ куыд рауайдзысты, уый афтӕ бӕлвырд аналитиктӕй рагацау искӕй бон зӕгъын уыдаид?

ПАДДЗАХ СБӔРЗОНД, ФӔЛӔ УЫЙ БИРӔ НӔ АХАСТА.

Ахӕм ныфсджын чи разындаид, цӕмӕй 200 азы раздӕр фехъусын кодтаид, иу нӕлгоймаг йӕ адӕмимӕ дунеон паддзахад кӕй бацахсдзӕн ӕмӕ фӕстӕдӕр та йӕ паддзахад цыппар дихы кӕй фӕуыдзӕн? Цы загъта, уый куы сӕххӕст уыдаид, уӕд йӕ ном дардыл айхъуыстаид. Данел, Хуыцауы минӕвар, рагацау загъта, Греци цыбыр рӕстӕгмӕ Мидо-Персийы дунеон паддзахадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, Грецийы паддзах куы «схъомысджын» уа, уӕд йӕ паддзахад кӕй «асӕтдзӕн». Данел ныффыста: «Рацӕудзӕн цыппар паддзахады, фӕлӕ уыдонмӕ, уымӕ цы тых уыд, ахӕм тых нӕ уыдзӕн» (Данел 8:5–8, 20–22). Данел ацы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй 200 азы фӕстӕ Грецийы паддзах сси Македойнаг Алыксандр. Хабар рауад, пехуымпар куыддӕриддӕр загъта, афтӕ: Алыксандр Мидо-Персийы паддзахад бацахста ӕмӕ Грецийы зӕххытыл ахӕцыд суанг цӕугӕдон Инды онг (абон ис Пакистаны зӕххыл). Фӕлӕ 32-аздзыдӕй ӕвиппайды куы амард, уӕд йе ’фсады цыппар фӕтӕджы паддзахад цыппар дихы акодтой – Хуыцау куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Цымӕ ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ рагацау зӕгъын кӕй бон бауыдаид?

Вавилон куыд бацахсдзысты, уый Хуыцауы пехуымпартӕ лыстӕг хабӕртты онг загътой

ПАДДЗАХАДӔН ЙӔ КӔРОН ӔРЦЫД.

Куыд диссаг уыдаид, исчи рагацау куы загътаид, хъомысджын дунеон паддзахад чи бацахсдзӕн, уыцы нӕлгоймаджы ном (уымӕй дӕр йӕ райгуырдӕй бирӕ раздӕр), стӕй ма куы загътаид, куыд ӕй бацахсдзӕн, уый дӕр. Хуыцау фехъусын кодта, Кир кӕй басӕтдзӕн ӕнӕхъӕн адӕмыхатт. Кир ма хъуамӕ ссӕрибар кодтаид, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгты ӕмӕ сын сӕ сыгъдӕг кувӕндон сцалцӕг кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау рагацау загъта, Кир горӕты цӕугӕдӕттӕ кӕй басур кӕндзӕн ӕмӕ, цӕмӕй горӕт ӕнцон бацахсӕн уа, уый тыххӕй йӕ кулдуар гомӕй кӕй баззайдзӕн (Исай 44:27–45:2). Уыцы пехуымпарады цы бирӕ лыстӕг хабӕртты кой ис, уыдон цымӕ сӕххӕст сты? Историктӕ зӕгъынц, Кир кӕй бацахста Вавилонийы сӕйраг горӕт Вавилон, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕхъӕн паддзахадӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд. Киры ӕфсад стыр диссаг сарӕзта: Вавилоны цӕугӕдон ӕндӕрырдӕм аздӕхта ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, цӕугӕдӕттӕ басур сты. Уымӕй диссагдӕр та уыд, горӕты кулдуар гомӕй кӕй баззад, ӕмӕ ӕфсад мидӕмӕ уый уылты кӕй бацыд. Уый фӕстӕ Кир дзуттӕгты ссӕрибар кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Иерусалимы Хуыцауы кувӕндон сцалцӕг кодтаиккой. Уый стыр диссаг уыд, уымӕн ӕмӕ Кир дзуттӕгты Хуыцауӕн нӕ куывта (Ездрӕ 1:1–3). Хуыцауы йеддӕмӕ уыцы лыстӕг хъуыддӕгтӕ рагацау базонын йӕ бон кӕмӕн бауыдаид?

Хуыцау-иу рагацау цы загъта, уыдӕттӕ-иу кӕй сӕххӕст сты, уымӕн ӕрхастам ӕрмӕстдӕр ӕртӕ цӕвиттоны. Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ тынг бирӕ сты. Дзуттӕгты разамонӕг Йесо Навин адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта, иууылдӕр цы зыдтой, уый: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йесо Навин 23:1, 2, 14). Адӕмӕн сӕ бон афтӕ зӕгъын нӕ уыд, ӕмӕ сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ сын рагацау цы загъта, уыдӕттӕ нӕ сӕххӕст сты. Фӕлӕ Хуыцауӕн уый йӕ бон цӕй фӕрцы у? Хуыцауы пехуымпарӕдтӕ адӕмы ныхӕстимӕ абарӕн дӕр нӕй. Уый зонын тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта, тагъд стыр диссӕгтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уыдон, ӕнӕмӕнгӕй, фӕзындзысты дӕуыл дӕр.

ХУЫЦАУЫ ПЕХУЫМПАРӔДТӔ АДӔМЫ НЫХӔСТИМӔ АБАРӔН НӔЙ

Адӕм фидӕны тыххӕй цы фӕдзурынц, уый арӕзт вӕййы, ахуыргӕндтӕ цы раиртӕстой, уыдӕттыл, цавӕрдӕр хабӕрттыл кӕнӕ та, йӕхи дӕсны чи хоны, уыдоны мӕнг ныхӕстыл. Фидӕны тыххӕй исты куы фӕзӕгъынц, уӕд уый фӕстӕ сбадынц ӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, цы загътой, уый сӕххӕст уыдзӕн ӕви нӕ (Ӕмбисӕндтӕ 27:1).

Адӕмӕй уӕлдай Хуыцау алцыдӕр зоны. Адӕм куыд конд сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕ цӕмӕ здӕхт у, уый ӕмбары, ӕмӕ йӕ куы бафӕнда, уӕд рагацау базондзӕн, цавӕрдӕр адӕймаг кӕнӕ та суанг ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕ дӕр исты бӕлвырд уавӕры сӕхи куыд дардзысты, уый. Фӕлӕ Хуыцауӕн йӕ бон ноджы фылдӕр у. Йӕ бон у хабӕрттӕ афтӕ фӕзилын, цӕмӕй, цы загъта, уый сӕххӕст уа. Хуыцау зӕгъы: «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ мӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, цы мӕ фӕнды, уый» (Исай 55:11). Хуыцауы пехуымпарӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты хъусинӕгты хуызӕн. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзысты.

ДӔ ФИДӔН

Цымӕ дӕу ӕмӕ дӕ хиуӕтты фидӕны тыххӕй ӕцӕг хабӕрттӕ кӕцӕй ис базонӕн? Тыхдымгӕ кӕй уыдзӕн, уый рагацау куы зонай, уӕд исты сараздзынӕ, цӕмӕй дӕ цард бахъахъхъӕнай. Библийы пехуымпарӕдтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. Хуыцау зӕгъы, тагъд ӕнӕхъӕн дунейы дӕр стыр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. (Кӕс рамкӕ «Хуыцау фидӕны тыххӕй цы зӕгъы»). Хуыцау фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый тынг хицӕн кӕны, эксперттӕ кӕй хонынц, уыдон цы дзурынц, уымӕй.

Чи зоны, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ, ацы дунейы истори цӕмӕй фӕуыдзӕн, уый бӕрӕг у. Уыцы истори фыст ӕрцыд ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уый зын базонӕн нӕу. Хуыцау зӕгъы: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый... Ӕз зӕгъын: „Цы уынаффӕ рахастон, уый сӕххӕст уыдзӕн, цыдӕриддӕр мӕ фӕнды – сараздзынӕн ӕй“» (Исай 46:10). Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрс, фидӕны хабӕртты тыххӕй Библийы цы фыст ис. Уыдон дӕснытӕ не сты, сӕ хъустыл цавӕрдӕр хъӕлӕстӕ нӕ уайы кӕнӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый диссаджы хуызы нӕ базонынц. Уыдон ахуыр кӕнынц Библи ӕмӕ дын сӕ бон у радзурын, Хуыцау адӕмӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы хорздзинӕдты тыххӕй.